Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

112 СӔР

Къӕрцхъус ут – фӕсномыг ныхас дӕс чызджы тыххӕй

Къӕрцхъус ут – фӕсномыг ныхас дӕс чызджы тыххӕй

МАТФЕЙЫ 25:1–13

  • ЙЕСО РАДЗЫРДТА ФӔСНОМЫГ НЫХАС ДӔС ЧЫЗДЖЫ ТЫХХӔЙ

Йесо дарддӕр дзуапп лӕвӕрдта йӕ апостолты фарстайӕн, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын ныр фӕсномыг ныхасы фӕрцы радта зондджын уынаффӕ. Уыцы фӕсномыг ныхас куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый сӕхи цӕстӕй хъуамӕ федтаиккой, йе ’рцыды рӕстӕджы чи цардаид, уыдон.

Йӕ фӕсномыг ныхас райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Уӕларвон паддзахад уыдзӕн, сиахсы размӕ ӕд цырӕгътӕ чи рацыд, ахӕм дӕс чызджы хуызӕн. Уыдонӕй фондз уыдысты ӕнӕзонд, фондз та – зондджын» (Матфейы 25:1, 2).

Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй уӕларвон Паддзахад бынӕн чи райсдзӕн, уыдонӕн се ’мбис ӕнӕзонд уыдзысты, иннӕтӕ та – зондджын. Йесо уый кой кодта, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй алкӕмӕн дӕр йӕхицӕй кӕнгӕ у, Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы къӕрцхъус уыдзӕн ӕви ӕндӕр хабӕртты фӕдыл адзӕгъӕл уыдзӕн. Фӕлӕ Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон кӕй у кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайын ӕмӕ йӕ Фыды стыр арфӕдзинӕдтӕ йӕхиуыл бавзарын.

Фӕсномыг ныхасы дӕс чызджы дӕр сиахсы размӕ рацыдысты, цӕмӕй чындзӕхсӕвмӕ йемӕ ацыдаиккой. Сиахс куы ’рхӕццӕ уыдаид ӕмӕ чындзы, цы хӕдзар ын ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм куы фӕцӕйкодтаид, уӕд ын хъуамӕ йӕ фӕндаг сӕ цырӕгътӕй рухс кодтаиккой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй кадджын кодтаиккой. Фӕлӕ хабар куыд рауад?

Йесо радзырдта: «Ӕнӕзонд чызджытӕ сӕ цырӕгътӕ рахастой, фӕлӕ семӕ сой нӕ райстой. Зондджынтӕ та сӕ цырӕгътимӕ дурынты рахастой сой дӕр. Сиахс куы нӕ ӕмӕ куы нӕ зынди, уӕд се ’ппӕтыл дӕр хуыссӕг фӕтых ӕмӕ ӕрфынӕй сты» (Матфейы 25:3–5). Сиахс, куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕ тагъд не ’рцыд. Куыд зыны, афтӕмӕй дзӕвгар рӕстӕг бафӕстиат, ӕмӕ уӕдмӕ чызджытӕ афынӕй сты. Апостолтӕн, ӕвӕццӕгӕн, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесо сын, кадджын мыггагӕй чи уыд, уыцы лӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый. Уыцы лӕг дард бӕстӕм ацыд ӕмӕ паддзахы бартӕ куы райста, уӕд фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт (Лукайы 19:11–15).

Дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы сиахс ӕппынфӕстаг куы ’рхӕццӕ, уӕд цы ’рцыд? Йесо загъта: «Ӕмбисӕхсӕв чидӕр ныхъхъӕр кодта: „Сиахс ӕрбацӕуы! Йӕ размӕ рацӕут!“» (Матфейы 25:6). Цымӕ уыцы дӕс чызджы къӕрцхъус ӕмӕ цӕттӕ разындысты?

Йесо дарддӕр загъта: «Чызджытӕ се ’ппӕт дӕр фестадысты ӕмӕ сӕ цырӕгътӕ барӕвдз кодтой. Ӕмӕ уӕд ӕнӕзонд чызджытӕ зондджынтӕм бахатыдысты: „Уӕ сойӕ-ма нын авӕрут, кӕннод нӕ цырӕгътӕ ныртӕккӕ ахуысдзысты“. Зондджын чызджытӕ та сын загътой: „Ӕмӕ уӕд нӕхи фаг дӕр куы нӕ суа ӕмӕ сымах фаг дӕр? Фӕлтау ацӕут уӕйгӕнджытӕм ӕмӕ уӕхицӕн сой балхӕнут“» (Матфейы 25:7–9).

Уӕдӕ уыцы фондз ӕнӕзонд чызджы къӕрцхъус нӕ уыдысты ӕмӕ сиахсы ӕрцыдмӕ цӕттӕ нӕ разындзысты. Сӕ цырӕгъты сой фаг нӕ уыд ӕмӕ сӕ сой искуы самал кӕнын хъуыди. Йесо радзырдта: «Цалынмӕ уыдон ӕлхӕнынмӕ цыдысты, уӕдмӕ сиахс ӕрбахӕццӕ, ӕмӕ, цӕттӕ чи уыди, уыцы чызджытӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уырдӕм йемӕ бахызтысты, ӕмӕ уый фӕстӕ дуар ӕхгӕд ӕрцыд. Уӕдмӕ иннӕ чызджытӕ дӕр ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ мидӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: „Сиахс, сиахс, дуар нын бакӕн!“ Фӕлӕ сӕм уый радзырдта: „Чи стут? Ӕз уӕ нӕ зонын“» (Матфейы 25:10–12). Куыд зынаргъ слӕууыд уыцы фондз чызгӕн, къӕрцхъус ӕмӕ цӕттӕ кӕй нӕ разындысты, уый!

Апостолтӕ йӕ куыннӕ бамбӕрстаиккой, Йесо цы сиахсы кой кодта, уый йӕхӕдӕг кӕй у. Уымӕй размӕ ма йӕхи сиахсимӕ баргӕ дӕр акодта (Лукайы 5:34, 35). Цы зӕгъӕн ис зондджын чызджытӕй та? Йесо, Паддзахад лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцӕудзӕн, уыцы «гыццыл дзуджы» кой куы кодта, уӕд ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Уӕ астӕутӕ баст уӕнт, уӕ цырӕгътӕ судзӕнт» (Лукайы 12:32, 35). Уымӕ гӕсгӕ апостолтӕ, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрстой, уыцы фӕсномыг ныхасы Йесо уыдоны хуызӕн иузӕрдион ахуыргӕнинӕгты кой кӕй кодта. Уӕдӕ Йесойы ацы фӕсномыг ныхасӕй цы зӕгъын фӕндыд?

Уый сын кӕронбӕттӕны бӕлвырд бамбарын кодта: «Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат» (Матфейы 25:13).

Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йесо йе ’рцыды кой кӕнгӕйӕ йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ. Йесо ӕнӕмӕнг хъуамӕ ӕрцыдаид, ома паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ райстаид, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр фондз зондджын чызгау хъуамӕ цӕттӕ разындаиккой ӕмӕ къӕрцхъус уыдаиккой. Уый фӕрцы, цы диссаджы ныфс сын ис, уый ӕдзух сӕ зӕрдыл дардтаиккой ӕмӕ сын Хуыцау цы хӕрзиуӕг ӕрцӕттӕ кодта, уымӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдаиккой.