Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

121 СӔР

«Фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл»

«Фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл»

ИОАННЫ 16:1–33

  • ТАГЪД АПОСТОЛТӔ ЙЕСОЙЫ НАЛ ФЕНДЗЫСТЫ

  • АПОСТОЛТӔН СӔ МАСТ ЦИНМӔ РАИВДЗӔН

Йесо ӕмӕ апостолтӕ, Куадзӕн кӕм скодтой, уыцы уӕллаг уатӕй нӕма рацыдысты. Йесо сын бирӕ цыдӕртӕ ныффӕдзӕхста. Ӕмӕ сын ныр загъта: «Адӕттӕ уын уый тыххӕй дзурын, цӕмӕй ма фӕрӕдийат». Цымӕ сӕ афтӕ цӕмӕн бафӕдзӕхста? Йесо сын ӕй бамбарын кодта: «Адӕм уӕ ӕмбырдгӕнӕнтӕй сурдзысты. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уыдон хъуыды кӕндзысты, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц» (Иоанны 16:1, 2).

Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ апостолтӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынг ӕрӕнкъард сты. Ацы дуне сӕ йе сӕфт кӕй уындзӕн, уый тыххӕй сын Йесо уый размӕ дӕр дзырдта. Фӕлӕ сӕ маргӕ дӕр кӕй кӕндзысты, уый сын уӕды онг комкоммӕ никуы загъта. Цымӕ цӕуылнӕ? Загъта сын: «Раздӕр уын сӕ нӕ дзырдтон, уымӕн ӕмӕ уемӕ уыдтӕн» (Иоанны 16:4). Фӕлӕ сӕ ныр, йӕ ацыды размӕ, бафӕдзӕхста, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй. Уый фӕрцы сын фӕстӕдӕр ӕнцондӕр уыдаид сӕхи рӕдыд къахдзӕфтӕй бахизын.

Йесо сын дарддӕр загъта: «Ныр та цӕуын, чи мӕ рарвыста, уымӕ, ӕмӕ мӕ сымахӕй ничи фӕрсы, кӕдӕм цӕуыс, зӕгъгӕ». Уыцы изӕр ӕй гыццыл раздӕр фарстой, кӕдӕм цӕуы, уымӕй (Иоанны 13:36; 14:5; 16:5). Фӕлӕ сын ныр, сӕ фӕдыл кӕй зилдзысты, уый тыххӕй куы загъта, уӕд фырмӕтӕй сӕ бон ӕндӕр ницӕуылуал уыди хъуыды кӕнын. Ӕмӕ йӕ уымӕй дӕр нал бафарстой, куыд скадджын уыдзӕн ӕмӕ уый Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕн цы ’рхӕсдзӕн. Йесо сын загъта: «Адӕттӕ [уын] кӕй дзурын, уый тыххӕй уӕ зӕрдӕтӕ ӕрӕнкъард сты» (Иоанны 16:6).

Уый фӕстӕ сын бамбарын кодта: «Кӕй цӕуын, уый уӕ пайдайӕн у. Куы нӕ ацӕуон, уӕд уӕм ӕххуысгӕнӕг не ’рцӕудзӕн, куы ацӕуон, уӕд та уӕм ӕй ӕрӕрвитдзынӕн» (Иоанны 16:7). Йесо куы амард ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы ацыд, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрмӕстдӕр уӕд схайджын сты сыгъдӕг тыхӕй. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ зӕххыл кӕмфӕнды ма уой, уӕддӕр сӕм йӕ бон у уыцы ӕххуысгӕнӕджы ӕрвитын.

Йесо загъта, зӕгъгӕ, сыгъдӕг тых «дунейӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕсдзӕн тӕригъӕдты тыххӕй, рӕстдзинады тыххӕй ӕмӕ Хуыцауы тӕрхоны тыххӕй» (Иоанны 16:8). Ӕцӕгдӕр, Йесо уӕлӕрвтӕм кӕй ацыд, уый фӕрцы раргом, ацы дуне Хуыцауы Фыртыл кӕй нӕ баууӕндыд, уый. Стӕй ма уый у фидар бӕлвырдгӕнӕн йӕ рӕстдзинадӕн дӕр, ома рӕстӕй кӕй архайдта, уымӕн, ӕмӕ афтӕмӕй рабӕрӕг, Хӕйрӕджы, «ацы дунейы хицауы», Хуыцауы тӕрхон цӕмӕн хъуамӕ баййафа, уый (Иоанны 16:11).

