Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 СӔР

Йесо Чырысти чи у?

Йесо Чырысти чи у?

1, 2. а) Цавӕрдӕр зындгонд адӕймагӕн йӕ ном куы зонай, уӕд афтӕ зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕхи дӕр хорз зоныс? Бамбарын ӕй кӕн. б) Адӕм Йесойы тыххӕй цы хъуыды кӕнынц?

ЗӔХХЫЛ бирӕ зындгонд адӕм ис. Ӕмӕ дзы кӕмӕндӕрты сӕ нӕмттӕ фӕзонӕм. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ сын сӕхи дӕр хорз зонӕм, ома сӕ царды тыххӕй алы хабар дӕр, стӕй цавӕр адӕймӕгтӕ сты, уый.

2 Кӕд Йесо Чырысти зӕххыл 2 000 азы размӕ цард, уӕддӕр ын, ӕвӕццӕгӕн, йӕ кой фехъуыстай. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ зонынц, Йесо цавӕр адӕймаг уыд, уый. Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, хорз адӕймаг уыд, зӕгъгӕ. Иннӕтӕ йӕ хонынц пехуымпар, чидӕртӕ та йӕ Хуыцауыл нымайынц. Ды та куыд хъуыды кӕныс? (Кӕс 12-ӕм уӕлӕмхасӕн.)

3. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти чи сты, уый зонын дӕ ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъӕуы?

3 Йесо чи у, уый зонын дӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы. Цӕмӕн? Библи зӕгъы: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Йегъовӕ ӕмӕ Йесо чи сты, уый куы зонай, уӕд дын уыдзӕн ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс (Иоанны 14:6). Йесойы базонын ма нӕ ноджыдӕр уый тыххӕй хъӕуы, ӕмӕ нын уый у фӕзминаг, нӕ цард куыд хъуамӕ аразӕм ӕмӕ иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм, уымӕй дӕр (Иоанны 13:34, 35). 1-аг сӕрӕй базыдтам, Хуыцау чи у, уый. Ныр та базондзыстӕм, Библи Йесойы тыххӕй цы дзуры, уый.

«МАХ ССАРДТАМ МЕССИЙӔЙЫ»

4. Дзырдтӕ «Мессийӕ» ӕмӕ «Чырысти» цы нысан кӕнынц?

4 Йесо зӕххыл куы райгуырд, уымӕй бирӕ азтӕ раздӕр Йегъовӕ Библийы ныффыссын кодта, зӕхмӕ Мессийӕйы, кӕнӕ Чырыстийы, кӕй ӕрӕрвитдзӕн. Дзырд «Мессийӕ» у дзуттаг ӕвзагӕй, «Чырысти» та – грекъаг ӕвзагӕй. Дыууӕ дзырды дӕр нысан кӕнынц «Сӕрст» ӕмӕ амонынц, Хуыцау ахсджиаг хъуыддагӕн кӕй равзӕрста, уыцы адӕймагмӕ. Мессийӕ сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр. Ӕмӕ Йесо Чырысти цы сарӕзта, уый дын ныр дӕр стыр ӕххуыс уыдзӕн.

5. Йесо Мессийӕ кӕй уыд, уый йӕ ахуыргӕнинӕгты уырныдта?

5 Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ дызӕрдыг кодтой, Йесо кӕй уыд, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мессийӕ (Иоанны 1:41). Зӕгъӕм, Симон Петр Йесойӕн загъта: «Ды дӕ Чырысти» (Матфейы 16:16). Йесойы ахуыргӕнинӕгтау мах дӕр цӕй фӕрцы уырндзӕн, Йесо Мессийӕ кӕй у, уый?

6. Йегъовӕ сӕрныллӕг адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны Мессийӕйы базонынӕн?

