Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

122 СӔР

Фӕстаг куывд уӕллаг уаты

Фӕстаг куывд уӕллаг уаты

ИОАННЫ 17:1–26

  • ХУЫЦАУЫ ӔМӔ ЙӔ ФЫРТЫ ЗОНЫН ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?

  • ЙЕГЪОВӔ, ЙЕСО ӔМӔ ЙӔ АХУЫРГӔНИНӔГТЫ ’ХСӔН ИС ИУДЗИНАД

Йесо йӕ апостолты тынг уарзта, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ бацӕттӕ кодта, гыццыл фӕстӕдӕр кӕй ацӕудзӕн, уымӕ. Ныр уӕларвмӕ скаст ӕмӕ йӕ Фыдмӕ скуывта: «Скадджын кӕн дӕ фырты, цӕмӕй дӕ фырт дӕр дӕу скадджын кӕна. Ды йӕ алкӕмӕн дӕр хицауӕй сӕвӕрдтай, цӕмӕй йын кӕй радтай, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ратта ӕнусон цард» (Иоанны 17:1, 2).

Йесо равдыста, Хуыцауы кадджын кӕнынӕй сӕйрагдӕр кӕй ницы ис. Фӕлӕ йӕ куывды, адӕммӕ цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый кой дӕр, ома ӕнусон царды кой, кӕй скодта, уый нӕ цас ныфс уадзы! Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ йӕ Хуыцау «алкӕмӕн дӕр хицауӕй [кӕй] сӕвӕрдта», уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у ӕппӕт адӕмы дӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕнын. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр алчи не схайджын уыдзӕн. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ нывонд пайда ӕрхӕсдзӕн, дарддӕр цы загъта, уымӕ гӕсгӕ чи архайа, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Йесо загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3).

Адӕймаг хъуамӕ Фыды дӕр ӕмӕ Фырты дӕр хорз базона ӕмӕ семӕ ӕнгом уа. Хъуамӕ царды алцӕмӕ дӕр кӕса уыдоны цӕстӕй, сӕ рӕсугъд миниуджытӕ сын фӕзма, стӕй ӕмбара, сӕйраг уый кӕй нӕу, цӕмӕй адӕм ӕнустӕм цӕрой – ӕппӕты сӕйрагдӕр у, Хуыцауы ном кӕй хъуамӕ скадджын уа. Ӕмӕ та ногӕй уый тыххӕй райдыдта кувын:

«Ӕз дӕ скадджын кодтон зӕххыл, цы хъуыддаг мын бахӕс кодтай, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кодтон. Ӕмӕ мӕ ныр, мӕ Фыд, скадджын кӕн, ратт мын уый бар, цӕмӕй дӕ фарсмӕ уон ӕмӕ, дуне куы нӕма уыд, уӕд мын цы кад уыди, уыцы кад мын уа» (Иоанны 17:4, 5). Йесо Хуыцауӕй куырдта, цӕмӕй йӕ райгас кодтаид ӕмӕ йын уӕлӕрвты цы кад уыди, уыцы кадӕй та йӕ схайджын кодтаид.

Фӕлӕ Йесойӕ нӕ ферох, зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ йын цы бантыст, уый дӕр. Куывта: «Дунейӕ мын кӕй радтай, уыдонӕн ӕз дӕ ном раргом кодтон. Уыдон дӕу уыдысты, ӕмӕ сӕ ды мӕнӕн радтай, ӕмӕ дын дӕ ныхас сӕххӕст кодтой» (Иоанны 17:6). Йесо Хуыцауы ном, ома Йегъовӕ, ӕрмӕст дзургӕ нӕ кодта. Уый йӕ апостолтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй базыдтаиккой, уыцы ном чи хӕссы, уый цавӕр Хуыцау у, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис ӕмӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары.

Апостолтӕ базыдтой Йегъовӕйы, стӕй, йӕ Фырт цы хъуамӕ сарӕзтаид, уый. Уымӕй уӕлдай ма сын Йесо бацамыдта бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ дӕр. Йесо сӕрныллӕгӕй загъта: «Цы ныхӕстӕ [мын] загътай, уыдон сӕм фӕхӕццӕ кодтон, ӕмӕ сыл баууӕндыдысты, ӕмӕ базыдтой, ӕз дӕ номӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ сӕ бауырныдта, ды мӕ кӕй рарвыстай, уый» (Иоанны 17:8).

Уый фӕстӕ Йесо, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ иннӕ адӕмӕй куыд тынг хицӕн кӕнынц, уый тыххӕй йӕ Фыдӕн загъта: «Дунейы тыххӕй дӕ нӕ курын, фӕлӕ мын кӕй радтай, уыдоны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕу сты... Мӕ сыгъдӕг Фыд, хъахъхъӕн сӕ дӕ номы тыххӕй, мӕныл кӕй сӕвӕрдтай, уыцы номы тыххӕй, цӕмӕй, ды ӕмӕ ӕз ӕмвӕндӕй куыд архайӕм, афтӕ уыдон дӕр ӕмвӕндӕй архайой». Стӕй ма загъта: «[Ӕз] сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ сӕ иу дӕр нӕ фесӕфт, сафинаг чи уыди, уый йеддӕмӕ», ома йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ Искариоты йеддӕмӕ (Иоанны 17:9–12).

