Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцаумӕ мах тыххӕй цавӕр фӕнд ис?

Хуыцаумӕ мах тыххӕй цавӕр фӕнд ис?

ГАЗЕТТЫ, телевизоры, радиойы ӕмӕ интернеты фыдракӕндтӕ, хӕстытӕ ӕмӕ терроризмы койӕ фылдӕр ницы ис. Уымӕй уӕлдай, алчидӕр цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, зӕгъӕм, чидӕр цавӕрдӕр низӕй рынчын у, кӕуылдӕр та зиан ӕрцыд.

Ахъуыды-ма кӕн ахӕм фарстатыл:

  • Цымӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ӕз ӕмӕ мӕ бинонтӕ ахӕм цард кӕнӕм?

  • Цы мын баххуыс кӕндзӕн мӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнынӕн?

  • Искуы зӕххыл сабыр цард уыдзӕн?

Ацы фарстатӕн дзуапп базонӕн ис Библийӕ.

БИБЛИЙӔ БАЗОНӔН ИС, ХУЫЦАУ ЗӔХХЫЛ СТЫР ДИССӔГТӔ КӔЙ САРАЗДЗӔН

  • Адӕм, рыст цы у, уый нал зондзысты, нал зӕронд кӕндзысты ӕмӕ нал мӕлдзысты (Раргомад 21:4)

  • «Къуылых чи у, уый сагау згъордзӕн» (Исай 35:6)

  • «Куырмытӕ цӕстӕй ракӕсдзысты» (Исай 35:5)

  • Чи амард, уыдон райгас уыдзысты (Иоанны 5:28, 29)

  • Рынчын ничиуал кӕндзӕн (Исай 33:24)

  • Алкӕмӕн дӕр хӕринаг уыдзӕн фагӕй фылдӕр (Псалом 72:16)

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ, УЫЙ БАЗОН

Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, ацы чиныджы фыццаг фӕрстыл цы диссаджы царды кой ис, уый аргъау у. Фӕлӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, тынг тагъд зӕххыл ӕцӕгдӕр ахӕм цард кӕй скӕндзӕн. Ӕмӕ уый куыд сараздзӕн, уый нӕ бон у Библийӕ базонын.

Уымӕй уӕлдай ма нын Библи дзуры, цы хъуамӕ зонӕм, цӕмӕй ӕцӕгдӕр амондджын уӕм ӕмӕ абон дӕр нӕ цардӕй райгонд уӕм. Иу гыццыл-ма ахъуыды кӕн, цы дӕ тыхсын кӕны, уыдӕттыл. Чи зоны, ӕхцайӕ цух ӕййафыс кӕнӕ хӕдзары мӕстытӕ ’взарыс, цавӕрдӕр низ дӕ хъыгдары йе та дын чидӕр амард. Библи дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ зындзинӕдтӕн фӕразай. Стӕй дын удӕнцой ӕрхӕсдзӕн, уымӕн ӕмӕ дзы дзуапп ссардзынӕ ахӕм фарстатӕн:

Ацы чиныг кӕй кӕсыс, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ фӕнды, Библийы цы фыст ис, уый базонын. Абзацтӕм дзы ис фарстатӕ. Ӕмӕ уыдоны фӕрцы Библи хуыздӕр бамбардзынӕ. Библийы цы фыст ис, ууыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕимӕ фӕныхас кӕнынц, уыдон сты милуантӕ. Ӕмӕ уыцы адӕмӕн сӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы Библийыл ныхас кӕнын. Ныфс нӕ ис, уый дӕ зӕрдӕмӕ дӕр кӕй фӕцӕудзӕн. Уӕдӕ дын Хуыцау ахӕм арфӕ ракӕнӕд, цӕмӕй, Библи цы дзуры, уый базонай!