Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

115 СӔР

Йесойы фӕстаг Куадзӕнмӕ бирӕ нал хъӕуы

Йесойы фӕстаг Куадзӕнмӕ бирӕ нал хъӕуы

МАТФЕЙЫ 26:1–5, 14–19 МАРЧЫ 14:1, 2, 10–16 ЛУКАЙЫ 22:1–13

  • ИУДӔ ИСКАРИОТӔН БАФЫСТОЙ, ЦӔМӔЙ ЙЕСОЙЫ АУӔЙ КӔНА

  • ДЫУУӔ АПОСТОЛЫ, КУАДЗӔНМӔ ЦЫ ХЪУЫДИ, УЫДӔТТӔ ӔРЦӔТТӔ КОДТОЙ

Йесо Оливӕбӕлӕсты хохыл йӕ апостолтимӕ йӕ ныхас фӕци. Бӕстон дзуапп сын радта сӕ фарстайӕн, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, зӕгъгӕ.

11 нисаны Йесойӕн иу гыццыл сулӕфыны фадат дӕр нӕ фӕци. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, изӕрӕй фӕстӕмӕ Вифанимӕ бахсӕвиуат кӕнынмӕ куы цыдысты, уӕд йӕ апостолтӕн загъта: «Сымах зонут, дыууӕ боны фӕстӕ кӕй уыдзӕн Куадзӕн, ӕмӕ уӕд Адӕймаджы Фырты хъӕдыл байтындздзысты» (Матфейы 26:2).

Иннӕ бон уыди ӕртыццӕг, 12 нисан, ӕмӕ уыцы бон Йесо, ӕвӕццӕгӕн, арвыста йӕ апостолтимӕ. Дыццӕджы дины разамонджытӕн карзӕй бауайдзӕф кодта ӕмӕ сын сӕ цӕстмӕ митӕ хурмӕ ракалдта. Ӕмӕ йӕ ныр агуырдтой, цӕмӕй йӕ амардтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ 12 нисаны йӕхи адӕммӕ нӕ равдыста, цӕмӕй йӕ дыккаг бон хурныгуылды фӕстӕ, ома 14 нисан куы райдыдтаид, уӕд, йӕ апостолтимӕ Куадзӕн сбӕрӕг кӕнын мацы бахъыгдардтаид.

Фӕлӕ Куадзӕны размӕ сауджынты хистӕрты ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгты иу ран бадынмӕ не ’вдӕлд. Уыдон хистӕр сауджын Кайафӕйы кӕрты иумӕ ӕрӕмбырд сты. Цӕмӕн? Йесо сын сӕ цӕстмӕ митӕ кӕй раргом кодта, уый тыххӕй йӕм мӕстӕй фыхтысты. Ӕмӕ ныр бауынаффӕ кодтой, зӕгъгӕ, «Йесойы ӕрцахсынӕн исты хиндзинад ӕрымысӕм ӕмӕ йӕ амарӕм». Уыцы хъуыддаг сӕ зӕрды куыд ӕмӕ кӕд уыди бакӕнын? Уыдон загътой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты» (Матфейы 26:4, 5). Бирӕтӕ Йесомӕ хорз цӕстӕй кастысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тарстысты.

