Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Дӕумӕ гӕсгӕ...

  • адӕймаджы зӕрдӕйы ис?

  • ӕрымысгӕ цыдӕр у?

  • уӕларвон хицауад у?

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

«Уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад» (Данел 2:44, «Библи – Ног дунейы тӕлмац»).

«Лӕвӕрд [ын] ӕрцыдысты хицауы бартӕ, кад ӕмӕ паддзахад... Уый хицау уыдзӕн ӕнустӕм» (Данел 7:14).

УЫЙ ДЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У

  • Уый у рӕстаг хицауад ӕмӕ дын ӕрхӕсдзӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ (Исай 48:17, 18).

  • Фидӕны ног дунейы уыдзынӕ ӕнӕниз ӕмӕ амондджын (Раргомад 21:3, 4).

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС, УУЫЛ ӔЦӔГДӔР ИС ӔУУӔНДӔН?

О, ӕппынкъаддӕр дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй.

  • Чырысти равдыста, Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый. Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амыдта, зӕгъгӕ, кувут, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ Хуыцауы фӕндон уа зӕххыл дӕр (Матфейы 6:9, 10). Ӕмӕ уыцы куывдӕн Хуыцау дзуапп куыд ратдзӕн, уый ӕвдисгӕ дӕр ракодта.

    Чырысти зӕххыл куы уыди, уӕд ӕххормаг адӕмы ӕфсӕста, рынчынты дзӕбӕх кодта ӕмӕ мӕрдты дӕр ӕгас кодта! (Матфейы 15:29–38; Иоанны 11:38–44). Цӕмӕн арӕзта уыцы диссӕгтӕ? Чырысти фидӕны Хуыцауы Паддзахады Паддзахӕй ӕвӕрд кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕ гӕсгӕ равдыста, уыцы Паддзахад йӕ адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, уый (Раргомад 11:15).

  • Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, Хуыцауы Паддзахад тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн. Чырысти загъта, Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ фарн кӕй ӕрхӕсдзӕн, фӕлӕ уый размӕ дунейы кӕй цӕудзӕн хӕстытӕ, кӕй уыдзӕн ӕххормаг замантӕ ӕмӕ зӕххӕнкъуыстытӕ (Матфейы 24:3, 7).

    Уыцы хабӕрттӕ абон мах нӕхи цӕстӕй уынӕм. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зонӕм, тагъд Хуыцауы Паддзахад уыцы бӕллӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн.

КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС?

Зӕхх Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы уа, уӕд адӕм куыд цӕрдзысты?

Библийы ацы фарстайӕн дзуапп ис ПСАЛОМЫ 37:29 ӕмӕ ИСАЙЫ 65:21–23.