Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

103 СӔР

Кувӕндон ногӕй ссыгъдӕг кодта

Кувӕндон ногӕй ссыгъдӕг кодта

МАТФЕЙЫ 21:12, 13, 18, 19 МАРЧЫ 11:12–18 ЛУКАЙЫ 19:45–48 ИОАННЫ 12:20–27

  • ЙЕСО ЛЕГЪУИБӔЛАС РАЛГЪЫСТА ӔМӔ КУВӔНДОН ССЫГЪДӔГ КОДТА

  • ЙЕСОЙЫ ХЪӔУЫ АМӔЛЫН, ЦӔМӔЙ БИРӔТӔ ЦӔРОЙ

Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерихонӕй Вифанимӕ куы ’рцыдысты, уӕд дзы фесты ӕртӕ ӕхсӕвы. Ӕмӕ ныр, 10 нисаны къуырисӕры, райсомӕй раджы Иерусалиммӕ араст сты. Йесо ӕххормаг уыди, ӕмӕ фӕндагыл легъуибӕлас куы федта, уӕд ӕм фездӕхт. Фӕлӕ йыл цымӕ легъуитӕ уыди?

Уӕд уыди мартъийы кӕрон, легъуитӕ та июнмӕ дӕр не сцӕттӕ вӕййынц. Фӕлӕ бӕлас раджы ракъуыбыр кодта ӕмӕ сыфтӕр ракалдта. Уымӕ гӕсгӕ Йесо ахъуыды кодта, зӕгъгӕ йыл, чи зоны, фыццаг легъуитӕ ис. Фӕлӕ йыл иу легъуи дӕр не ссардта. Бӕлас сыфтӕр ракалдта, ӕмӕ уымӕй адӕймаджы цӕст сайдта. Ӕмӕ уӕд Йесо загъта: «Дӕ дыргъӕй дын макуыуал мачи бахӕрӕд» (Марчы 11:14). Гъемӕ бӕлас ӕвиппайды хус кӕнын райдыдта. Уый цӕуыл дзурӕг уыди, уый ахуыргӕнинӕгтӕ базыдтой иннӕ райсом.

Уӕдмӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иерусалиммӕ бахӕццӕ сты. Ӕмӕ Йесо кувӕндонмӕ бацыд. Уый размӕ бон дӕр уыди уым ӕмӕ дзы изӕрӕй алцӕуыл дӕр йӕ цӕст ахаста. Фӕлӕ ныр ууыл не ’рлӕууыд. Ӕртӕ азы размӕ, н. э. 30 азы Куадзӕны рӕстӕг, куыд бакодта, ныр дӕр та афтӕ бакодта (Иоанны 2:14–16). Ӕрмӕст ацы хатт кувӕндонӕй ратардта, «уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй» дзы чи уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Уымӕй уӕлдай, «ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта се стъӕлттӕ, бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн та – сӕ бандӕттӕ» (Марчы 11:15). Стӕй никӕй уагъта, цӕмӕй кувӕндоны кӕрты уылты истытӕ хастаиккой. Горӕты иннӕ хаймӕ ууылты фӕндаг цыбырдӕр уыди, ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ адӕм сӕ хӕссинӕгтӕ ууылты хастой.

Кувӕндоны ӕхцатӕ чи ивта ӕмӕ фос чи уӕй кодта, уыдонмӕ Йесо афтӕ тынг цӕмӕн смӕсты? Йӕхӕдӕг ӕй бамбарын кодта: «Афтӕ фыст нӕу: „Мӕ хӕдзар мын хондзысты кувӕн хӕдзар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр“? Сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат» (Марчы 11:17). Цымӕ сӕ абырджытӕ цӕмӕн схуыдта? Уымӕн ӕмӕ-иу нывонд ӕрхӕссынӕн фос балхӕнын кӕй хъуыди, уыдонӕн сӕ туджы аргъӕй уӕй кодтой. Ӕмӕ адӕмы кӕй стыгътой, уымӕ гӕсгӕ Йесойы цӕсты абырджытӕй уӕлдай нӕ уыдысты.

Йесо кувӕндоны цы бакуыста, уый сауджынты хистӕртӕ, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ дзырддзӕугӕ лӕгтӕ, ай-гъай дӕр, фехъуыстой. Ӕмӕ загътой, афтӕ ныууадзӕн ӕй нал ис, амарын ӕй хъӕуы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ куыд амардтаиккой, уымӕн ницы фадат ардтой, уымӕн ӕмӕ адӕм ӕдзух йӕ алыварс уыдысты ӕмӕ йӕм зыдӕй хъуыстой.

Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ Хуыцауӕн кувынмӕ ӕрмӕст дзуттӕгтӕ не ’рцыдысты, фӕлӕ ма, ӕндӕр адӕмтӕй дзуттаг дин чи райста, уыдон дӕр. Се ’хсӕн уыди грекъӕгтӕ дӕр. Гъемӕ уыцы грекъӕгтӕ Филипмӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой, зӕгъгӕ нӕ Йесойы фенын фӕнды. Уымӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй бацыдысты, ӕмӕ йын грекъаг ном уыди. Чи зоны, Филипп дызӕрдыг кодта, Йесомӕ фӕдзура ӕви нӕ. Ӕмӕ хабар Андрейӕн бамбарын кодта. Йесо, ӕвӕццӕгӕн, нырма кувӕндоны уыди, ӕмӕ йӕм дыууӕйӕ уырдӕм ацыдысты ӕмӕ йын рахабар кодтой, грекъӕгты дӕ фенын фӕнды, зӕгъгӕ.

Йесойы мӕлӕтмӕ цалдӕр боны йеддӕмӕ нал хъуыди. Ӕмӕ ныр уый рӕстӕг нӕ уыди, цӕмӕй, цымыдис адӕмы цы фӕндыд, уый арӕзтаид кӕнӕ йӕхицӕн сӕ цӕсты ном кодтаид. Йесо йӕ апостолтӕн ӕрхаста ахӕм цӕвиттон: «Ӕрхӕццӕ уыцы сахат, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт скадджын уыдзӕн. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: мӕнӕуы нӕмыг зӕххы куы нӕ ныххауа ӕмӕ куы нӕ бамбийа, уӕд афтӕ иу нӕмыгӕй баззайдзӕн. Куы бамбийа [«куы амӕла», фиппаинаг], уӕд та ӕрхӕсдзӕн бирӕ тыллӕг» (Иоанны 12:23, 24).

Иу мӕнӕуы нӕмыг ницы ахады. Фӕлӕ йӕ зӕххы куы ныппарай, ӕмӕ уым куы «амӕла», уӕд билцъ рауадздзӕн ӕмӕ дзы стӕй нӕмгуытӕй йедзаг ӕфсир сырӕздзӕн. Афтӕ Йесо дӕр уыди иу адӕймаг – алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг. Фӕлӕ Хуыцауыл мӕлӕты онг иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы ӕнусон цардӕй схайджын уыдзысты бирӕтӕ – Хуыцауӕн уыйау удуӕлдайӕ чи лӕггад кӕны, уыдон. Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Йӕ уд чи уарзы, уый йӕ сафгӕ кӕны, йӕ удӕй ацы дунейы йе сӕфт чи уыны, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн ӕнусон цардӕн» (Иоанны 12:25).

Йесо ацы ныхӕстӕ куы дзырдта, уӕд ӕрмӕст йӕхи кой нӕ кодта. Дарддӕр афтӕ загъта: «Кӕд искӕй мӕнӕн лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд мӕ фӕдыл цӕуӕд, ӕмӕ, ӕз кӕм уон, уым уыдзӕн мӕ лӕггадгӕнӕг дӕр. Мӕнӕн чи лӕггад кӕна, уымӕн мӕ Фыд скад кӕндзӕн» (Иоанны 12:26). Уымӕй стырдӕр хӕрзиуӕг ма цы хъуамӕ уа! Фыд кӕмӕн скад кӕндзӕн, уыдон уӕларвон Паддзахады Чырыстиимӕ иумӕ паддзӕхтӕ уыдзысты.

Йесойӕн йӕ хъуыдыйӕ нӕ хицӕн кодта, фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ йӕм хъизӕмайраг мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уый. Ӕмӕ загъта: «Ныр мӕ уд катай кӕны, ӕмӕ цы зӕгъон? Мӕ Фыд, фервӕзын мӕ кӕн, ацы сахат мӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй». Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ Йесо уымӕ бӕллыд, цӕмӕй йӕ Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнын мауал бахъуыдаид. Дарддӕр загъта: «Уӕвгӕ, ӕз цӕугӕ дӕр ацы фӕлварӕны тыххӕй ӕркодтон» (Иоанны 12:27). Йесо разы уыд, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕнд кодта, ууыл. Разы уыд йӕ цард нывондӕн ӕрхӕссыныл дӕр.