Уыцы рӕстӕг дины разамонджытӕм фӕзынд уазӕг. Куы йӕ ауыдтой, уӕд сӕ, ӕвӕццӕгӕн, уырнгӕ дӕр нӕ бакодта – сӕ разы лӕууыд Йесойы апостолтӕй иу, Иудӕ Искариот. Хӕйрӕг Иудӕйӕн йӕ зонды уыцы хъуыды сӕвӕрдта, цӕмӕй сын йӕ Хицауы ауӕй кодтаид! Иудӕ сӕ бафарста: «Уӕ къухы уын ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд мын цы ратдзыстут?» (Матфейы 26:15). Дины разамонджыты дӕр ма ӕндӕр цы хъуыди! Уайтагъд ын «зӕрдӕ бавӕрдтой ӕвзист ӕхцатӕй» (Лукайы 22:5). Фӕлӕ йын цас хъуамӕ радтаиккой? Цингӕнгӕйӕ йын 30 ӕвзист ӕхцайы раттыныл сразы сты. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ цагъары аргъ уыди 30 сиклы (Рацыд 21:32). Афтӕмӕй дины разамонджытӕ равдыстой, Йесойы кӕй ницӕуыл нымадтой, сӕ цӕсты йын ӕппындӕр кад кӕй нӕ уыди. Ныр Иудӕ агурын райдыдта «хорз фадат», цӕмӕй сын Йесойы, «йӕ алыварс адӕм куыд нӕ уыдаид, афтӕмӕй» сӕ къухы бафтын кодтаид (Лукайы 22:6).

13 нисан райдыдта ӕртыццӕджы, хур куы аныгуылд, уӕд. Йесо Вифанийы арвыста ӕхсӕзӕм ӕхсӕв – фӕстаг ӕхсӕв. Цӕмӕй йӕ апостолтимӕ Куадзӕн сбӕрӕг кодтаид, уый тыххӕй ма иннӕ бон хъуыди цыдӕртӕ ӕрцӕттӕ кӕнын. Хъуыди уӕрыкк самал кӕнын, цӕмӕй йӕ, 14 нисан куы райдыдтаид, уый фӕстӕ аргӕвстаиккой ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй зынгтыл сфыхтаиккой. Фӕлӕ ӕхсӕвӕр кӕм скӕндзысты ӕмӕ сын ӕй чи ӕрцӕттӕ кӕндзӕн? Йесо ахӕм лыстӕг хабӕртты тыххӕй ницы загъта. Ӕмӕ Иудӕйӕн йӕ бон нӕ уыди уыдӕттӕ сауджынты хистӕртӕн радзурын.

Ӕвӕццӕгӕн, цыппӕрӕмы фӕссихор Йесо Петры ӕмӕ Иоанны Вифанийӕ арвыста ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ нын Куадзӕны фынг ӕрцӕттӕ кӕнут». Уыдон ӕй бафарстой: «Куыд дӕ фӕнды, кӕм ӕрӕвӕрӕм фынг?» Йесо сын загъта: «Горӕтмӕ куы бацӕуат, уӕд сӕмбӕлдзыстут иу лӕгыл, дурыны дон фӕцӕйхӕсдзӕн. Цы хӕдзармӕ бацӕуа, сымах дӕр-иу уырдӕм бацӕут. Ӕмӕ-иу хӕдзары хицауӕн зӕгъут, зӕгъгӕ, Ахуыргӕнӕг фӕрсы: „Кӕм ис, мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Куадзӕны ӕхсӕвӕр кӕм бахӕрон, уыцы уат?“ Уый уӕ скӕндзӕн уӕлӕмӕ ӕмӕ уын равдисдзӕн стыр уат, алцӕмӕй дӕр уыдзӕн цӕттӕ. Ӕмӕ-иу фынг уым ӕрӕвӕрут» (Лукайы 22:8–12).

Уыцы хӕдзары хицау ӕнӕмӕнгдӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди. Ӕмӕ, чи зоны, ӕнхъӕлмӕ каст Йесойы ныхасмӕ, Куадзӕн дӕ хӕдзары скӕнӕм, зӕгъгӕ. Гъемӕ дыууӕ апостолы Иерусалиммӕ куы ’рцыдысты, уӕд хабӕрттӕ иууылдӕр рауадысты, Йесо сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕмӕ уым ӕрцӕттӕ кодтой уӕрыччы дӕр ӕмӕ ма 13 лӕгӕн – Йесо ӕмӕ йӕ 12 апостолӕн – Куадзӕны ӕхсӕвӕр скӕнынӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уыдӕттӕ дӕр.