Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

130 СӔР

Йесойы радтой ӕфсӕддонты къухмӕ ӕмӕ йӕ марынмӕ акодтой

Йесойы радтой ӕфсӕддонты къухмӕ ӕмӕ йӕ марынмӕ акодтой

МАТФЕЙЫ 27:31, 32 МАРЧЫ 15:20, 21 ЛУКАЙЫ 23:24–31 ИОАННЫ 19:6–17

  • ПИЛАТ ЙЕСОЙЫ АУАДЗЫНЫЛ АРХАЙЫ

  • ЙЕСОЙӔН ТӔРХОН РАХАСТОЙ ӔМӔ ЙӔ МАРЫНМӔ АКОДТОЙ

Йесойӕ фӕхынджылӕг кодтой ӕмӕ йын алы ӕфхӕрӕн митӕ фӕкодтой. Фӕлӕ Пилатӕн уый фӕстӕ дӕр йе суӕгъд кӕнын йӕ къухы нӕ бафтыд. Кӕд бирӕ цыдӕртӕ бафӕлвӕрдта, уӕддӕр сауджынты хистӕртӕм ӕмӕ, сӕ фарс чи уыд, уыдонмӕ ницы бахъардта. Цыфӕндыйӕ дӕр Йесойы хъуамӕ амарын кодтаиккой. Ӕмӕ хъӕр кодтой: «Байтындз ӕй! Хъӕдыл ӕй байтындз!» Пилат та сын загъта: «Уӕхӕдӕг ӕй акӕнут ӕмӕ йӕ байтындзут, ӕз ӕм ницы аххос ссардтон» (Иоанны 19:6).

Дзуттӕгтӕ Йесойы политикӕйы ’рдыгӕй цы хъуыддӕгты аххосджын кодтой, уыдон Пилат мӕлӕты тӕрхон рахӕссыны аккагыл нӕ банымадта. Фӕлӕ йӕм цымӕ дины ’рдыгӕй дӕр нӕ уыди къух бакӕнӕн? Уый размӕ Йесойы Синедрионы раз фӕаххосджын кодтой, Хуыцауы, дам, фауы. Ӕмӕ ныр Пилатӕн дӕр загътой: «Махӕн ис закъон, ӕмӕ нӕ закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ йӕхи Хуыцауы фырт хуыдта» (Иоанны 19:7). Йесомӕ ахӕм азым кӕй хастой, уый Пилат фыццаг хатт фехъуыста.

Гъемӕ фӕстӕмӕ йӕ галуанмӕ баздӕхт ӕмӕ хъуыды кӕнын райдыдта, уыйбӕрц фыдӕвзарӕнтӕ чи сфӕрӕзта, стӕй ма йӕ ус дӕр фыны кӕй тыххӕй фӕхъизӕмар кодта, уыцы адӕймаджы куыд суӕгъд кӕна, ууыл (Матфейы 27:19). Цымӕ дзуттӕгты цы зӕгъын фӕнды? Ацы ахст лӕг «Хуыцауы фырт» у? Пилат зыдта, Йесо Галилейӕйӕ кӕй у (Лукайы 23:5–7). Фӕлӕ йӕ уӕддӕр бафарста: «Кӕцӕй дӕ?» (Иоанны 19:9). Мыййаг ӕй уый базонын фӕндыд, ӕмӕ ма Йесо уымӕй размӕ дӕр цард ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн уыд, ӕмӕ Хуыцауӕй ӕрвыст у?

Пилатӕн Йесо йӕхӕдӕг загъта, Паддзах кӕй у, фӕлӕ йӕ Паддзахад ацы дунейӕ кӕй нӕу. Ӕмӕ Пилатӕн уый дӕр фаг уыд, цӕмӕй хабар бамбӕрстаид. Уымӕ гӕсгӕ йын ныр Йесо ницыуал загъта. Фӕлӕ уый Пилатӕн йӕ сӕрбӕрзонддзинад фӕрӕхуыста, ӕмӕ йын тызмӕгӕй загъта: «Нӕ мын дӕттыс дзуапп? Нӕ йӕ зоныс, мӕ бар дыл кӕй цӕуы ӕмӕ мӕ бон кӕй у, цӕмӕй дӕ ауадзон кӕнӕ дӕ байтындзон?» (Иоанны 19:10).

Йесо йын сабырӕй загъта: «Дӕ бар мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уӕлейӕ дын лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, мӕн дӕ къухмӕ чи радта, ууыл стырдӕр тӕригъӕд ис» (Иоанны 19:11). Йесо, ӕвӕццӕгӕн, иу кӕцыдӕр адӕймаджы кой нӕ кодта. Уӕдӕмӕ йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Кайафӕ, йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ Иудӕ Искариот Пилатӕй тынгдӕр аххосджын уыдысты.

