Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

119 СӔР

Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард

Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард

ИОАННЫ 14:1–31

  • ЙЕСО ЦӔУЫ УӔЛӔРВТӔМ, ЦӔМӔЙ БЫНАТ ӔРЦӔТТӔ КӔНА

  • ЙӔ ФӔДЫЛДЗӔУДЖЫТӔН ӔХХУЫСГӔНӔГӔЙ ЗӔРДӔ БАВӔРДТА

  • ЙЕСОЙӔН ЙӔ ФЫД ЙӔХИЦӔЙ УӔЛДӔР У

Йесо йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ нырма йӕ апостолтимӕ уӕллаг уаты уыд, афтӕ сын загъта: «Ма тыхсут. Ӕууӕндут Хуыцауыл, ӕмӕ мӕныл дӕр ӕууӕндут» (Иоанны 13:36; 14:1).

Йӕ иузӕрдион апостолты йӕ ацыды фӕстӕ дӕр тыхсын цӕуылнӕ хъуыд, уый дӕр сын бамбарын кодта: «Мӕ Фыды хӕдзары бынӕттӕ бирӕ ис. [...] Ӕмӕ куы ацӕуон ӕмӕ уын бынат куы ’рцӕттӕ кӕнон, уӕд ногӕй ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ мӕхимӕ акӕндзынӕн, цӕмӕй, ӕз кӕм дӕн, сымах дӕр уым уат». Фӕлӕ уыдон нӕ бамбӕрстой, уӕлӕрвтӕм ацӕуыны кой сын кӕй кодта. Ӕмӕ йӕ Фома бафарста: «Хицау, кӕдӕм цӕуыс, уый куы нӕ зонӕм, уӕд фӕндаг кӕцӕй хъуамӕ зонӕм?» (Иоанны 14:2–5).

«Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард»,– дзуапп радта Йесо. Адӕймаг Йесойыл куы ’ууӕнда, йӕ ахуырӕдтыл ын разы куы уа ӕмӕ, уый куыд цард, афтӕ куы цӕра, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн йӕ бон йӕ Фыды уӕларвон хӕдзармӕ бацӕуын. Йесо загъта: «Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6).

Филипп ӕм лӕмбынӕг хъуыста, ӕмӕ йӕм стӕй бахатыд: «Хицау, фенын-ма нын кӕн Фыды, ӕмӕ нын уый фаг уыдзӕн». Филиппы, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауы фенын фӕндыд, кӕддӕр ӕй Моисей, Илийа ӕмӕ Исай цӕстылуайӕнты куыд федтой, афтӕ. Фӕлӕ апостолтӕн цы фадат уыди, уыимӕ уыцы цӕстылуайӕнтӕ абарӕн дӕр нӕй. Йесо уый афтӕ бамбарын кодта: «Цас рӕстӕг дӕн уемӕ, Филипп, ӕмӕ мӕ нӕма базыдтай? Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр». Йесо алцӕмӕй дӕр уыди йӕ Фыды хуызӕн. Уымӕ гӕсгӕ, алы бон йемӕ чи уыд ӕмӕ йӕ чи уыдта, уыцы адӕймагӕй зӕгъӕн уыди, ӕмӕ йын йӕ Фыды уыдта. Фӕлӕ Йесойӕн йӕ Фыд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕхицӕй уӕлдӕр у. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Цы уын дзурын, уыдӕттӕ уын мӕхи зондӕй нӕ дзурын» (Иоанны 14:8–10). Йӕ апостолтӕ уыдтой, Йесо йӕхи уӕлдӕр кӕй не ’вӕрдта. Ӕмбарын кодта, цыдӕриддӕр амыдта, уый Хуыцауӕй кӕй уыд.

Йесойы апостолтӕ сӕхи цӕстӕй уыдтой, диссӕгтӕ куыд арӕзта ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куыд хъусын кодта, уый. Ӕмӕ сын ныр загъта: «Чи мыл ӕууӕнды, уый араздзӕн, ӕз цы хъуыддӕгтӕ аразын, уыдон. Ӕмӕ ацы хъуыддӕгтӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр сараздзӕн» (Иоанны 14:12). Ацы ныхӕстӕй йӕ уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, йӕхӕдӕг цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй стырдӕр диссӕгтӕ сараздзысты. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ лӕггад ахӕсдзӕн бирӕ фылдӕр, стӕй хъусын кӕндзысты фылдӕр рӕтты ӕмӕ фылдӕр адӕмӕн.

