Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 ХАЙ

Йесойы лӕггад фӕстӕдӕр Иудейӕйы

«Курут хуымы хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита (Лукайы 10:2)

Йесойы лӕггад фӕстӕдӕр Иудейӕйы

АЦЫ ХАЙЫ

66 СӔР

Иерусалимы Цатырты бӕрӕгбоны

Йесомӕ чи хъуыста, уыдон дзы афтӕ цӕмӕн ахъуыды кодтой, ӕмӕ хӕйрӕджджын уыд?

67 СӔР

«Уыцы адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуы ничи дзырдта»

Дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондоны тӕрхонгӕнджытӕ иууылдӕр Йесойы ныхмӕ рацыдысты, фӕлӕ дзы иу адӕймаг йӕ ныфс бахаста йӕ сӕрыл сдзурынмӕ.

68 СӔР

Хуыцауы Фырт – «ацы дунейӕн рухс»

Йесо загъта, зӕгъгӕ «уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн». Фӕлӕ цӕмӕй?

69 СӔР

Чи уыд сӕ фыд – Авраам ӕви Хӕйрӕг?

Йесо дзырдта, Авраамы сывӕллӕтты куыд ис базонӕн, стӕй йӕ Фыд ӕцӕгӕй чи у, уый тыххӕй.

70 СӔР

Йесо сдзӕбӕх кодта, йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ куырм чи уыд, уыцы лӕджы

Ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы бафарстой, уыцы лӕг куырм цӕмӕн уыд, уымӕй. Йӕхӕдӕг сарӕзта тӕригъӕд? Йӕ ныййарджытӕ сарӕзтой тӕригъӕд? Йесо уыцы лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд уымӕ адӕм иухуызон цӕстӕй нӕ ракастысты.

71 СӔР

Фарисейтӕ, куырм чи уыд, уыцы лӕгӕн йӕ ныхмӕ систы

Куырм чи уыд, уыцы лӕг цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, уыдоны ныхмӕ фарисейтӕн сӕ бон ницы уыди зӕгъын, ӕмӕ йӕм мӕстӕй рафыхтысты. Йӕ ныййарджытӕ цӕмӕй тарстысты, уый йыл ӕрцыд – фарисейтӕ йӕ ӕмбырдгӕнӕнӕй ратардтой.

72 СӔР

Йесо 70 ахуыргӕнинаджы хъусын кӕнынмӕ арвыста

Иудейӕйы Йесо 70 ахуыргӕнинаджы дыгӕйттӕй хъусын кӕнынмӕ арвыста. Цымӕ кӕм хъусын кодтой – ӕмбырдгӕнӕнты ӕви адӕмӕн сӕ хӕдзӕртты?

73 СӔР

Самариаг равдыста ӕцӕг уарзондзинад

Йесо хӕларзӕрдӕ самариаджы тыххӕй фӕсномыг ныхас кӕй радзырдта, уый фӕрцы цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодта?

74 СӔР

Йесо дзуры уазӕгуарзондзинады ӕмӕ кувыны тыххӕй

Йесо Марийӕ ӕмӕ Марфӕмӕ уазӕгуаты бацыд. Уазӕгуарзондзинады тыххӕй сын цавӕр уынаффӕ радта? Фӕстӕдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта, кувын куыд хъӕуы, уый тыххӕй?

75 СӔР

Ӕмбарын кӕны, ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

Йесо, йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн дзуры «Хуыцауы ӕнгуылдзы» тыххӕй ӕмӕ сӕ Хуыцауы паддзахад кӕй ӕрӕййӕфта, уый тыххӕй. Дзуры ма, ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый тыххӕй дӕр.

76 СӔР

Фарисеймӕ уазӕгуаты

Йесо хурмӕ рахаста фарисейты ӕмӕ чиныджыдӕсныты цӕстмӕ митӕ. Адӕмӕн цавӕр уӕззау уӕргътӕ хӕссын кодтой?

77 СӔР

Уынаффӕтӕ хъӕздыгдзинады фӕдыл

Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас, стырдӕр хордӕттӕ чи сарӕзта, уыцы хъӕздыг лӕджы тыххӕй. Мулк ӕмбырд кӕнын тӕссаг цӕмӕй у, уый тыххӕй та ногӕй цы загъта?

78 СӔР

Ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕг, дӕхи цӕттӕ дар!

Йесо тыхсы йӕ ахуыргӕнинӕгты уырнындзинадыл. Хӕдзармӕгӕсӕг цы хъуамӕ араза, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидар уа? Ацы фӕдзӕхст, уӕхи цӕттӕ дарут, зӕгъгӕ, афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

79 СӔР

Ӕнӕуырнӕг дзуттӕгтӕ фесафинаг цӕмӕн уыдысты?

Йесо загъта, баххуыс кӕнын ӕй кӕмӕн фӕндыд, уыдон куы не ’рфӕсмон кодтаиккой, уӕд кӕй фесӕфтаиккой. Хуыцауы раз сын цавӕр ном ис, ууыл ахъуыды кодтой?

80 СӔР

Хорз Фыййау ӕмӕ фысты кӕртытӕ

Фыййау йӕ фыстӕн куыд у, уый хорз ӕвдисы, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цы зӕрдӕ дары, уый. Йӕ ахуырӕдтыл ын баууӕнддзысты ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕудзысты?

81 СӔР

Йесо ӕмӕ йӕ Фыд иу цы хуызы сты?

Дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Йесойы аххосджын кодтой, зӕгъгӕ, йӕхи Хуыцау хоны. Дӕсны Ахуыргӕнӕг сын куыд сбӕлвырд кодта, дзӕгъӕлы йӕ кӕй аххосджын кодтой?