Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

132 СӔР

«Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыд»

«Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыд»

МАТФЕЙЫ 27:45–56 МАРЧЫ 15:33–41 ЛУКАЙЫ 23:44–49 ИОАННЫ 19:25–30

  • ЙЕСО ХЪӔДЫЛ АМАРД

  • ӔНАХУЫР ХАБӔРТТӔ ЙЕСОЙЫ МӔЛӔТЫ ФӔСТӔ

Уыди «ӕхсӕзӕм сахат», ома сихорафон. Ӕмӕ «бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг, ӕмӕ афтӕ уыди суанг фарӕстӕм сахатмӕ» – фӕссихор ӕртӕ сахаты онг (Марчы 15:33). Бӕстӕ ӕнахуыр талынг уый тыххӕй нӕ баци, ӕмӕ мӕй хур бааууон кодта. Хурдалынг вӕййы, мӕй куы сног вӕййы, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ӕмӕ уый та Куадзӕны рӕстӕг уыд – мӕй цалхыдзаг куы вӕййы, уӕд. Стӕй хурдалынг цалдӕр минуты йеддӕмӕ нӕ ахӕссы, уӕд та бӕстӕ саудалынг уыди дзӕвгар фылдӕр. Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис: бӕстӕ кӕй баталынг, уый уыд Хуыцауӕй!

Ахъуыды-ма кӕн, Йесойӕ чи хынджылӕг кодта, уыдон куыд фӕуыдаиккой. Бӕстӕ талынг куы уыд, уӕд цыппар сылгоймаджы Йесойы хъизӕмӕртты хъӕдмӕ хӕстӕг бацыдысты. Уыцы сылгоймӕгтӕ уыдысты йӕ мад Марийӕ, Саломи, Марийӕ Магдалинӕ ӕмӕ, Гыццыл Иаков кӕй хуыдтой, уыцы апостолы мад Марийӕ.

Йесо «цы хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд уыди, уый раз» йӕ мадимӕ лӕууыд апостол Иоанн дӕр. Марийӕ каст, йӕ хъӕбул – йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста ӕмӕ дзидзи кӕмӕн фӕдардта, уый – хъизӕмӕртты хъӕдыл куыд удхар кодта, уымӕ. Марийӕ ахӕм уавӕры уыд, цыма йӕ зӕрдӕйы ӕцӕгдӕр «стыр кард» ахызт (Иоанны 19:25; Лукайы 2:35). Ӕмӕ кӕд Йесомӕ фыррыстӕй хъаруйы мур нал баззад, уӕддӕр ма йӕ мадыл хъуыды кодта. Тыхамӕлттӕй Иоанмӕ йӕ сӕрӕй ацамыдта ӕмӕ йӕ мадӕн загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ ай у дӕ фырт!» Стӕй та ацамыдта Марийӕмӕ ӕмӕ Иоаннӕн загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ ай у дӕ мад!» (Иоанны 19:26, 27).

Йесо йӕ мады бафӕдзӕхста, уӕлдай уарзт кӕй кодта, уыцы апостолӕн. Уӕдмӕ Иосиф, ӕвӕццӕгӕн, амард, ӕмӕ Марийӕ идӕдзӕй баззад. Стӕй Йесойыл йе ’фсымӕртӕ, Марийӕйы иннӕ фырттӕ, уӕд нӕма ӕууӕндыдысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ батыхст, цӕмӕй йӕ мадӕн йӕ фарсмӕ уыдаид, ӕнӕуи дӕр ӕм чи фӕкастаид ӕмӕ йӕм уырнындзинады хъуыддаджы дӕр йӕ хъус чи фӕдардтаид, ахӕм адӕймаг. Уӕдӕ нын Йесо уымӕй дӕр фӕзминаг куыннӕ у!

Уыцы талынг рӕстӕг фӕуынмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд Йесо загъта: «Дойны мын у». Ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кодта Хуыцауы Ныхасы фыст пехуымпарад (Иоанны 19:28; Псалом 22:15). Уыцы рӕстӕг Йесо банкъардта, йӕ Фыд ӕй кӕй нал хъахъхъӕдта, цӕмӕй йӕ иузӕрдиондзинад кӕронмӕ фӕлвӕрд ӕрцыдаид. Йесо, ӕвӕццӕгӕн, арамейагау галилейаг ныхасыздӕхтыл, сдзынӕзта: «Ели, Ели, лама савахфани?», ома, «мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?» Уым чи лӕууыд, уыдонӕй йӕ чидӕртӕ раст нӕ бамбӕрстой, ӕмӕ загътой: «Хъусут ӕм, Илийамӕ дзуры!» Уӕд сӕ иу ауад, губкӕ туаг сӕны атылдта, хъӕз лӕдзӕгыл ӕй ӕрсагъта ӕмӕ йын ӕй йӕ дзыхмӕ схаста. Фӕлӕ иннӕтӕ загътой: «Фӕлӕуут-ма, бакӕсӕм ӕм, кӕддӕра йӕм Илийа ӕрцӕуид ӕмӕ йӕ хъӕдӕй ӕрисид!» (Марчы 15:34–36).

Уӕд Йесо хъӕрӕй загъта: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» (Иоанны 19:30). Ӕцӕгдӕр, йӕ Фыд ӕй зӕхмӕ цӕй тыххӕй ӕрӕрвыста, уыдӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст кодта. Ӕмӕ ма фӕстагмӕ загъта: «Мӕ Фыд, дӕ къухтӕм дӕттын мӕ уд» (Лукайы 23:46). Йесо ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн, ӕмӕ йын йӕ царды тых йӕ бар бакодта. Йӕ ныфс фидарӕй Хуыцауыл даргӕйӕ йӕ сӕр йӕ риуыл ӕруагъта ӕмӕ амард.

Раст уыцы сахат зӕхх тынг нынкъуысыд, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ аскъуыдтӕ сты. Зӕххӕнкъуыст афтӕ тыхджын уыди, ӕмӕ Иерусалимы ӕдде зӕппӕдзтӕ фегом сты, ӕмӕ мӕрдтӕ ӕддӕмӕ рахаудысты. Уый чи федта, уыдон «сыгъдӕг горӕтмӕ» бацыдысты ӕмӕ хабар уым радзырдтой (Матфейы 12:11; 27:51–53).

Йесо куы амард, уӕд, Хуыцауы кувӕндоны Сыгъдӕг бынат ӕмӕ Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты ’хсӕн цы даргъ уӕззау ӕмбӕрзӕн уыд, уый уӕлейӕ бынмӕ ӕрыскъуыд ӕмӕ дыууӕ дихы фӕци. Афтӕмӕй Хуыцау равдыста, йӕ Фырты йын чи амардта, уыдонмӕ йӕ маст кӕй ссыгъд. Уыцы диссаджы хабар ма ууыл дзурӕг дӕр уыд, ӕмӕ Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ, ома уӕлӕрвтӕм, фӕндаг кӕй байгом (Дзуттӕгтӕм 9:2, 3; 10:19, 20).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕм тынг фӕтарстысты. Мӕлӕты тӕрхон чи ӕххӕст кодта, уыдоны сӕргълӕууӕг та загъта: «Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыд» (Марчы 15:39). Пилат Йесойы, Хуыцауы Фырт у ӕви нӕ, уымӕй куы фарста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыцы ӕфсӕддон хицау дӕр уым уыд. Ӕмӕ ныр ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодта, Йесо кӕй у рӕстгӕнӕг, бӕлвырдӕй та – Хуыцауы Фырт.

Иннӕтӕ та уыцы ӕнахуыр хабӕрттӕ куы федтой, уӕд фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм «сӕ риутӕ хойгӕ» аздӕхтысты, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл ӕрхудт ӕмӕ хъыг кодтой (Лукайы 23:48). Йесойы куыд байтыгътой, уымӕ дардӕй чи каст, уыдоны ’хсӕн уыди, иуӕй-иу хатт-иу Йесоимӕ чи цыд, бирӕ ахӕм сылгоймӕгтӕ дӕр. Уыдон дӕр уыдысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕмӕ ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ уыдоны зӕрдӕйы уидӕгтӕ дӕр банкъуысын кодтой.