Йесо ма сын бамбарын кодта, куы ацӕуа, уӕд сӕ иунӕгӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн. Зӕрдӕ сын бавӕрдта: «Мӕ номӕй исты куы ракурат, уӕд уын ӕй сараздзынӕн». Стӕй ма сын загъта: «Ӕз мӕ Фыдӕн зӕгъдзынӕн, ӕмӕ уын ратдзӕн ӕндӕр ӕххуысгӕнӕджы, цӕмӕй уемӕ уа ӕнустӕм – уый у Хуыцауы сыгъдӕг тых, рӕстдзинад цӕй фӕрцы ӕргом кӕны, уый» (Иоанны 14:14, 16, 17). Йесойы ныхӕстӕ мыхуырӕвӕрдӕй уӕлдай нӕ уыдысты – сыгъдӕг тыхӕй ӕнӕмӕнг схайджын уыдзысты. Ӕмӕ дзы Фӕндзайӕм боны ӕцӕгдӕр схайджын сты!

«Иу гыццыл ма,– загъта Йесо,– ӕмӕ мӕ дуне нал фендзӕн, сымах та мӕ фендзыстут, уымӕн ӕмӕ ӕз цӕрын, ӕмӕ сымах дӕр цӕрдзыстут» (Иоанны 14:19). Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Йесо куы райгас, уӕд сӕм зӕххон буары фӕзынд. Фӕстӕдӕр та сын хъуамӕ сӕхи райгас кодтаид, цӕмӕй йемӕ уӕлӕрвты уой.

Уый фӕстӕ та загъта: «Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын йӕ зӕрдӕмӕ чи исы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та мӕ Фыд дӕр уарздзӕн, ӕмӕ йӕ ӕз дӕр уарздзынӕн ӕмӕ йын мӕхи раргом кӕндзынӕн». Уӕд ӕй, Фаддей дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы апостол Иудӕ бафарста: «Хицау, уый та куыд, ӕмӕ дӕхи махӕн раргом кӕндзынӕ, дунейӕн та – нӕ?» Йесо йын дзуапп радта: «Чи мӕ уарзы, уый мын мӕ ныхӕстӕ ӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ мӕ Фыд уарздзӕн... Чи мӕ нӕ уарзы, уый та мын мӕ ныхӕстӕ не ’ххӕст кӕны» (Иоанны 14:21–24). Йӕ фӕдылдзӕуджытӕй уӕлдай дуне нӕ бамбӕрста, Йесо кӕй у фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард.

Тагъд Йесо хъуамӕ йӕ Фыдмӕ ацыдаид, ӕмӕ ма уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд хъуамӕ ӕрхъуыды кодтаиккой, цы сын амыдта, уыдӕттӕ? Йесо сын бамбарын кодта: «Ӕххуысгӕнӕг... сыгъдӕг тых, мӕ Фыд уын мӕ номӕй кӕй ӕрӕрвитдзӕн, уый уын бацамондзӕн ӕппӕт дӕр ӕмӕ уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, цы уын дзырдтон, уыдӕттӕ иууылдӕр». Апостолтӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтой, сыгъдӕг тыхӕн йӕ бон цас у, уый, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ ацы ныхӕстӕ стыр ныфсы хос уыдысты. Йесо ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мӕ фӕстӕ уын фарн уадзын, мӕ фарн уын дӕттын. [...] Ма тыхсут ӕмӕ уӕ зӕрдӕты тас ма уӕд» (Иоанны 14:26, 27). Уӕдӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгты тыхсын ӕппындӕр нӕ хъуыди – йӕ Фыд сын разамынд дӕтдзӕн ӕмӕ сӕ хъахъхъӕндзӕн.

Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куыд хъахъхъӕны, уый хъуамӕ тагъд рабӕрӕг уыдаид. Йесо загъта: «Ӕрбацӕуы ацы дунейы хицау. Мӕныл йӕ бар нӕ цӕуы» (Иоанны 14:30). Хӕйрӕг Иудӕйы бацыд, ӕмӕ йыл йӕ бар цӕуын райдыдта. Фӕлӕ Йесомӕ ахӕм лӕмӕгъдзинад нӕ уыди, цӕмӕй дзы Хӕйрӕг спайда кодтаид ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхмӕ скодтаид. Уымӕй уӕлдай йӕ ингӕны бауромын дӕр йӕ бон нӕ бауыдаид. Цӕуылнӕ? Йесо загъта: «Ӕз... аразын, мӕ Фыд мын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ». Йесо ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Фыд ӕй кӕй райгас кӕндзӕн (Иоанны 14:31).