«Бирӕ цыдӕртӕ ма мын ис сымахӕн зӕгъинаг,– адарддӕр кодта йӕ ныхас Йесо,– фӕлӕ сӕ ныр уӕ бон бамбарын не суыдзӕн». Сыгъдӕг тых сыл куы ’руадза, уӕд сын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «рӕстдзинад кӕронмӕ» бамбарой ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрой (Иоанны 16:12, 13).

Йесо уый фӕстӕ цы загъта, уый йӕ апостолтӕ ӕппындӕр нӕ бамбӕрстой: «Иу гыццыл ма, ӕмӕ мӕ нал фендзыстут, ӕмӕ та мӕ цасдӕры фӕстӕ ногӕй фендзыстут». Ӕмӕ сӕ кӕрӕдзи фӕрсын райдыдтой, цы зӕгъын ӕй фӕнды, зӕгъгӕ. Йесо бамбӕрста, цӕмӕй йӕ хъавынц бафӕрсынмӕ, ӕмӕ сын бамбарын кодта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут, дуне та цин кӕндзӕн. Сымах маст кӕндзыстут, фӕлӕ уӕ маст цинмӕ раивдзӕн» (Иоанны 16:16, 20). Дыккаг бон фӕссихор Йесойы куы амардтой, уӕд дины разамонджытӕ ӕцӕгдӕр цин кодтой, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та маст кодтой. Фӕлӕ сӕ маст цинмӕ раивта, Йесо куы райгас, уӕд! Ӕмӕ сыл Хуыцауы сыгъдӕг тых куы ’руагъта, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы циндзинадӕй ӕдзухдӕр хайджын уыдысты.

Апостолты уавӕр Йесо абарста арӕг сылгоймаджы уавӕримӕ: «Сылгоймагӕн сывӕллон куы фӕгуыры, уӕд фӕтухӕн кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ афон ӕрхӕццӕ. Фӕлӕ сывӕллон куы райгуыры, уӕд дзы йӕ тухитӕ бынтондӕр ферох вӕййынц, дунемӕ адӕймаг кӕй фӕзынд, уый цинӕй». Ӕмӕ сӕ стӕй ныфс бауагъта: «Афтӕ сымах дӕр ныр маст кӕнут, фӕлӕ та уӕ ӕз фендзынӕн, ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг уыдзысты, ӕмӕ уын уӕ цин ничиуал байсдзӕн» (Иоанны 16:21, 22).

Уӕды онг апостолтӕ Хуыцауӕй Йесойы номӕй никуы ницы куырдтой. Фӕлӕ сын ныр загъта: «Уыцы бон мӕ Фыдӕй курдзыстут мӕ номӕй». Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Фыды нӕ фӕнды сӕ куывдтытӕн дзуапп дӕттын? Уый афтӕ нӕу. Йесо загъта: «Фыд уӕ йӕхӕдӕг уарзы, уымӕн ӕмӕ сымах мӕн бауарзтат ӕмӕ баууӕндыдыстут, ӕз мӕ Фыды номӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ууыл» (Иоанны 16:26, 27).

Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ апостолтӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕныфсджындӕр сты, ӕмӕ загътой: «Уымӕ гӕсгӕ [нӕ] уырны, ды Хуыцауӕй кӕй ӕрцыдтӕ». Фӕлӕ сӕ уырнындзинад хъуамӕ гыццыл фӕстӕдӕр фӕлвӕрд ӕрцыдаид. Йесо загъта: «Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ уӕ алчи йӕ хӕдзармӕ фӕлидздзӕн, ӕмӕ мӕ иунӕгӕй ныууадздзыстут». Фӕлӕ сын стӕй загъта ахӕм ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ: «Адӕттӕ уын уый тыххӕй дзурын, цӕмӕй мӕ фӕрцы фарнӕй хайджын уат. Ацы дунейы уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындзинӕдтӕ, фӕлӕ фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл» (Иоанны 16:30–33). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты нӕ ныууагъта. Уый фидарӕй зыдта, уыдон Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзысты ӕмӕ, ацы дунейыл уый куыд фӕуӕлахиз, уыдон дӕр ыл афтӕ кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты – кӕд сын Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне алы ӕгъдауӕй дӕр сӕ уырнындзинад фӕцудын кӕныныл архайдзысты, уӕддӕр!