Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

113 СӔР

Ӕнӕзивӕг ут – фӕсномыг ныхас талантты тыххӕй

Ӕнӕзивӕг ут – фӕсномыг ныхас талантты тыххӕй

МАТФЕЙЫ 25:14–30

  • ЙЕСО РАДЗЫРДТА ФӔСНОМЫГ НЫХАС ТАЛАНТТЫ ТЫХХӔЙ

Йесо йӕ цыппар апостолимӕ Оливӕбӕлӕсты хохыл куы бадти, уӕд ма сын ноджыдӕр иу фӕсномыг ныхас радзырдта. Цалдӕр боны размӕ Иерихоны куы уыдысты, уӕд сын радзырдта минӕты тыххӕй фӕсномыг ныхас ӕмӕ сын уый фӕрцы бамбарын кодта, Хуыцауы Паддзахад нырма тагъд кӕй не ’рцӕудзӕн. Ӕмӕ сын ныр цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕн дӕр йӕ хъуыды ахӕм у. Уый дӕр радзырдта, йӕ апостолтӕ йӕ, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, зӕгъгӕ, кӕй бафарстой, уымӕ гӕсгӕ. Ацы фӕсномыг ныхасӕй йӕ зӕгъын фӕндыд, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕй хъуамӕ архайой ӕмӕ сын сӕ бар цы бакодта, уый кӕй хъуамӕ фылдӕр кӕной.

Йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Уӕларвон паддзахад ма абарӕн ис, ӕндӕр бӕстӕм чи цыди, иу ахӕм лӕг куыд бакодта, уыимӕ. Уыцы лӕг йӕ цагъарты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уый сын сӕ бар бакодта» (Матфейы 25:14). Йесо ма уый размӕ дӕр йӕхи абарста, дард бӕстӕм «паддзахы бартӕ райсынмӕ» чи ацыд, ахӕм лӕгимӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ апостолтӕн зын бамбарӕн нӕ уыдаид, ацы фӕсномыг ныхасы цы «лӕджы» кой цӕуы, уый дӕр Йесо кӕй у (Лукайы 19:12).

Уыцы лӕг цалынмӕ дард бӕстӕм нӕ ацыд, уӕдмӕ йӕ исбон йӕ цагъарты бар бакодта. Ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕджы дӕргъы Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр уыцы хъуыддагмӕ цӕттӕ кодта. Ныр хъуамӕ ацыдаид, ӕмӕ йӕ фидарӕй зыдта, йӕ фӕстӕ дӕр хорз хабар дарддӕр кӕй хъусын кӕндзысты (Матфейы 10:7; Лукайы 10:1, 8, 9; абар Иоанны 4:38; 14:12).

Фӕсномыг ныхасы кӕй кой цӕуы, уыцы лӕг йӕ исбон йӕ цагъарты бар куыд бакодта? Йесо загъта: «Сӕ иуӕн дзы радта фондз таланты, иннӕмӕн – дыууӕ, ӕртыккагӕн та – иу, йӕ бон сӕ кӕмӕн цас уыди, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ балцы араст» (Матфейы 25:15). Цымӕ цагъартӕ уыцы таланттӕн цы кусдзысты? Ӕнӕзивӕг уыдзысты ӕмӕ уыцы таланттӕй сӕ хицауы хъуыддаджы спайда кӕндзысты? Йесо йӕ апостолтӕн загъта:

«Фондз таланты кӕмӕн радта, уый уайтагъд ацыди, спайда сӕ кодта ӕмӕ дзы ноджыдӕр бакуыста фондз таланты. Афтӕ бакодта, дыууӕ таланты кӕмӕн радта, уый дӕр, ӕмӕ дзы бакуыста ноджыдӕр дыууӕ таланты. Иу талант кӕмӕн радта, уый та ацыд ӕмӕ йӕ хицауы ӕвзист ӕхца зӕххы баныгӕдта» (Матфейы 25:16–18). Хицау фӕстӕмӕ куы ’рыздӕхт, уӕд цы ’рцыд?

