Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

135 СӔР

Йӕ райгасы фӕстӕ фӕзынд бирӕтӕм

Йӕ райгасы фӕстӕ фӕзынд бирӕтӕм

ЛУКАЙЫ 24:13–49 ИОАННЫ 20:19–29

  • ЙЕСО ЕММАУСМӔ ФӔНДАГЫЛ ЙӔ АХУЫРГӔНИНӔГТӔМ ФӔЗЫНД

  • ЙӔ АХУЫРГӔНИНӔГТӔН ФЫСТАД ӔМБАРЫН КӔНЫ

  • ФОМА ДЫЗӔРДЫГ КӔНЫ

16 нисаны хуыцаубоны ахуыргӕнинӕгтӕ тынг ӕнкъард уыдысты. Зӕппадз афтид кӕй уыд, уый цӕуыл дзурӕг у, уый нӕма ӕмбӕрстой (Матфейы 28:9, 10; Лукайы 24:11). Уыцы бон фӕстӕдӕр Клеопӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр иу ахуыргӕнинаг Иерусалимӕй Еммаусмӕ фӕцӕйцыдысты. Уыцы хъӕу Иерусалимӕй уыди иу-иуӕндӕс километры дарддӕр.

Гъемӕ фӕндагыл, цы ’рцыд, уыдӕттыл ныхӕстӕ кодтой. Уалынмӕ сӕм иу ӕнӕзонгӕ адӕймаг ӕрбаиу ӕмӕ сӕ бафарста: «Цӕуыл ныхас кӕнут?» Клеопӕ йын дзуапп радта: «Ӕвӕццӕгӕн, Иерусалимы ӕрцӕуӕггаг дӕ ӕмӕ дзы хибарӕй цӕрыс. Ацы бонты дзы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй куыннӕ фехъуыстай?» Уый та сӕ бафарста: «Ома цавӕр хабӕрттӕ?» (Лукайы 24:17–19).

«Назаретаг Йесойы тыххӕй,– загътой йын уыдон.– Ӕнхъӕл уыдыстӕм, ӕмӕ уый, Израилы чи хъуамӕ ссӕрибар кӕна, уыцы адӕймаг у» (Лукайы 24:19–21).

Гъемӕ йын Клеопӕ ӕмӕ йе ’мбал дзурын райдыдтой, тӕккӕ уыцы бон цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон. Радзырдтой йын, Йесойы кӕм бавӕрдтой, уыцы зӕппадзмӕ сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ кӕй ацыдысты ӕмӕ уым сӕхи цӕстӕй ӕнахуыр хабӕрттӕ кӕй федтой – зӕдтӕ сӕм фӕзындысты ӕмӕ сын загътой, Йесо, дам, удӕгас у. Стӕй ма йын радзырдтой, заппадзмӕ ма ноджыдӕр чидӕртӕ кӕй ацыд ӕмӕ, «сылгоймӕгтӕ куыд загътой, ӕппӕт дӕр» афтӕ кӕй уыд (Лукайы 24:24).

Бӕрӕг уыд, уыцы хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты, уый дыууӕ ахуыргӕнинаджы ӕппындӕр кӕй не ’мбӕрстой. Фӕлӕ сын уыцы ӕнӕзонгӕ адӕймаджы ныхас сӕ зӕрдӕтӕ бацагайдта. Семӕ уыцы барджын ныхас кодта ӕмӕ сын бамбарын кодта, раст кӕй нӕ хъуыды кодтой: «Куыд ӕнӕмбаргӕ стут, пехуымпартӕ цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл куыд зынтӕй ӕууӕндут! Цӕмӕй Чырысти скадджын уыдаид, уый тыххӕй ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ ма бавзӕрстаид?» (Лукайы 24:25, 26). Ӕмӕ сын Фыстадӕй ӕмбарын кӕнын райдыдта, Чырыстийы тыххӕй дзырд кӕм цӕуы, бирӕ ахӕм скъуыддзӕгтӕ.

Уӕдмӕ ӕртӕйӕ дӕр Еммаусмӕ бахӕццӕ сты. Дыууӕ ахуыргӕнинаджы ноджы фылдӕр базонын фӕндыд, ӕмӕ уыцы ӕнӕзонгӕйӕн ныллӕгъстӕ кодтой: «Немӕ ӕрлӕуу, уымӕн ӕмӕ тагъд баизӕр уыдзӕн, бонӕй бирӕ нал баззад». Уый дӕр семӕ ӕрлӕууыд. Ӕмӕ, фынгыл куы ’рбадтысты, уӕд Хуыцаумӕ скуывта, дзул ӕрсаста ӕмӕ сӕм ӕй алӕвӕрдта. Ӕмӕ уӕд, чи у, уый базыдтой, фӕлӕ уӕдмӕ ӕрбацыдӕр (Лукайы 24:29–31). Ныр дызӕрдыг нал кодтой – Йесо удӕгас у!

Дыууӕ ахуыргӕнинаджы кӕрӕдзийӕн уыцы зӕрдиагӕй дзырдтой, цы сыл ӕрцыд, уый тыххӕй: «Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, немӕ фӕндагыл куы ныхас кодта ӕмӕ нын Фыстад куы ’мбарын кодта, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ нӕ риуы нӕ сыгъдысты?» (Лукайы 24:32). Ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты ӕмӕ уым апостолты ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгты ссардтой. Фӕлӕ сын Клеопӕ ӕмӕ йе ’мбалы бацыдмӕ иннӕтӕ дӕр рахабар кодтой: «Хицау ӕцӕгдӕр райгас ӕмӕ Симонмӕ фӕзынд!» (Лукайы 24:34). Ныр та сын ацы дыууӕ ахуыргӕнинаджы дӕр радзырдтой, Йесо сӕм куыд фӕзынд, уый тыххӕй. Уыдон дӕр ӕй сӕхи цӕстӕй федтой.

