Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

114 СӔР

Паддзах Чырысти тӕрхон кӕны фыстӕн ӕмӕ сӕгътӕн

Паддзах Чырысти тӕрхон кӕны фыстӕн ӕмӕ сӕгътӕн

МАТФЕЙЫ 25:31–46

  • ЙЕСО ДЗУРЫ ФӔСНОМЫГ НЫХАС ФЫСТӔ ӔМӔ СӔГЪТЫ ТЫХХӔЙ

Гыццыл раздӕр Йесо Оливӕбӕлӕсты хохыл радзырдта фӕсномыг ныхӕстӕ дӕс чызджы тыххӕй ӕмӕ талантты тыххӕй. Йӕ апостолты фарстайӕн, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, зӕгъгӕ, дзуапп дӕтгӕйӕ кӕронбӕттӕны цы загъта? Фӕстагмӕ ма сын радзырдта ноджыдӕр иу фӕсномыг ныхас – фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй.

Фыццаг уал бамбарын кодта, уыцы фӕсномыг ныхасы цы хабӕртты кой цӕуы, уыдон цавӕр уавӕрты ӕрцӕудзысты: «Адӕймаджы Фырт йе ’ппӕт зӕдтимӕ кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд ӕрбаддзӕн йӕ кадджын паддзахбадӕныл» (Матфейы 25:31). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесо ӕргом загъта, фӕсномыг ныхасы сӕйраг архайӕг йӕхӕдӕг кӕй у, уымӕн ӕмӕ-иу йӕхи «Адӕймаджы Фырт» арӕх схуыдта (Матфейы 8:20; 9:6; 20:18, 28).

Ацы фӕсномыг ныхас кӕд сӕххӕст уыдзӕн? Йесо йӕ зӕдтимӕ «кадджын цыд куы ’ркӕна» ӕмӕ «йӕ кадджын паддзахбадӕныл» куы ’рбада, уӕд. «Адӕймаджы Фырт уӕларвон мигътыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ» кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕ дӕр йемӕ кӕй уыдзысты, уый кой ма раздӕр дӕр кодта. Фӕлӕ уыцы хабар кӕд ӕрцӕудзӕн? Библийы фыст ис, «уыцы бӕллӕхы хӕдфӕстӕ», зӕгъгӕ (Матфейы 24:29–31; Марчы 13:26, 27; Лукайы 21:27). Уӕдӕ ацы фӕсномыг ныхас дӕр сӕххӕст уыдзӕн, фидӕны Йесо кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд. Ӕмӕ уӕд цы сараздзӕн?

Йесо бамбарын кодта: «Адӕймаджы Фырт... кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд... ӕппӕт адӕмтӕ дӕр йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты, ӕмӕ фыййау фысты сӕгътӕй куыд ахицӕн кӕны, афтӕ уый дӕр ахицӕн кӕндзӕн адӕмы. Ӕмӕ фысты ӕрлӕууын кӕндзӕн йӕ рахиз фарс, сӕгъты та – йӕ галиу фарс» (Матфейы 25:31–33).

Фысты тыххӕй, ома рахизырдыгӕй кӕй ӕрлӕууын кодтой, уыдоны тыххӕй, Йесо загъта: «Уӕд паддзах, йӕ рахиз фарс чи лӕууа, уыдонӕн зӕгъдзӕн: „Рацӕут, мӕ Фыды арфӕйӕ хайджын чи у, уыдон! Бынӕн райсут, дунейы фӕзындӕй фӕстӕмӕ уын цӕттӕ чи у, уыцы паддзахад“» (Матфейы 25:34). Цымӕ фыстӕ Паддзахы хорзӕх цӕмӕн ссардтой?

Паддзах бамбарын кодта: «Ӕз уыдтӕн ӕххормаг, ӕмӕ мын бахӕрын кодтат; уыдтӕн дойны, ӕмӕ мын дон радтат; уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ мӕ суазӕг кодтат; уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ мыл дарӕс скодтат; уыдтӕн рынчын, ӕмӕ мӕм фӕкастыстут; бадтӕн ахӕстоны, ӕмӕ мӕ бабӕрӕг кодтат». Фыстӕ, ома «рӕстгӕнджытӕ», Паддзахы куы бафарстой, уыцы хорздзинӕдтӕ дын кӕд сарӕзтам, зӕгъгӕ, уӕд сын уый загъта: «Мӕ гыццыл ӕфсымӕртӕй сӕ иуӕн цы сарӕзтат, уый мӕнӕн сарӕзтат» (Матфейы 25:35, 36, 40, 46). Уыцы хорздзинӕдтӕ уӕлӕрвтыл нӕ сарӕзтой, уымӕн ӕмӕ уым рынчын кӕнӕ ӕххормаг ничи у. Уӕдӕ хорздзинӕдтӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕххыл сарӕзтой.

Цы зӕгъӕн ис сӕгъты тыххӕй та, галиуырдыгӕй кӕй ӕрлӕууын кодтой, уыдоны тыххӕй? Йесо загъта: «Уый фӕстӕ та [Паддзах] йе ’ргом аздахдзӕн, йӕ галиу фарс чи лӕууа, уыдонмӕ, ӕмӕ сын зӕгъдзӕн: „Цӕугӕ ут ардыгӕй! Сымах стут ӕлгъыст, ӕмӕ уӕ бынат ис, Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ фӕдыл чи ацыд, уыцы зӕдтӕм цы ӕнусон арт ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уым. Уымӕн ӕмӕ ӕз уыдтӕн ӕххормаг, ӕмӕ мын ницы бахӕрын кодтат; уыдтӕн дойны, ӕмӕ мын дон нӕ радтат; уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ мӕ не суазӕг кодтат; уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ мыл дарӕс не скодтат; уыдтӕн рынчын, бадтӕн ахӕстоны, ӕмӕ мӕм нӕ фӕкастыстут“» (Матфейы 25:41–43). Сӕгътӕ уыцы тӕрхоны аккаг сты, уымӕн ӕмӕ, зӕххыл Чырыстийы ӕфсымӕртӕн цы хорздзинад хъуамӕ сарӕзтаиккой, уый нӕ сарӕзтой.

Ацы фӕсномыг ныхасӕй апостолтӕ базыдтой, фидӕны уыцы тӕрхоны рӕстӕг кӕмӕн цы тӕрхон хаст ӕрцӕуа, уымӕн ӕнустӕм дӕр аивӕн кӕй нӕ уыдзӕн. Йесо сын загъта: «Ӕмӕ сын уӕд паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕцӕг уын зӕгъын: мӕ гыццыл ӕфсымӕртӕй сӕ иуӕн цы нӕ сарӕзтат, уый мӕнӕн нӕ сарӕзтат“. Ӕмӕ уыдон ӕнустӕм фесӕфдзысты, рӕстгӕнджытӕ та ӕнустӕм цӕрдзысты» (Матфейы 25:45, 46).

Йесо йӕ апостолты фарстайӕн цы дзуапп радта, уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг у. Уый сын ӕххуыс кӕны, цавӕр зӕрдӕйы уаг сын ис ӕмӕ цы аразынц, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн.