Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

111 СӔР

Апостолтӕ Йесойы фӕрсынц йе ’рцыды тыххӕй

Апостолтӕ Йесойы фӕрсынц йе ’рцыды тыххӕй

МАТФЕЙЫ 24:3–51 МАРЧЫ 13:3–37 ЛУКАЙЫ 21:7–38

  • ЦЫППАР АХУЫРГӔНИНАДЖЫ ЙЕСОЙЫ ФӔРСЫНЦ ЙЕ ’РЦЫДЫ ТЫХХӔЙ

  • ЙЕСОЙЫ НЫХӔСТӔ СӔХХӔСТ СТЫ ФЫЦЦАГ ӔНУСЫ ӔМӔ МА УЫЙ ФӔСТӔ ДӔР

  • ХЪУАМӔ УӔМ КЪӔРЦХЪУС

Уыди дыццӕг, фӕссихор, 11 нисанӕй бирӕ нал баззад. Сӕ кӕронмӕ фӕцӕйхӕццӕ кодтой Йесойӕн зӕххыл йӕ удуӕлдай лӕггады бонтӕ дӕр. Бонӕй-иу кувӕндоны адӕмы ахуыр кодта, ӕхсӕв та-иу горӕты ӕдде арвыста. Адӕм ӕм алкӕддӕр ӕхсызгонӕй хъуыстой, ӕмӕ-иу «райсомӕй раджы кувӕндонмӕ йӕ ныхӕстӕм байхъусынмӕ ӕрбацыдысты» (Лукайы 21:37, 38). Фӕлӕ ныр уыдӕттӕ иууылдӕр фӕстейӕ баззадысты. Йесо йӕ цыппар апостолимӕ – Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоаннимӕ – бадт Оливӕбӕлӕсты хохыл.

Уыцы цыппар ахуыргӕнинаджы йӕм хибарӕй бацыдысты. Гыццыл раздӕр сын Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, кувӕндонӕй дур дурыл нал баззайдзӕн, уый сӕ мӕты бафтыдта. Фӕлӕ сӕ хъуыдытӕ ӕрмӕст ууыл нӕ уыдысты. Уымӕй размӕ сын Йесо ныффӕдзӕхста: «Уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Лукайы 12:40). Стӕй ма сын дзырдта, «Адӕймаджы Фырт куы фӕзына, уыцы боны» тыххӕй дӕр (Лукайы 17:30). Цымӕ уыцы ныхӕстӕ, гыццыл раздӕр сын кувӕндоны тыххӕй цы загъта, уыимӕ исты хуызы баст уыдысты? Апостолтӕ тынг сцымыдис сты ӕмӕ йӕм бахатыдысты: «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, стӕй, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?» (Матфейы 24:3).

Ӕвӕццӕгӕн, кувӕндон пырхгонд кӕд ӕрцӕудзӕн, уый кой кодтой, уымӕн ӕмӕ йӕ куыд бамбӕрстой, афтӕмӕй уыцы хабар хъуамӕ тагъд рӕстӕджы ӕрцыдаид. Стӕй ма йӕ бафарстой Адӕймаджы Фырты ӕрцыды тыххӕй дӕр. Чи зоны, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесо сын, «кадджын мыггагӕй чи уыд, иу ахӕм лӕджы» тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый. Уыцы лӕг ацыди «дард бӕстӕм, цӕмӕй паддзахы бартӕ райстаид ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаид» (Лукайы 19:11, 12). Ахуыргӕнинӕгтӕ ма хъуыды кодтой, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» куыд ӕрцӕудзӕн, ууыл дӕр.

Йесо сын сӕ фарстайӕн дзуапп уӕлӕнгӕйтты нӕ радта. Дзуттаг цардӕвӕрдӕн, ӕмӕ Иерусалимы кувӕндонӕн дӕр, йӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн, уый цавӕр хабӕрттӕй бӕрӕг уыдзӕн, уыдон сын лыстӕггай фӕдзырдта. Фӕлӕ Йесо, йӕ фӕдылдзӕуджытӕй уыцы рӕстӕджы чи цард, ӕрмӕст уыдоныл нӕ хъуыды кодта. Цы хабӕрттӕ ранымадта, уыдоны фӕрцы чырыстӕттӕн фидӕны сӕ бон бамбарын уыдаид, «йе ’рцыды» рӕстӕджы кӕй цӕрынц ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у.