Йесо дарддӕр загъта: «Рацыди бирӕ рӕстӕг. Уыцы цагъартӕн сӕ хицау фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ сӕ ӕрфарста, чи сӕ цы сарӕзта, уымӕй» (Матфейы 25:19). Фыццаг дыууӕ цагъары бафыдӕбон кодтой, «йӕ бон сӕ кӕмӕн цас уыди, уымӕ гӕсгӕ». Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты ӕнӕзивӕг, зӕрдиагӕй архайдтой ӕмӕ сын сӕ хицау сӕ бар цы бакодта, уый фӕфылдӕр кодтой. Фондз таланты кӕмӕн радта, уый дзы дыууӕ хатты фылдӕр бакуыста. Афтӕ бакодта, дыууӕ таланты кӕмӕн радта, уый дӕр. (Уӕды заман кусӕджы иу талант бакусыны тыххӕй фыдӕбон кӕнын хъуыди 19 азы бӕрц.) Ӕмӕ хицау сӕ дыууӕйӕ дӕр иухуызон раппӕлыд: «Тынг хорз, мӕ дзӕбӕх, ме ’ууӕнкджын цагъар! Гыццыл хъуыддаджы дӕхи ӕууӕнкджынӕй равдыстай, ӕмӕ дын дӕ бар стырдӕр хъуыддаг бакӕндзынӕн. Цин кӕн дӕ хицауимӕ» (Матфейы 25:21).

Фӕлӕ иу талант кӕмӕн радта, уымӕн йӕ хабар ӕндӕрхуызон уыд. Уый загъта: «Мӕ буц хицау, ӕз ӕй зыдтон, ды карз лӕг кӕй дӕ: кӕм нӕ байтыдтай, уым кӕрдыс, ӕмӕ хор, дымгӕмӕ йӕ кӕм нӕ дардтай, уым дӕр ӕмбырд кӕныс. Ӕмӕ дӕ тарстӕн, ӕмӕ дын дӕ талант зӕххы баныгӕдтон. Мӕнӕ айс фӕстӕмӕ де ’хца» (Матфейы 25:24, 25). Уыцы ӕхца, ӕгӕр-мӕгуыр, ӕхцайы куыстгӕнджытӕм дӕр нӕ радта, цӕмӕй йӕ хицауы исбон иу гыццыл уӕддӕр фӕфылдӕр кодтаид. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ хицауӕн пайдайы бӕсты зиан ӕрхаста.

Уӕдӕ йӕ йӕ хицау «ӕвзӕр, зивӕггӕнаг цагъар» дзӕгъӕлы не схуыдта. Цы йӕм уыди, уый йын байстой ӕмӕ йӕ, ӕнӕзивӕгӕй чи фыдӕбон кодта, уыцы цагъарӕн радтой. Хицау ӕрӕвӕрдта ахӕм ӕгъдау: «Кӕмӕ ис, уымӕн ратдзысты ноджы фылдӕр, ӕмӕ йӕм уыдзӕн бирӕ. Кӕмӕ нӕй, уымӕн та, цы йӕм ис, уый дӕр байсдзысты» (Матфейы 25:26, 29).

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн ӕрмӕст ацы фӕсномыг ныхасӕй дӕр сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ уыди зондӕн райсын. Ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрстой, Йесо сын сӕ бар кӕй бакодта тынг зынаргъ хӕзна – ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг. Уый уыди стыр кад. Ӕмӕ Йесо ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы кадӕн кӕй аргъ кӕндзысты ӕмӕ сӕ хъарутыл кӕй нӕ ауӕрддзысты. Йесо афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы иу цас аразы, иннӕтӕ дӕр хъуамӕ уыйбӕрц аразой. Фӕсномыг ныхасы куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй алчидӕр хъуамӕ араза, «йӕ бон сӕ кӕмӕн цас у, уымӕ гӕсгӕ». Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ахуыргӕнинаг «зивӕггӕнаг» куы уа ӕмӕ йӕ Хицауы исбон фылдӕр кӕныныл ӕппӕт хъарутӕй куы нӕ архайа, уӕд дӕр дзы Йесо райгонд уыдзӕн.

Уӕдӕ апостолтӕн ӕхсызгон куыннӕ уыдаид ацы ныхӕстӕ фехъусын: «Кӕмӕ ис, уымӕн ратдзысты ноджы фылдӕр».