Ӕмӕ мӕнӕ диссаг – Йесо уаты сӕ тӕккӕ раз февзӕрд! Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн куыд уыди, дзуттӕгты тӕссӕй дуӕрттӕ фидар куы сӕхгӕдтой?! Уырныдта сӕ ӕви нӕ,– Йесо лӕууыд сӕ тӕккӕ астӕу. Ӕмӕ сын сабырӕй загъта: «Фарнӕй хайджын ут!» Фӕлӕ уыдон тынг фӕтарстысты. Уымӕй размӕйау та ныр дӕр афтӕ фенхъӕлдтой, ӕмӕ сӕм зӕд фӕзынд (Лукайы 24:36, 37; Матфейы 14:25–27).

Цыдӕр сӕм кӕй нӕ фӕзынд кӕнӕ сӕ цӕстытыл цыдӕр кӕй нӕ ауад, фӕлӕ Йесо сӕ разы туг ӕмӕ стӕгӕй конд буары кӕй лӕууыд, уый сӕ цӕй фӕрцы бауырныдтаид? Йесо сӕм йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ къухтӕ равдыста ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕй фӕтарстыстут ӕмӕ дызӕрдыг кӕнын цӕмӕн райдыдтат? Мӕнӕ мын мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ къӕхтӕм ӕрбакӕсут: уый ӕз дӕн. Бавналут мӕм ӕмӕ йӕ бамбардзыстут, уымӕн ӕмӕ зӕдӕн фыд ӕмӕ стӕгӕй буар нӕй, ӕз та, куыд уынут, афтӕмӕй фыд ӕмӕ стӕгӕй конд дӕн» (Лукайы 24:36–39). Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгты уый фырцинӕй ӕмӕ фырдисӕй уӕддӕр кӕронмӕ нӕма уырныдта.

Ӕмӕ цӕмӕй ӕппындӕр мауал дызӕрдыг кодтаиккой, уый тыххӕй сӕ бафарста: «Хӕринаг уӕм ницы ис?» Ӕмӕ зынгылфых кӕсаджы хай райста ӕмӕ йӕ бахордта. Уый фӕстӕ сын загъта: «Хъуыды ма йӕ кӕнут, уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын куыд дзырдтон, Моисейы закъоны, Пехуымпарты чингуыты ӕмӕ Псаломты мӕн тыххӕй цы фыст ис, уыдон иууылдӕр кӕй хъуамӕ сӕххӕст уой?» (Лукайы 24:41–44).

Йесо фӕндагыл Клеопӕ ӕмӕ йе ’мбалӕн баххуыс кодта Фыстад бамбарынӕн. Ӕмӕ ныр уыцы уаты чи ӕрӕмбырд, уыдонӕн дӕр загъта: «Афтӕ фыст у, зӕгъгӕ, Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдзӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр йӕ номӕй хъусын кӕндзысты, зӕгъгӕ, уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уын хатыргонд ӕрцӕудзысты. Гъемӕ Иерусалимы дӕр, ӕмӕ стӕй иннӕ рӕтты дӕр хъусын кӕнут, цы федтат, уыдӕттӕ» (Лукайы 24:46–48).

Апостол Фома цӕмӕдӕр гӕсгӕ уым нӕ уыди. Ӕмӕ йын дыккаг бон иннӕтӕ цингӕнгӕйӕ дзырдтой: «Мах Хицауы федтам!» Фӕлӕ сын Фома загъта: «Цалынмӕ йын йӕ къухтыл зӕгӕлты фӕдтӕ мӕхи цӕстӕй нӕ фенон ӕмӕ ме ’нгуылдз уыцы фӕдтыл не ’рӕвӕрон ӕмӕ йын мӕ къух йӕ фарсыл нӕ авӕрон, уӕдмӕ мӕ нӕ бауырндзӕн» (Иоанны 20:25).

Аст боны фӕстӕ та ахуыргӕнинӕгтӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ та дуар сӕхгӕдтой. Уӕд Фома дӕр уым уыди. Ӕмӕ та сӕм Йесо адӕймаджы буары фӕзынд ӕмӕ сын раарфӕ кодта: «Фарнӕй хайджын ут!» Уый фӕстӕ йе ’ргом Фомамӕ аздӕхта ӕмӕ йын загъта: «Гъа, мӕнӕ ам ӕрӕвӕр де ’нгуылдз ӕмӕ мын мӕ къухтӕ фен, ӕмӕ дӕ къух мӕ фарсыл авӕр, ӕмӕ мауал дызӕрдыг кӕн, фӕлӕ дӕм уырнындзинад уӕд». Ӕмӕ уӕд Фома фырцинӕй уыциу хъӕр фӕкодта: «Мӕ Хицау ӕмӕ мӕ Хуыцау!» (Иоанны 20:26–28). Ныр нал дызӕрдыг кодта, Йесо кӕй райгас ӕмӕ кӕй у хъомысджын зӕд – Йегъовӕ Хуыцауы минӕвар.

«Кӕй мӕ федтай, уый тыххӕй дӕ бауырныдта? – загъта Йесо Фомайӕн.– Амондджын сты, чи нӕ уыны ӕмӕ афтӕмӕй кӕй уырны, уыдон» (Иоанны 20:29).