Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

123 СӔР

Зын сахат Хуыцаумӕ кувы

Зын сахат Хуыцаумӕ кувы

МАТФЕЙЫ 26:30, 36–46 МАРЧЫ 14:26, 32–42 ЛУКАЙЫ 22:39–46 ИОАННЫ 18:1

  • ЙЕСО ГЕФСИМАНИЙЫ ДЫРГЪДОНЫ

  • ЙӔ ХИД УЫД ТУДЖЫ ХУЫЗӔН

Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ скуывта. Уый фӕстӕ «Хуыцауӕн кады зарджытӕ азарыдысты, ӕмӕ стӕй Оливӕбӕлӕсты хохы ’рдӕм араст сты» (Марчы 14:26). Ацыдысты хурыскӕсӕнырдӕм, Йесо-иу арӕх кӕм уыди, уырдӕм – Гефсимани кӕй хуыдтой, уыцы дыргъдонмӕ.

Оливӕбӕлӕсты ’хсӕн уыцы рӕсугъд бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йесо йӕ апостолтӕй асты фӕстейӕ ныууагъта. Ӕвӕццӕгӕн, дыргъдонмӕ бахизӕны баззадысты, уымӕн ӕмӕ сын афтӕ загъта: «Цалынмӕ ӕз уӕртӕ уым кувон, уӕдмӕ уал сымах ам абадут». Йӕхӕдӕг иннӕ ӕртӕ апостолы – Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны – йемӕ акодта, ӕмӕ дыргъдоны арфдӕр бацыдысты. Уым Йесо йӕхимидӕг хъуырдухӕн кӕнын райдыдта ӕмӕ йе ’ртӕ апостолӕн загъта: «Мӕ уд дудгӕ рыст кӕны. Фӕлӕуут ам мӕ фарсмӕ, ма бафынӕй ут» (Матфейы 26:36–38).

Йӕхӕдӕг гыццыл фалдӕр ацыд, «зӕххыл ӕрхауд ӕмӕ кувын райдыдта». Цымӕ уыцы уынгӕджы сахат Хуыцауӕй цы куырдта? Йесо куывта: «Мӕ Фыд, дӕуӕн дӕ бон алцыдӕр у – курын дӕ, ацы къус мын ма бануазын кӕн. Ӕниу, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд» (Марчы 14:35, 36). Ацы ныхӕстӕй цы зӕгъинаг уыд? Мыййаг, адӕмы тыххӕй йӕ цард раттыныл разы нал уыд? Нӕ, уый кой нӕ кодта!

Йесо уӕлӕрвтӕй уыдта, ромӕгтӕ-иу мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастой, уыдоны-иу цы хъизӕмайраг мардӕй амардтой, уый. Фӕлӕ ныр йӕхӕдӕг дӕр уыди туг ӕмӕ стӕгӕй конд адӕймаг, ӕмӕ, буары рыст цы у, уый хорз ӕмбӕрста. Уӕдӕ йӕм цы ’нхъӕлмӕ каст, уымӕ йӕ былыцъӕрттӕ нӕ хордта. Фӕлӕ йӕ мидхъуырдухӕнты сӕйраг аххосаг уый нӕ уыди. Йесо зыдта, цыфыддӕр фыдгӕнӕджы мардӕй йӕ кӕй амардзысты, ӕмӕ тарст, уымӕй йӕ Фыды ном куы фӕхудинаг уа. Цалдӕр сахаты фӕстӕ йӕ хъӕдмӕ ныххуыйдзысты, цыма Хуыцауы фауӕг у, уыйау.

Йесо йӕ Фыдмӕ дзӕвгар куы фӕкуывта, уӕд йӕ апостолтӕм ӕрбаздӕхт, ӕмӕ се ’ртӕйы дӕр фынӕйӕ ӕрбаййӕфта. Ӕмӕ Петрӕн загъта: «Ау, иу сахат дӕр куыд нӕ бафӕрӕзтат мемӕ ӕнӕ фынӕйӕ? Ма бафынӕй ут ӕмӕ ӕппынӕдзух кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат». Йесо ӕмбӕрста, апостолтӕ дӕр тынг кӕй тыхсынц. Стӕй ӕнафон дӕр уыди. Ӕмӕ ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уд бӕргӕ фидар у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ у» (Матфейы 26:40, 41).

Уый фӕстӕ дыккаг хатт ацыд кувынмӕ ӕмӕ та Хуыцауӕй куырдта, «ацы къус» мӕ нуазын ма бахъӕуӕд, зӕгъгӕ. Уыцы рӕстӕг йӕ апостолтӕ дӕр хъуамӕ Хуыцаумӕ куывтаиккой, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууыдаиккой. Фӕлӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд та се ’ртӕйы дӕр фынӕйӕ ӕрбаййӕфта. Ӕмӕ сӕм куы сдзырдта, уӕд ын, «цы загътаиккой, уый нӕ зыдтой» (Марчы 14:40). Йесо та ӕртыккаг хатт дӕр ацыд, йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ та кувын райдыдта.

Фыдгӕнӕджы мардӕй йӕ кӕй амардзысты, уымӕй йӕ Фыды ном куы фӕхудинаг уа, уый йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ Фырты куывдтытӕ фехъуыста, ӕмӕ йӕм йӕ зӕды ӕрӕрвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид. Фӕлӕ Йесо уый фӕстӕ дӕр афтӕ нӕ загъта, ныр мӕ кувыны сӕр нал хъӕуы, зӕгъгӕ. Ныр «ноджы зӕрдиагдӕрӕй» райдыдта кувын. Йӕ уд цы уынгӕджы уавӕры уыд, уый, ӕвӕццӕгӕн, ныхӕстӕй бамбарын кӕнӕн нӕй. Уӕззау уаргъ ӕрӕнцад йе уӕхсчытыл! Уыцы сахат куыд бакодтаид, уымӕй кӕнгӕ уыд йе ’нусон фидӕн, стӕй коммӕгӕс адӕмы ӕнусон цард дӕр. Йесо афтӕ тынг тыхсти, ӕмӕ «йӕ хид туджы хуызӕн сси ӕмӕ зӕхмӕ тагъд» (Лукайы 22:44).

Йӕ апостолтӕм ӕртыккаг хатт куы ’рбаздӕхт, уӕд дӕр та сӕ фынӕйӕ ӕрбаййӕфта ӕмӕ сын загъта: «Ныртӕккӕ уый рӕстӕг у, ӕмӕ фынӕй кӕнат ӕмӕ уӕ фӕллад уадзат? Ӕрхӕстӕг уыцы сахат, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты тӕригъӕдджынты къухтӕм ратдзысты. Сыстут, цӕуын нӕ хъӕуы. Уӕртӕ ӕрбацӕуы мӕ уӕйгӕнӕг» (Матфейы 26:45, 46).