Азтӕ куыд цыдысты, афтӕ апостолтӕ сӕхи цӕстӕй уыдтой, Йесойы пехуымпарад куыд ӕххӕст кодта, уый. Йесо цы хабӕртты кой кодта, уыдонӕй бирӕтӕ сӕ рӕстӕджы райдыдтой цӕуын. Уымӕ гӕсгӕ 37 азы фӕстӕдӕр, н. э. 70 азы, чи цард ӕмӕ къӕрцхъус чи уыд, уыцы чырыстӕттӕ цӕттӕ уыдысты, дзуттӕгты цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд ӕмӕ кувӕндон пырхгонд кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕ. Фӕлӕ, Йесо цы хабӕртты кой ракодта, уыдон се ’ппӕт н. э. 70 азы кӕнӕ уый размӕ не ’рцыдысты. Уӕдӕ Йесойӕн йе ’рцыд, ома паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый та цӕмӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг? Йесо йӕ апостолтӕн уый дӕр раргом кодта.

Загъта сын, зӕгъгӕ, «хъусдзыстут хӕстыты кой хӕстӕг ӕмӕ дард рӕттӕй» ӕмӕ «иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ» (Матфейы 24:6, 7). Ноджыдӕр ма загъта, кӕй «уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕмӕ-иу куы иу ран, куы иннӕ ран сыстдзӕн фыднизтӕ ӕмӕ адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (Лукайы 21:11). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ уӕ адӕм «ахсдзысты ӕмӕ уӕ фӕдыл зилдзысты» (Лукайы 21:12). Фӕзындзӕн мӕнг пехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. Фыдхъуыддӕгтӕ сарӕх уыдзысты, ӕмӕ уый аххосӕй бирӕтӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн. Йесо ма ноджыдӕр загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14).

Уыцы пехуымпар-ныхӕстӕй иуӕй-иутӕ сӕххӕст сты, ромӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уыцы рӕстӕджы ӕмӕ уый размӕ. Фӕлӕ, мыййаг, Йесо уый кой дӕр нӕ кодта, ӕмӕ ма уыцы ныхӕстӕ фӕстӕдӕр ноджыдӕр иу хатт кӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой, ӕрмӕст уӕд та – ӕнӕхъӕн дунейы дӕр? Йесо цы ахсджиаг пехуымпарад загъта, уый сӕйраджыдӕр абон кӕй ӕххӕст кӕны, уый дӕхи цӕстӕй нӕ уыныс?

Йесойы ӕрцыд цы хабӕрттӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг, уыдонӕй иу уыди, «бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъагдзинад» кӕй хъуамӕ фӕзындаид, уый (Матфейы 24:15). Н. э. 66 азы уыцы ӕлгъагдзинад уыдысты Ромы «ӕфсӕдтӕ», кӕмӕн табу кодтой, уыцы тырысатимӕ. Уыдон Иерусалимыл ӕртыхстысты ӕмӕ йын йӕ къулты бын бакъахтой (Лукайы 21:20). Афтӕмӕй «ӕлгъагдзинад» лӕууыди, кӕм не ’мбӕлд, уыцы ран – дзуттӕгтӕ «сыгъдӕг бынатыл» цы нымадтой, уым.

Дарддӕр Йесо загъта: «Уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх – нӕ уыди, ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн». Н. э. 70 азы ромӕгтӕ Иерусалим ныппырх кодтой. Ӕмӕ дзуттӕгты «сыгъдӕг горӕтӕй» дӕр ӕмӕ йӕ кувӕндонӕй дӕр дур дурыл нал баззад. Уый ӕцӕгдӕр стыр бӕллӕх уыди. Уӕд сӕдӕгай минтӕ фӕцагъды сты (Матфейы 4:5; 24:21). Иерусалим уӕд куыд ныппырх кодтой, афтӕ никуы, ӕмӕ дзуттаг адӕмыл дӕр ахӕм стыр бӕллӕх уымӕй размӕ никуы ӕрцыд. Уӕд кӕрон ӕрцыд, дзуттӕгтӕ ӕнусты дӕргъы Хуыцауӕн цы фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куывтой, уымӕн дӕр. Уӕдӕ Йесойы ныхӕстӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр куы сӕххӕст уой, уӕд уый дӕр уыдзӕн, адӕймаджы хъуын арц кӕмӕй слӕууы, ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх.

