Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

107 СӔР

Паддзах фӕдзырдта, чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи уыд, уыдонмӕ

Паддзах фӕдзырдта, чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи уыд, уыдонмӕ

МАТФЕЙЫ 22:1–14

  • ФӔСНОМЫГ НЫХАС ЧЫНДЗӔХСӔВЫ ТЫХХӔЙ

Йесойӕн зӕххыл йӕ лӕггад йӕ кӕронмӕ куыд хӕстӕгдӕр кодта, афтӕ дарддӕр фӕсномыг ныхӕсты фӕрцы чиныджыдӕсныты ӕмӕ сауджынты хистӕрты ӕцӕг цӕсгом ӕргом кодта. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй амарынвӕнд скодтой (Лукайы 20:19). Йесо уымӕй нӕ фӕтарст, фӕлӕ ма сын ноджыдӕр иу фӕсномыг ныхас радзырдта:

«Уӕларвон паддзахад абарӕн ис, йӕ лӕппуйӕн чындзӕхсӕв чи кодта, ахӕм паддзахимӕ. Паддзах йӕ цагъарты арвыста, цӕмӕй, чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи уыд, уыцы адӕммӕ фӕдзырдтаиккой, фӕлӕ уыдоны нӕ бафӕндыд ӕрбацӕуын» (Матфейы 22:2, 3). Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы «уӕларвон паддзахады» кой кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ «паддзах» Йегъовӕ Хуыцауы йеддӕмӕ чи хъуамӕ уа. Фӕлӕ чи у паддзахы фырт, стӕй чындзӕхсӕвмӕ хуынд адӕм та чи сты? Уый дӕр зын бамбарӕн нӕу. Паддзахы фырт у Йегъовӕйы Фырт – фӕсномыг ныхас чи дзырдта, уый. Хуынд адӕм та сты, йӕ Фыртимӕ уӕларвон Паддзахады чи хъуамӕ уа, уыдон.

Чи сты, фыццаг кӕй фӕхуыдтой, уыдон? Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕмӕн хъусын кодтой? Дзуттӕгтӕн (Матфейы 10:6, 7; 15:24). Н. э. размӕ 1513 азы дзуттӕгтӕ сразы сты Моисейы закъонимӕ баст бадзырд ӕххӕст кӕныныл, ӕмӕ афтӕмӕй фыццаг уыдонӕн лӕвӕрд ӕрцыд уый фадат, цӕмӕй «сауджынты паддзахад» суыдаиккой (Рацыд 19:5–8). Фӕлӕ сӕ «чындзӕхсӕвмӕ» кӕд фӕхуыдтой? Уый уыди н. э. 29 азы, Йесо уӕларвон Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд.

Цымӕ израилӕгтӕн сӕ фылдӕр уымӕ цы цӕстӕй ракастысты? Йесо куыд загъта, афтӕмӕй сӕ «нӕ бафӕндыд ӕрбацӕуын». Дины разамонджытӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ баууӕндыдысты, Йесо Мессийӕ ӕмӕ Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах кӕй у, ууыл.

Фӕлӕ дарддӕр Йесо бамбарын кодта, дзуттӕгтӕн ма ноджыдӕр иу фадат лӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн. Уый загъта: «Уӕд та [паддзах] арвыста ӕндӕр цагъарты, зӕгъгӕ, хуынд адӕмӕн зӕгъут: „Фынгтӕ ӕвӕрд сты, аргӕвстон галтӕ ӕмӕ хаст фос. Ӕппӕт дӕр цӕттӕ у. Рацӕут чындзӕхсӕвмӕ“. Фӕлӕ сын уыдон сӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой, ӕмӕ сӕ чи йӕ хуыммӕ ацыд, чи та – базары хъуыддӕгты фӕдыл. Иннӕтӕ та йын йӕ цагъарты ӕрцахстой, фӕнадтой сӕ ӕмӕ сӕ амардтой» (Матфейы 22:4–6). Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад, чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд. Уыцы рӕстӕджы ма дзуттӕгтӕн уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуыны фадат уыди, фӕлӕ сӕ фылдӕры уӕддӕр нӕ бафӕндыд. Уый нӕ, фӕлӕ ма «паддзахы цагъартӕн» сӕ фӕдыл дӕр зылдысты (Хъуыддӕгтӕ 4:13–18; 7:54, 58).