Йесо йӕхи куыд дардта ӕмӕ цы дзырдта, уый Пилаты ноджы тынгдӕр ӕфтыдта дисы, ӕмӕ йе уӕнгты цыдӕр тас бацыд, кӕд, мыййаг, ӕцӕгдӕр Хуыцауӕй ӕрвыст у, зӕгъгӕ. Гъемӕ та ногӕй афӕлвӕрдта, цӕмӕй йӕ суӕгъд кодтаид. Фӕлӕ йӕм дзуттӕгтӕ бартхъирӕн кодтой: «Куы йӕ рауадзай, уӕд Ромы паддзахӕн ӕмбал нӕ дӕ. Йӕхицӕй паддзах чи аразы, уый Ромы паддзахы ныхмӕ цӕуы» (Иоанны 19:12).

Бӕстӕйы хицау та Йесойы ногӕй ӕддӕмӕ ракодта, тӕрхоны бадӕныл та ӕрбадт ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Мӕнӕ уӕ паддзах!» Фӕлӕ дзуттӕгтӕ нӕ састысты. Ныхъхъӕр та кодтой: «Амар ӕй! Амар ӕй! Хъӕдыл ӕй байтындз!» Пилат та сӕ бафарста: «Уӕ паддзахы уын байтындзон?» Дзуттӕгтӕ бирӕ азты дӕргъы Ромы ӕфсондзы бын хъизӕмар кодтой. Фӕлӕ уӕддӕр сауджынты хистӕртӕ уыцы фидарӕй загътой: «Махӕн Ромы паддзах йеддӕмӕ паддзах нӕй» (Иоанны 19:14, 15).

Пилат йӕ удӕн фӕтарст ӕмӕ дзуттӕгты ныхмӕ сдзурын ницыуал бауӕндыд. Гъемӕ Йесойы ӕфсӕддонты къухмӕ радта, цӕмӕй йӕ акодтаиккой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътаиккой. Ӕфсӕддонтӕ Йесойӕн йӕ сӕнтсырх пӕлӕз раластой ӕмӕ йыл фӕстӕмӕ йӕхи уӕлӕдарӕс скодтой. Ӕмӕ йӕ куы фӕцӕйкодтой, уӕд ын йӕ хъизӕмӕртты хъӕд дӕр йе ’ккой скодтой.

14 нисаны майрӕмбоны сихормӕ бирӕ нал хъуыд. Йесо цыппӕрӕмы райсомӕй раджы сыстад, ӕмӕ уӕдӕй ардӕм йӕ уд ӕнцой нӕ федта – иу фыдӕвзарӕн-иу нӕма фӕци, афтӕ-иу ӕм иннӕ фыдӕвзарӕн цӕттӕйӕ лӕууыд. Гъемӕ ныр йӕ хъизӕмӕртты хъӕд хӕссыныл бӕргӕ архайдта, фӕлӕ йӕм хъару нал уыди. Уымӕ гӕсгӕ ӕфсӕддонтӕ иу фӕндаггон лӕджы, киренӕйаг Симоны, ӕрлӕууын кодтой ӕмӕ йын Йесойы хъизӕмӕртты хъӕд, кӕм ӕй хъуамӕ байтыгътаиккой, уырдӕм ахӕссын кодтой. Сӕ фӕдыл цыди дуне адӕм. Иуӕй-иутӕ дзы афтӕ маст кодтой, ӕмӕ сӕхи хостой ӕмӕ ӕрдиаг кодтой.

Чи ӕрдиаг кодта, уыцы сылгоймӕгтӕн Йесо загъта: «Иерусалимы чызджытӕ, мӕныл ма кӕут. Кӕут уӕхиуыл ӕмӕ уӕ сывӕллӕттыл, уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дзурдзысты: „Амондджын сты, ӕнӕзӕнӕг чи у, чи нӕ ныййардта ӕмӕ дзидзи чи нӕ дардта, уыцы сылгоймӕгтӕ!“ Уӕд хӕхтӕн дзурдзысты: „Ӕркӕлут ныл!“, ӕмӕ къуыбыртӕн: „Бамбӕхсут нӕ!“ Уымӕн ӕмӕ, кӕд удӕгас бӕласӕн кӕнынц афтӕ, уӕд цымӕ, куы бахус уа, уӕд та цы уыдзӕн?» (Лукайы 23:28–31).

Йесо дзуттаг адӕмы кой кодта. Уыдон уыдысты, бынтон чи нӕма бахус ӕмӕ ма йӕ къалиуты иу гыццыл дон кӕмӕн уыд, ахӕм бӕласы хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йесо нырма семӕ уыд, стӕй ма се ’хсӕн уыди, чи йыл баууӕндыд, ахӕм адӕймӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ уыдон се ’хсӕн куы нал уой, уӕд ӕнӕхъӕн адӕм уыдзысты, чи бахус, ахӕм бӕласы хуызӕн, ома Хуыцауы цӕсты мардӕй уӕлдай нал уыдзысты. Ромы ӕфсад куы ’рбацӕуой ӕмӕ Хуыцау дзуттаг адӕмыл сӕ къухӕй йӕ фыдӕх куы ныккала, ӕцӕг ӕрдиаг кӕнын ӕмӕ сӕ сӕхи хойын уӕд хъӕудзӕн!