ФӔСТАГ БОНТЫ НЫФСДЖЫН СТӔМ

Йесо, паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цавӕр хабӕрттӕй уыдзӕн бӕрӕг, уый тыххӕй йӕ апостолтимӕ ныхас нӕма фӕци. Ныр та сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй «мӕнг Чырыститӕ ӕмӕ мӕнг пехуымпарты» фӕдыл ма ацыдаиккой. Куыд сын загъта, афтӕмӕй уыдон архайдзысты, цӕмӕй, «гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕвзӕрстыты дӕр асайой» (Матфейы 24:24). Фӕлӕ уыцы ӕвзӕрстыты асайын сӕ къухы нӕ бафтдзӕн. Мӕнг Чырыститы-иу адӕм цӕстӕй уындзысты. Йесойы ӕрцыд та цӕстӕй фенӕн нӕ уыдзӕн.

Ацы цардӕвӕрды кӕрон цы стыр бӕллӕх райдайдзӕн, уый кой кӕнгӕйӕ Йесо загъта: «Хур баталынг уыдзӕн ӕмӕ мӕй рухс нал кӕндзӕн, стъалытӕ арвӕй ӕрхаудзысты ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ банкъуысдзысты» (Матфейы 24:29). Апостолтӕ ацы тасӕфтауӕг ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕй нӕ зыдтой, бӕлвырдӕй цы ’рцӕудзӕн, уый. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр ӕвирхъау хабӕрттӕ кӕй цӕудзӕн, уый бӕлвырд уыд.

Цымӕ уыцы ӕвирхъау хабӕрттӕ уынгӕйӕ адӕм куыд кӕндзысты? Йесо загъта: «Адӕм фыртӕссӕй ӕмӕ, зӕххыл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ банкъуысдзысты» (Лукайы 21:26). Бӕрӕг у, Йесо ам кӕй кӕны, адӕмы историйы ӕппӕты ӕвирхъаудӕр заман цытӕ цӕудзӕн, уыдӕтты кой.

Фӕлӕ нӕ иу хъуыддаг стыр ныфс уадзы. Йесо апостолтӕн бамбарын кодта, «Адӕймаджы Фырт уӕларвон мигътыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ» куы ’рцӕуа, уӕд се ’ппӕт кӕй нӕ хойдзысты сӕ сӕртӕ (Матфейы 24:30). Гыццыл раздӕр загъта, «ӕвзӕрстыты тыххӕй» Хуыцау хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕсдзӕн (Матфейы 24:22). Ӕмӕ уӕдӕ, цы ӕвирхъау хабӕртты кой ракодта, уыдон уынгӕйӕ йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой? Йесо загъта: «Ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ цӕуын куы райдайой, уӕд-иу уӕхи сӕмраст кӕнут ӕмӕ-иу уӕ сӕртыл схӕцут, уымӕн ӕмӕ уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг» (Лукайы 21:28).

Фӕлӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй уыцы рӕстӕджы чи цӕра, уыдон куыд хъуамӕ базоной, кӕрон хӕстӕг кӕй у? Йесо сын цӕвиттонӕн ӕрхаста легъуибӕлас: «Ног къалиутӕ йыл куы рацӕуы ӕмӕ сыфтӕр куы ракалы, уӕд ӕй фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал хъӕуы. Уӕдӕ ӕппӕт адӕттӕ куы уынат, уӕд ӕй зонут: Адӕймаджы Фырт лӕууы къӕсӕрыл. Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр дӕр ма ӕрӕййафдзӕн ӕппӕт ацы хабӕрттӕ» (Матфейы 24:32–34).