6 Йесойы райгуырдӕй бирӕ раздӕр Хуыцауы пехуымпартӕ Мессийӕйы тыххӕй ныффыстой бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ. Уыдоны фӕрцы адӕмӕн сӕ бон уыдаид Мессийӕйы базонын. Ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Зӕгъӕм, чидӕр дын загъта, цӕмӕй ацӕуай автобусты станцӕмӕ ӕмӕ фембӕлай, кӕй никуы федтай, ахӕм адӕймагыл. Ӕмӕ цыхуызӕн у, уый дӕр дын бӕстон куы радзура, уӕд ӕй дӕ бон уыдзӕн бирӕ адӕмы ’хсӕн дӕр базонын. Раст афтӕ Йегъовӕ йӕ пехуымпарты уылты радзырдта, Мессийӕ цы сараздзӕн ӕмӕ йыл цы ’рцӕудзӕн. Ӕмӕ уыцы пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст сты, уый фӕрцы сӕрныллӕг адӕм бамбарынц, Йесо Мессийӕ кӕй у, уый.

7. Йесо Мессийӕ кӕй у, уый цавӕр дыууӕ пехуымпарады ӕвдисынц?

7 Ӕркӕсӕм уыцы пехуымпарӕдтӕй дыууӕмӕ. Фыццаг: Йесойы райгуырдӕй 700 азы раздӕр пехуымпар Михей ныффыста, Мессийӕ кӕй райгуырдзӕн гыццыл горӕт Вифлеемы (Михей 5:2). Ӕмӕ Йесо ӕцӕгдӕр уым райгуырд! (Матфейы 2:1, 3–9). Дыккаг: пехуымпар Данел ныффыста, Мессийӕйӕн йӕ лӕггад кӕй райдайдзӕн н. э. 29 азы (Данел 9:25). Ӕмӕ ма ацы пехуымпарӕдтӕй уӕлдай бирӕ ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ бӕлвырд ӕвдисынц, Йесо Мессийӕ кӕй у, уый. (Кӕс 13-ӕм уӕлӕмхасӕн.)

Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд сси Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти

8, 9. Йесойы аргъуыды рӕстӕг цы ’рцыд, уымӕй куыд зыны, Йесо Мессийӕ кӕй у, уый?

8 Йегъовӕ бӕлвырд бамбарын кодта, Йесо Мессийӕ кӕй у, уый. Аргъауӕг Иоаннӕн загъта, кӕй йын ратдзӕн нысан, ӕмӕ уыцы нысанӕй Иоанн Мессийӕйы кӕй базондзӕн. Н. э. 29 азы Йесо Иорданы цӕугӕдонмӕ Иоаннмӕ донаргъуыд райсынмӕ куы ’рбацыд, уӕд Иоанн уыцы нысан федта. Цы ’рцыд, уый тыххӕй Библийы кӕсӕм: «Йесо куыддӕр аргъуыд райста, афтӕ донӕй рахызт, ӕмӕ уӕд арв фегом, ӕмӕ йын Иоанн йӕ сӕрмӕ федта Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы ӕрцӕйцӕугӕ. Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: „Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт“» (Матфейы 3:16, 17). Иоанн уыцы нысан куы федта ӕмӕ Хуыцауы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ӕй бамбӕрста, Йесо Мессийӕ кӕй у (Иоанны 1:32–34). Уыцы бон, Йегъовӕ Йесойыл йӕ сыгъдӕг тых куы ’руагъта, уӕд, Йесо сси Мессийӕ. Хуыцау ӕй равзӕрста Хицауӕй ӕмӕ Паддзахӕй (Исай 55:4).

9 Библийы пехуымпарӕдтӕ, Йегъовӕйы ныхӕстӕ ӕмӕ, Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Йегъовӕ кӕй радта, уыцы нысан бӕлвырд ӕвдисынц, Йесо Мессийӕ кӕй у. Фӕлӕ Йесо зӕхмӕ кӕцӕй ӕрцыд ӕмӕ цавӕр адӕймаг уыд? Фенӕм, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый.

ЙЕСО ЗӔХМӔ КӔЦӔЙ ӔРЦЫД?

10. Цалынмӕ Йесо зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ кӕм уыд? Библи уый тыххӕй цы дзуры?

10 Библийӕ базонӕн ис, цалынмӕ Йесо зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ бирӕ рӕстӕг уӕлӕрвты кӕй цард. Михей загъта, Мессийӕ «раджы замантӕй» кӕй уыд (Михей 5:2). Йесо йӕхӕдӕг дӕр бирӕ хӕттыты дзырдта, раздӕр уӕлӕрвты кӕй цард. (Бакӕс Иоанны 3:13; 6:38, 62; 17:4, 5.) Зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕдмӕ дӕр Йегъовӕимӕ тынг ӕввахс уыд.

11. Йесо Йегъовӕйӕн афтӕ зынаргъ цӕмӕн у?

11 Йесо Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ у. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ се ’ппӕтӕй раздӕр уый сфӕлдыста. Библийы Йесойы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уый у, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаггуырд» (Колоссӕгтӕм 1:15, фиппаинаг) *. Йесо ма Йегъовӕйӕн зынаргъ уымӕн у, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг иунӕгӕй сфӕлдыста. Ӕмӕ уый тыххӕй хуыйны «иунӕггуырд Фырт» (Иоанны 3:16, фиппаинаг). Уымӕй уӕлдай, уый фӕстӕ Йегъовӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдӕттӕ сфӕлдыста Йесоимӕ (Колоссӕгтӕм 1:16). Стӕй ӕрмӕстдӕр Йесо хуыйны «Дзырд», уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уый уылты лӕвӕрдта амындтӕ зӕдтӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ-иу сӕм йӕ ныхӕстӕ уый уылты фӕхӕццӕ кодта (Иоанны 1:14).

12. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесо Чырысти Хуыцау кӕй нӕу?

12 Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Йесо Чырысти Хуыцау у. Фӕлӕ Библи афтӕ нӕ зӕгъы. Библи зӕгъы, Йесойы Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ома йын уыд райдиан. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн та, ӕппӕт дӕр чи сфӕлдыста, уымӕн, райдиан нӕ уыд (Псалом 90:2). Йесо, Хуыцауы Фырт, ууыл хъуыды дӕр никуы кодта, цӕмӕй Хуыцау уыдаид. Библи комкоммӕ зӕгъы, Фыд Фыртӕй уӕлдӕр кӕй у. (Бакӕс Иоанны 14:28; 1 Коринфӕгтӕм 11:3.) Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау» (Райдиан 17:1). Дун-дунейы уый хуызӕн тых никӕмӕ ис *.

13. Библи цӕмӕн зӕгъы, зӕгъгӕ, Йесо у, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы хуызӕн»?

13 Цалынмӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт, Йесо, арв ӕмӕ зӕхх скодтой, уӕдмӕ дӕр миллиардгай азтӕ иумӕ фыдӕбон кодтой. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕрӕдзи тынг уарзтой! (Иоанны 3:35; 14:31). Йесо йӕ Фыды миниуджытӕ афтӕ тынг фӕзмыдта, ӕмӕ дзы Библи зӕгъы: «Уый у, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы хуызӕн» (Колоссӕгтӕм 1:15).

14. Уымӕн гӕнӕн куыд уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы Фырт зӕххыл райгуырдаид?

14 Йегъовӕйӕн йӕ зынаргъ Фырт разы уыд йӕ уӕларвон цард ныууадзыныл. Уый райгуырд зӕххыл адӕймагӕй. Уымӕн гӕнӕн куыд уыд? Йегъовӕ йӕ Фырты цард диссаджы хуызы уӕларвӕй рахаста ӕнӕвнӕлд чызг Марийӕйы хуылфмӕ. Уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй Йесо райгуырдаид, уый тыххӕй йӕ зӕххон фыд нӕ хъуыд. Марийӕйӕн райгуырд ӕххӕст фырт, ӕмӕ йӕ схуыдта Йесо (Лукайы 1:30–35).

ЙЕСО ЦАВӔР АДӔЙМАГ УЫД?

15. Дӕ бон куыд у Йегъовӕйы хуыздӕр базонын?

15 Йесойӕн йӕ царды тыххӕй, стӕй, цавӕр адӕймаг уыд ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ уыд, уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонӕн ис Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны фыст чингуытӕй. Уыдон хуыйнынц Евангелитӕ. Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды хуызӕн у. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Евангелиты цы бакӕсай, уый фӕрцы Йегъовӕйы ноджы хуыздӕр базондзынӕ. Йесо афтӕ дӕр уый тыххӕй загъта: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоанны 14:9).

16. Йесо адӕмӕн цы амыдта? Цы амыдта, уыдӕттӕ кӕмӕй уыдысты?

16 Бирӕтӕ Йесойы хуыдтой «Ахуыргӕнӕг» (Иоанны 1:38; 13:13). Адӕмӕн цы ахсджиаг хабӕрттӕ амыдта, уыдонӕй иу уыд «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар». Цы у уыцы Паддзахад? Уый у Хуыцауы ӕвӕрд хицауад. Уыцы хицауад уӕлӕрвтӕй разамынд дӕтдзӕн ӕнӕхъӕн зӕххӕн дӕр ӕмӕ стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, Хуыцауӕн коммӕгӕс чи у, уыцы адӕмӕн (Матфейы 4:23). Йесо цыдӕриддӕр амыдта, уый уыд Йегъовӕйӕ. Йесо загъта: «Ӕз цӕуыл ахуыр кӕнын, уый мӕхицӕй нӕу, фӕлӕ мӕ чи рарвыста, уымӕй» (Иоанны 7:16). Йесо зыдта, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм фехъусой хорз хабар, Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд кӕй дӕтдзӕн, уый тыххӕй.

17. Йесо-иу адӕмы кӕм ахуыр кодта? Иннӕты ахуыр кӕнынӕн йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ цӕуылнӕ ӕвгъау кодта?

17 Йесо-иу адӕмы кӕм ахуыр кодта? Кӕмдӕриддӕр сыл ӕмбӕлд, уым. Ахуыр сӕ кодта хъӕуты, горӕтты, базарты, кувӕндоны, ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ хӕдзӕртты. Адӕм ӕм сӕхӕдӕг кӕд ӕрбацӕудзысты, уымӕ-иу не ’нхъӕлмӕ каст. Арӕх-иу сӕм йӕхӕдӕг ацыд (Марчы 6:56; Лукайы 19:5, 6). Йесо ӕнцой нӕ зыдта ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнынӕн йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ не ’вгъау кодта. Афтӕ цӕмӕн кодта? Уымӕн ӕмӕ зыдта, уый Хуыцауы фӕндон кӕй уыд, стӕй йӕ Фыдмӕ алкӕддӕр хъуыста (Иоанны 8:28, 29). Йесо ма хорз хабар уымӕн хъусын кодта, ӕмӕ адӕмӕн тӕригъӕд кодта. (Бакӕс Матфейы 9:35, 36.) Уыдта йӕ, дины разамонджытӕ сын Хуыцауы ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад кӕй нӕ амыдтой. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй хорз хабар, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕм фехъуыстаиккой.

18. Йесойы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцытӕ цӕуынц?

18 Йесо адӕмы уарзта ӕмӕ сыл тыхсти. Уый уыд хӕларзӕрдӕ адӕймаг, ӕмӕ адӕмӕн йемӕ ӕнцон уыд. Сывӕллӕттӕ дӕр ӕй тынг уарзтой (Марчы 10:13–16). Йесо алкӕддӕр архайдта рӕстӕй. Ӕнад ын уыдысты хӕрам ӕмӕ мӕнгард хъуыддӕгтӕ (Матфейы 21:12, 13). Йӕ рӕстӕджы сылгоймӕгтӕн бирӕ бартӕ нӕ уыд ӕмӕ сӕ бирӕтӕ ницӕмӕ дардтой. Фӕлӕ сӕ Йесо нымадта ӕмӕ сын кад кодта (Иоанны 4:9, 27). Йесо ма уыд тынг сӕрныллӕг. Зӕгъӕм, иухатт ныхсадта йӕ апостолты къӕхтӕ, ома-иу арӕхдӕр лӕггадгӕнджытӕ цы арӕзтой, уый сарӕзта (Иоанны 13:2–5, 12–17).

Йесо адӕмӕн хъусын кодта, кӕмдӕриддӕр сыл ӕмбӕлд, уым

19. Цавӕр хабарӕй у бӕрӕг, Йесо хорз кӕй зыдта, адӕм цы хъуаг уыдысты, уый ӕмӕ йӕ кӕй фӕндыд, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид?

19 Йесо хорз зыдта, адӕм цы хъуаг уыдысты, уый, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид. Уый бӕрӕг уыд, Хуыцауы тыхы фӕрцы-иу бирӕты диссаджы хуызы кӕй сдзӕбӕх кодта, уымӕй (Матфейы 14:14). Иухатт ӕм иу хъотырджын лӕг ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ». Йесо куы федта, уыцы адӕймаг куыд тухӕн кӕны, уый, уӕд ыл йӕ зӕрдӕ фӕрыст. Тынг ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Йесо йӕ къух радардта, лӕгыл андзӕвыд ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ рынчын адзӕбӕх! (Марчы 1:40–42). Ахъуыды-ма кӕн, уыцы адӕймаг куыд тынг цин кодтаид!

ЙӔ ФЫДЫЛ АЛКӔДДӔР УЫД ИУЗӔРДИОН

20, 21. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Йесо Хуыцауӕн куыд коммӕгӕс уыд, афтӕ ничи?

20 Йесо Хуыцауӕн куыд коммӕгӕс уыд, афтӕ ничи. Цыфӕнды ма ’рцыдаид ӕмӕ йын йе знӕгтӕ цыфӕнды ма арӕзтаиккой, уӕддӕр йӕ Фыдыл уыд иузӕрдион. Зӕгъӕм, Хӕйрӕг ӕй куы фӕлвӕрдта, уӕд Йесо тӕригъӕд нӕ сарӕзта (Матфейы 4:1–11). Йӕ бинонтӕй та кӕйдӕрты нӕ уырныдта, Мессийӕ кӕй у, уый, ӕмӕ дзырдтой, «йӕ сӕрызонд фӕцыди», зӕгъгӕ. Фӕлӕ Йесо дарддӕр Хуыцауы хъуыддаг арӕзта (Марчы 3:21). Ӕмӕ йын йе знӕгтӕ фыдмитӕ куы кодтой, уӕд дӕр Хуыцауыл уыд иузӕрдион ӕмӕ сын ӕвзӕр ӕвзӕрӕй нӕ фыста (1 Петры 2:21–23).

21 Йесо хъизӕмайраг мардӕй куы мард, уӕд дӕр Йегъовӕйыл уыд иузӕрдион. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:8.) Цы бон амард, уыцы бон бирӕ цыдӕртӕ бавзӕрста. Ӕрцахстой йӕ, мӕнг ӕвдисӕнтӕ йӕ фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, Хуыцауы фаудта, мӕнгард тӕрхонгӕнджытӕ йын мӕлӕты тӕрхон рахастой, адӕм ыл худтысты, стӕй йын ӕфсӕддонтӕ фыдмитӕ фӕкодтой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътой. Ӕмӕ куы марди, уӕд загъта: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» (Иоанны 19:30). Ӕртӕ боны фӕстӕ йӕ Йегъовӕ райгас кодта ӕмӕ йын радта уӕларвон буар (1 Петры 3:18). Уымӕй цалдӕр къуырийы куы рацыд, уӕд Йесо уӕлӕрвтӕм аздӕхт, «ӕрбадт Хуыцауы рахиз фарс» ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, Хуыцау ӕй Паддзахӕй кӕд сӕвӕрдзӕн, уымӕ (Дзуттӕгтӕм 10:12, 13).

22. Йесо йӕ Фыдыл иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы нын цавӕр фадат ис?

22 Йесо йӕ Фыдыл иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы махӕн ис диссаджы фадат – нӕ бон у ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрын, Йегъовӕ куыддӕриддӕр сфӕнд кодта, афтӕ. Иннӕ сӕры ӕркӕсдзыстӕм, Йесойы мӕлӕты фӕрцы нын ӕнустӕм цӕрыны фадат куыд фӕзынд, уымӕ.

^ 11 абз. Библи Йегъовӕйы хоны Фыд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр уый сфӕлдыста (Исай 64:8). Йесойы Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ Йесо хуыйны Хуыцауы Фырт. Стӕй зӕдтӕ ӕмӕ фыццаг адӕймаг Адам дӕр хуыйнынц Хуыцауы фырттӕ (Иов 1:6; Лукайы 3:38).

^ 12 абз. Уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 14-ӕм уӕлӕмхасӕнӕй.