Уый тыххӕй дзуттаг адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ каст? Йесо загъта: «Паддзах смӕсты, уыцы лӕгмартӕм йе ’фсӕдтӕ арвыста, ӕмӕ сӕ ныццагътой, сӕ горӕт та сын басыгътой» (Матфейы 22:7). Уый дзуттӕгтӕ сӕхиуыл бавзӕрстой н. э. 70 азы. Уыцы аз сын ромӕгтӕ «сӕ горӕт», ома Иерусалим, ныппырх кодтой.

Дзуттӕгты ӕрбацӕуын кӕй нӕ бафӕндыд, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕндӕр никӕйуал фӕхуыдтой? Фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ уый афтӕ нӕ уыд. Йесо дарддӕр радзырдта: «Уый фӕстӕ [паддзах] йӕ цагъартӕн загъта: „Чындзӕхсӕвы фынгтӕ цӕттӕ сты, фӕлӕ хуынд адӕм аккаг нӕ разындысты. Уӕдӕ ацӕут, горӕтӕй цы фӕндӕгтӕ цӕуы, уырдӕм, ӕмӕ дзы кӕуылдӕриддӕр сӕмбӕлат,– фӕхонут сӕ чындзӕхсӕвмӕ“. Цагъартӕ дӕр фӕндӕгтӕм рацыдысты ӕмӕ кӕуыл сӕмбӕлдысты, уыдоны се ’ппӕты дӕр, ӕвзӕрты дӕр ӕмӕ хӕрзты дӕр, ӕрӕмбырд кодтой. Ӕмӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уыцы уаты фынгтӕ адӕмӕй байдзаг сты» (Матфейы 22:8–10).

Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, фӕстӕдӕр апостол Петр ӕххуыс кӕнын райдыдта ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн, цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ суыдаиккой. Уыцы адӕмтӕ дзуттӕгтӕ нӕ уыдысты, стӕй – дзуттаг дин чи райста, ахӕмтӕ дӕр. Н. э. 36 азы Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ромаг ӕфсӕддон хицау Корнилий ӕмӕ йӕ бинонтӕ, ӕмӕ сын фадат фӕзынд, цӕмӕй, Йесо кӕй кой кодта, уыцы уӕларвон Паддзахадмӕ бацыдаиккой (Хъуыддӕгтӕ 10:1, 34–48).

Фӕлӕ, чындзӕхсӕвмӕ чи ’рбацыд, уыдон се ’ппӕт «паддзахы» хорзӕх не ссардтой. Йесо загъта: «Паддзах йӕ уазджыты фенынмӕ куы бацыд, уӕд дзы йӕ цӕст ӕрхӕцыд, чындзӕхсӕвы дарӕс кӕуыл нӕ уыд, ахӕм адӕймагыл. Ӕмӕ йӕ бафарста: „Хорз лӕг, чындзӕхсӕвы дарӕс дыл куы нӕй, уӕд ардӕм куыд ӕрбацыдтӕ?“ Лӕгӕн йӕ дзыхӕй сыбыртт дӕр не схауд. Ӕмӕ уӕд паддзах йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: „Йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ сбӕттут ӕмӕ йӕ ӕддӕмӕ, талынгмӕ аппарут. Уырдыгӕй цӕудзӕн йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ хъӕрзын“. О, хуынд адӕм бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ та – гыццыл» (Матфейы 22:11–14).

Йесомӕ чи хъуыста, уыцы дины разамонджытӕ, фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны кӕнӕ кӕмӕ хауы, уый, чи зоны, нӕ бамбӕрстой. Фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцыдысты, уый бӕлвырд уыд. Ныры хуызӕн ӕм никуы смӕсты сты ӕмӕ сӕхицӕн загътой, ахӕм ӕгады бынаты сӕ чи ӕвӕры, уымӕй цыфӕндыйӕ дӕр кӕй хъуамӕ фервӕзой.