Уӕдӕ Йесо цы хабӕрттӕ ранымадта, уыдон йӕ фӕдылдзӕуджытӕ куы уыной, уӕд ӕй хъуамӕ бамбарой, кӕрон хӕстӕг кӕй у. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕй уыцы диссаджы рӕстӕг чи цӕрдзӕн, уыдонӕн Йесо ахӕм уынаффӕ радта:

«Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд. Нойы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг дӕр. Доны хъаймӕты размӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ. Ӕмӕ сӕм нымады дӕр ницы уыди, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта. Раст афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг дӕр» (Матфейы 24:36–39). Йесо йӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта Доны хъаймӕт – ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр чи ’рцыд, уыцы хабар.

Оливӕбӕлӕсты хохыл Йесомӕ чи хъуыста, уыцы апостолтӕ, ай-гъай дӕр, бамбӕрстой, къӕрцхъус кӕй хъуамӕ уыдаиккой. Йесо загъта: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ма ӕрӕййафа, ӕмӕ хызы бахауӕгау ма фӕуат. Уымӕн ӕмӕ уыцы бон, зӕххы цъарыл цы адӕм цӕры, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕрӕййафдзӕн. Уӕдӕ ма бафынӕй ут. Ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа, ӕрцӕуинаг цы у, ӕппӕт уыдӕтты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын» (Лукайы 21:34–36).

Ацы ныхӕстӕй дӕр та бӕрӕг у, цы хабӕртты кой кодта, уыдон ӕрмӕст кӕмдӕр иу ран кӕй нӕ цӕудзысты. Йесо, ӕрмӕстдӕр цалдӕр дӕсазы дӕргъы, стӕй ӕрмӕстдӕр Иерусалимыл ӕмӕ дзуттаг адӕмыл чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы хабӕртты кой нӕ кодта. Уый дзырдта, «зӕххы цъарыл цы адӕм цӕры, уыдоны се ’ппӕты дӕр» чи ӕрӕййафдзӕн, уыцы хабӕртты тыххӕй.

Йесо загъта, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ ма бафынӕй уой, ӕдзухдӕр уой къӕрцхъус ӕмӕ цӕттӕ. Уый ахсджиаг цӕмӕн у, уый сын бамбарын кодта ӕндӕр цӕвиттоны фӕрцы: «Иу хъуыддаг зонут: хӕдзары хицау, давӕг сӕм ӕхсӕвы цы афон бацӕудзӕн, уый куы зонид, уӕд йӕ цӕстытӕ цъынд дӕр не ’ркӕнид ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзармӕ бабырын нӕ бауадзид. Афтӕ сымах дӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матфейы 24:43, 44).

Дарддӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъус ӕрдардта, ныфсджын цӕмӕн хъуамӕ уой, уымӕ. Загъта сын, йӕ пехуымпарад куы ’ххӕст кӕна, уӕд зӕххыл кӕй уыдзӕн, къӕрцхъус чи уыдзӕн ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ чи архайдзӕн, ахӕм «цагъар». Цы цӕвиттон сын ӕрхаста, уый йӕ апостолтӕ сӕ цӕстытыл ӕнцонтӕй ауайын кодтаиккой: «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакодта, цӕмӕй сын хӕринаг афоныл дӕтта? Амондджын уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау ӕй афтӕ кӕнгӕ куы ӕрӕййафа, уӕд! Ӕцӕг уын зӕгъын: цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йын йӕ бар бакӕндзӕн». Фӕлӕ уыцы «цагъар» куы сфыдзонд уа ӕмӕ иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын куы райдайа, уӕд ӕй йӕ хицау «карзӕй бафхӕрдзӕн» (Матфейы 24:45–51; абар Лукайы 12:45, 46).

Фӕлӕ Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕй иу къорд сфыдзонд уыдзӕн. Уӕдӕ йӕ уыцы фӕсномыг ныхасӕй цы зӕгъын фӕндыд? Уый йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕдзухдӕр къӕрцхъус уой ӕмӕ йӕ хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архайой. Ӕмӕ сын уый ноджы бӕлвырддӕр бамбарын кодта ӕндӕр фӕсномыг ныхасы фӕрцы.