Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

136 СӔР

Галилейӕйы денджызы былыл

Галилейӕйы денджызы былыл

ИОАННЫ 21:1–25

  • ЙЕСО ЙӔ АПОСТОЛТӔМ ФӔЗЫНД ГАЛИЛЕЙӔЙЫ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛЫЛ

  • ПЕТР ӔМӔ ИННӔТӔ ХЪУАМӔ ЧЫРЫСТИЙЫ ФЫСТӔМ КӔСОЙ

Йесо ма йӕ мӕлӕты размӕ фӕстаг изӕр йӕ апостолтимӕ куы уыди, уӕд сын загъта: «Куы райгас уон, уӕд уӕ разӕй ацӕудзынӕн Галилейӕмӕ ӕмӕ уӕм уым ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн» (Матфейы 26:32; 28:7, 10). Ӕмӕ ныр ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ уырдӕм ӕрцыдысты. Фӕлӕ уым цы хъуамӕ куыстаиккой?

Иуафон Петр апостолтӕй ӕхсӕзӕн бакой кодта: «Ӕз кӕсаг ахсынмӕ цӕуын». Ӕмӕ йын ӕхсӕзӕй дӕр загътой: «Мах дӕр демӕ цӕуӕм» (Иоанны 21:3). Ӕмӕ кӕд ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфыдӕбон кодтой, уӕддӕр иу кӕсаг дӕр не ’рцахстой. Бонырдӕм Йесо денджызы былыл фӕзынд, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ базыдтой. Йесо сӕ бафарста: «Мӕ хъӕбултӕ, хӕринаг уӕм исты ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ницы!» Ӕмӕ сын уӕд загъта: «Уӕ хыз бӕлӕгъы рахиз фарс баппарут, ӕмӕ ӕрцахсдзыстут кӕсӕгтӕ» (Иоанны 21:5, 6). Гъемӕ уыйбӕрц кӕсаг ӕрцахстой, ӕмӕ сӕ хыз фӕстӕмӕ сласын дӕр сӕ бон нал уыди.

«Уый нӕ Хицау у!» – загъта Иоанн Петрӕн (Иоанны 21:7). Петр цалынмӕ кӕсаг ахста, уӕдмӕ йӕ уӕллаг дарӕс йӕ уӕлӕ нӕ уыд, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ӕй уайтагъд йӕ уӕлӕ ӕркодта, денджызмӕ ныггӕпп кодта ӕмӕ былмӕ аленк кодта. Ленк кӕнын ӕй хъуыди сӕдӕ метры бӕрц. Ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр бӕлӕгъы, кӕсӕгтӕй дзаг хыз сӕ фӕдыл ласгӕйӕ, сабыргай былмӕ раленк кодтой.

Денджызы былмӕ куы рахызтысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ «арт судзы, зынгтыл та – кӕсӕгтӕ, стӕй дзы уыди дзул дӕр». Йесо сын загъта: «Цы кӕсӕгтӕ ’рцахстат, уыдонӕй-ма рахӕссут». Уӕд Петр былмӕ раласта кӕсӕгтӕй дзаг хыз – уыди дзы сӕдӕ фӕндзай ӕртӕ стыр кӕсаджы! Стӕй сӕм Йесо фӕдзырдта: «Рацӕут, бахӕрут». Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй йӕ ничи уӕндыд бафӕрсын, «чи дӕ, зӕгъгӕ», уымӕн ӕмӕ зыдтой, уый Йесо кӕй уыд (Иоанны 21:9–12). Йесо ныр ӕртыккаг хатт фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, иумӕ къордӕй уыдысты, афтӕмӕй.

Йесо сӕ алкӕмӕн дӕр дзул ӕмӕ кӕсаг радта. Ӕмӕ стӕй, ӕвӕццӕгӕн, цы кӕсӕгтӕ ӕрцахстой, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ, бафарста: «Иоанны фырт Симон, адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс?» Ӕцӕгдӕр, Петрӕн сӕйрагдӕр цы уыд: кӕсаг ахсыны куыст ӕви йын Йесо цы хъуыддаг бабар кодта, уый? Петр ын дзуапп радта: «О, Хицау, куы йӕ зоныс, кӕй дӕ уарзын». Ӕмӕ йын уӕд Йесо ныффӕдзӕхста: «Кӕс мын мӕ уӕрыччытӕм» (Иоанны 21:15).

Уый фӕстӕ та йӕ ногӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс мӕ?» Ӕмӕ та йын Петр уыцы зӕрдиагӕй дзуапп радта: «Хицау, куы йӕ зоныс, кӕй дӕ уарзын». Йесо та йын загъта: «Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм» (Иоанны 21:16).

Ӕмӕ та йӕ ӕртыккаг хатт дӕр бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс мӕ?» Уӕд Петр, ӕвӕццӕгӕн, сагъӕсты бафтыд, кӕд мын Йесо мӕ иузӕрдиондзинадыл дызӕрдыг кӕны, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын уӕлдай зӕрдиагӕй загъта: «Хицау, ды алцыдӕр зоныс. Зоныс ӕй, кӕй дӕ уарзын». Ӕмӕ та йын Йесо ногӕй загъта, цы хъуамӕ араза, уый: «Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм» (Иоанны 21:17). Ӕцӕгдӕр, ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыдон хъуамӕ кӕстӕры лӕггад кӕной, Хуыцау йӕ фысты кӕртмӕ кӕй ӕрбакӕны, уыдонӕн!

Йесо арӕзта, Хуыцау ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй сбастой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътой. Ӕмӕ ныр Петрӕн раргом кодта, уымӕ дӕр ахӕм мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы: «Ӕрыгондӕр куы уыдтӕ, уӕд-иу дӕ астӕу дӕхӕдӕг ӕрбабастай, ӕмӕ дӕ кӕдӕм фӕндыд, уырдӕм-иу ацыдтӕ. Фӕлӕ куы базӕронд уай, уӕд дӕ къухтӕ бадардзынӕ, ӕмӕ дӕ ӕндӕр чидӕр ӕрбабӕтдзӕн ӕмӕ дӕ акӕндзӕн, кӕдӕм дӕ нӕ фӕнды, уырдӕм». Фӕлӕ йын уӕддӕр ныффӕдзӕхста: «Дарддӕр дӕр мӕ фӕдыл цу» (Иоанны 21:18, 19).

Уыцы рӕстӕг Петр апостол Иоанны ауыдта ӕмӕ Йесойы бафарста: «Хицау, ацы адӕймаг та?» Ӕцӕгдӕр, сӕ Ахуыргӕнӕг уӕлдай уарзт кӕй кодта, уыцы апостолмӕ фидӕны цы ’нхъӕлмӕ каст? Йесо Петрӕн загъта: «Кӕд мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ уый ме ’рцыдмӕ баззайа, уӕд дӕуӕн цы уӕлдай у?» (Иоанны 21:21–23). Иннӕтӕ цы аразынц, ууыл хъуыды кӕныны бӕсты Петр хъуамӕ дарддӕр дӕр Йесойы фӕдыл цыдаид. Фӕлӕ йын уӕддӕр Йесо бамбарын кодта, Иоанн иннӕ апостолтӕй фылдӕр кӕй фӕцӕрдзӕн ӕмӕ йын цӕстылуайӕны ӕвдыст кӕй ӕрцӕудзӕн, Йесо паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куыд райсдзӕн, уый.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо ма ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Фӕлӕ уыдон иууылдӕр куы фыстаиккой, уӕд, дунейы цыдӕриддӕр тыхтӕттӕ уыд, уыдоны дӕр нӕ бацыдаиккой.