Йесо дарддӕр куывта, зӕгъгӕ «сӕ дуне йе сӕфт федта». Ӕмӕ стӕй загъта: «Уый дӕ нӕ курын, ӕмӕ сӕ ацы дунейӕ искуыдӕм акӕнай, фӕлӕ сӕ цӕмӕй Фыдбылызӕй хъахъхъӕнай. Ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты» (Иоанны 17:14–16). Апостолтӕ дӕр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацы дунейы, ома Хӕйрӕджы дӕлбар чи ис, уыцы адӕмы ’хсӕн, цардысты. Фӕлӕ хъуамӕ ацы дунеимӕ ма хӕццӕ кодтаиккой ӕмӕ йын йе ’взӕр митӕй сӕхи хызтаиккой. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн куыд уыди?

Хуыцау сӕ йӕхицӕн лӕггад кӕнынӕн рахицӕн кодта, ӕмӕ хъуамӕ дунейӕ сӕхи ма фӕчъизи кодтаиккой. Ӕмӕ цӕмӕй уый сӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй сӕ цард хъуамӕ арӕзтаиккой, Дзуттаг Фыстыты цы рӕстдзинад ис ӕмӕ сын Йесо йӕхӕдӕг цы рӕстдзинад амыдта, уымӕ гӕсгӕ. Йесо куывта: «Ссыгъдӕг сӕ кӕн рӕстдзинады фӕрцы. Дӕ ныхас у рӕстдзинад» (Иоанны 17:17). Фӕстӕдӕр уыцы «рӕстдзинадыл» бафтыдысты, апостолтӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй цы чингуытӕ ныффыстой, уыдон. Уыцы чингуытӕ дӕр сын ӕххуыс кодтой сӕхи сыгъдӕг кӕнынӕн.

Фӕлӕ Йесо зыдта, рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ, «рӕстдзинад» йӕ зӕрдӕмӕ чи исдзӕн, уыцы адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕндзысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куывта: «Ӕрмӕст уыдоны [ома йӕ фарсмӕ чи уыд, уыдоны] тыххӕй дӕ нӕ курын, фӕлӕ мыл сӕ ныхасмӕ гӕсгӕ чи баууӕнда, уыдоны тыххӕй дӕр». Цымӕ Йесо се ’ппӕты тыххӕй дӕр цы куырдта? «Цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕмвӕндӕй архайой. Ды, мӕ Фыд, мемӕ иудзинады куыд дӕ ӕмӕ ӕз та демӕ иудзинады куыд дӕн, афтӕ уыдон дӕр уой немӕ иудзинады» (Иоанны 17:20, 21). Фыд ӕмӕ Фырты ’хсӕн ис иудзинад, уымӕн ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕмвӕндӕй архайынц. Ӕмӕ Йесо куывта, цӕмӕй ахӕм иудзинад уа йӕ фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн дӕр.

Гыццыл раздӕр Йесо Петрӕн ӕмӕ йӕ иннӕ апостолтӕн загъта, зӕгъгӕ, ӕз цӕуын, цӕмӕй уын бынат ӕрцӕттӕ кӕнон, ома бынат уӕлӕрвты (Иоанны 14:2, 3). Ӕмӕ ныр Хуыцаумӕ кувгӕйӕ уый кой дӕр ракодта: «Мӕ Фыд, уый мӕ фӕнды, ӕмӕ мын кӕй радтай, уыдон дӕр, ӕз кӕм дӕн, уым мемӕ уой, цӕмӕй уыной, куыд мӕ скадджын кодтай, уый. Кадджын та мӕ уымӕн скодтай, ӕмӕ мӕ бауарзтай, дуне куы нӕма уыди, уӕд» (Иоанны 17:24). Ацы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, Хуыцау йӕ иунӕг Фырты, ома Йесо Чырыстийы, кӕй уарзта рагӕй фӕстӕмӕ дӕр – Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕн сӕ кой дӕр куы нӕма уыд, уӕдмӕ дӕр.

Йӕ куывды кӕрон та Йесо ногӕй загъта йӕ Фыды номы тыххӕй ӕмӕ Хуыцау апостолты ӕмӕ иннӕты дӕр, ома «рӕстдзинадыл» ноджыдӕр чи баууӕнддзӕн, уыдоны, кӕй уарзы, уый тыххӕй: «Ӕз сын дӕ ном раргом кодтон ӕмӕ сын ӕй ноджыдӕр раргом кӕндзынӕн, цӕмӕй, ды мӕн куыд бауарзтай, уыдон дӕр афтӕ уарзой иннӕты, ӕмӕ цӕмӕй ӕз уон семӕ иудзинады» (Иоанны 17:26).