Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 СӔР

Чырыстийы нывонд – Хуыцауы стырдӕр лӕвар

Чырыстийы нывонд – Хуыцауы стырдӕр лӕвар

1, 2. а) Цавӕр лӕвар дын вӕййы зынаргъ? б) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Чырыстийы нывонд у Хуыцауы стырдӕр лӕвар?

ЦЫ ДЫН балӕвар кодтой, уыдонӕй дын ӕппӕты зынаргъдӕр цы уыд? Исты нын куы балӕвар кӕнынц, уӕлдайдӕр та нӕ тынг цы хъӕуы, уый, уӕд нын ӕхсызгон куыннӕ вӕййы.

2 Хуыцау нын цы лӕвӕрттӕ скодта, уыдонӕй иу у уӕлдай зынаргъ. Уымӕй стырдӕр лӕвар нӕй. Ацы сӕрӕй мах базондзыстӕм, Йегъовӕ йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы, зӕхмӕ кӕй рарвыста, цӕмӕй нӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын. (Бакӕс Матфейы 20:28.) Йесойы нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй равдыста, куыд тынг нӕ уарзы, уый.

ЦӔМӔН БАХЪУЫД ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДӔН ӔРХӔССЫН?

3. Адӕм цӕмӕн мӕлынц?

3 Чырыстийы нывонды фӕрцы Йегъовӕ адӕмы фервӕзын кодта тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй (Ефесӕгтӕм 1:7). Йесойы нывондӕн ӕрхӕссын цӕмӕн бахъуыд, уый бамбарыны тыххӕй хъуамӕ базонӕм, цалдӕр мин азы размӕ Едемы цӕхӕрадоны цы ’рцыд, уый. Нӕ рагфыдӕлтӕ Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд сарӕзтой ӕмӕ уый тыххӕй амардысты. Ӕмӕ ныр адӕм мӕлынц, Адам ӕмӕ Евӕйӕ сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой, уый тыххӕй. (Кӕс 9-ӕм уӕлӕмхасӕн.)

4. Адам чи уыд ӕмӕ хайджын цӕмӕй уыд?

4 Йегъовӕ фыццаг адӕймаджы, Адамы, куы сфӕлдыста, уӕд ын балӕвар кодта стыр хӕзна – ӕххӕст цард. Адамӕн уыд ӕххӕст зонд ӕмӕ ӕххӕст буар. Уый рынчын никуы кодтаид, никуы базӕронд уыдаид ӕмӕ никуы амардаид. Адамы Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ уыд йӕ фыд (Лукайы 3:38). Йегъовӕ йемӕ арӕх ныхас кодта. Ӕмӕ йын бӕлвырд бамбарын кодта, йӕ бон аразын цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыд, уый. Стӕй йын радта, йӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кодтаид, ахӕм куыст (Райдиан 1:28–30; 2:16, 17).

5. Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, Хуыцау Адамы сфӕлдыста «йӕхимӕ гӕсгӕ», зӕгъгӕ?

5 Хуыцау Адамы сфӕлдыста «йӕхимӕ гӕсгӕ» (Райдиан 1:27). Йегъовӕ йӕ схайджын кодта, йӕхимӕ чи ис, ахӕм миниуджытӕй, зӕгъӕм, уарзондзинадӕй, зондӕй, рӕстдзинадӕй ӕмӕ тыхӕй. Стӕй ма йын радта сӕрибардзинад дӕр, ома уынаффӕтӕ хӕссыны бар. Адам робот нӕ уыд. Хуыцау ӕй афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ бон уыд равзарын, раст цы у, уый бакӕндзӕн ӕви, раст цы нӕу, уый. Адам Хуыцауы коммӕ куы бакастаид, уӕд йӕ бон уыдаид ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрын.

6. Адам Хуыцаумӕ куы нӕ байхъуыста, уӕд ӕнӕхай цӕмӕй фӕци? Уый махыл куыд фӕзынд?

6 Адам Хуыцаумӕ куы нӕ байхъуыста, уӕд ын Хуыцау мӕлӕты тӕрхон рахаста. Адамӕн йӕ ӕгоммӕгӕсдзинад тынг зынаргъ слӕууыд. Уый ӕнӕхай фӕци, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад уыди, уымӕй, стӕй ӕххӕст цардӕй ӕмӕ, кӕм цард, уыцы дзӕнӕтӕй (Райдиан 3:17–19). Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уымӕ гӕсгӕ сын ӕнустӕм цӕрыны ныфс дӕр нал уыд. Адам цы сарӕзта, уый тыххӕй «дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ромӕгтӕм 5:12). Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд йӕхи дӕр ӕмӕ мах дӕр тӕригъӕдӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн ауӕй кодта (Ромӕгтӕм 7:14). Ӕмӕ ма нын уӕд исты ныфс ис? О, ис, ӕмӕ нын уыцы ныфс фӕзынд, Йегъовӕ Чырыстийы нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы.

7, 8. Чырыстийы нывонд цы у, уый куыд ис бамбарын кӕнӕн?

7 Чырыстийы нывонд цы у, уый куыд ис бамбарын кӕнӕн? Уый ис абарӕн: 1) кӕйдӕр ссӕрибар кӕнынӕн цы аргъ бафидын фӕхъӕуы кӕнӕ адӕймаг йӕ дзаума кӕцӕйдӕр фӕстӕмӕ райсыны тыххӕй цы аргъ бафиды, уыимӕ; 2) адӕймаг искӕмӕн исты зиан куы ракӕны, уӕд ӕй уый тыххӕй бафидын цы фӕхъӕуы, уыимӕ.

8 Адамы тӕригъӕд нын цы стыр зиан ӕрхаста, уый тыххӕй иу ӕнӕххӕст адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд бафидын. Фӕлӕ Йегъовӕ ссардта мадзал, цӕмӕй нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид. Уӕдӕ фылдӕр базонӕм Чырыстийы нывонды тыххӕй ӕмӕ нын цы пайда хӕссы, уый тыххӕй.

ЙЕГЪОВӔ НӔ КУЫД ФЕРВӔЗЫН КОДТА?

9. Адам ӕнӕхай цы цардӕй фӕци, уый тыххӕй цавӕр аргъ хъуыди бафидын?

9 Махӕй никӕй бон уыдаид бафидын, Адам ӕнӕхай цы ӕххӕст цардӕй фӕци, уый аргъ. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ мах иууылдӕр ӕнӕххӕст стӕм (Псалом 49:7, 8). Адамы ӕххӕст царды тыххӕй цы аргъ хъуыди бафидын, уый хъуамӕ уыдаид ӕндӕр ӕххӕст адӕймаджы цард. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Библи хоны «сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ» (1 Тимофеймӕ 2:6, фиппаинаг). Ома хъуыди Адамы хуызӕн ӕххӕст адӕймаджы цард.

10. Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид?

10 Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид? Йӕ зынаргъ Фырты, Йесойы, зӕхмӕ рарвыста. Йесо уыд, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй ӕппӕты фыццаг (1 Иоанны 4:9, 10). Уый цӕттӕ уыд йӕ Фыды ӕмӕ йӕ уӕларвон цӕрӕнбынат ныууадзынмӕ (Филиппӕгтӕм 2:7). Йегъовӕ йӕ Фырты цард уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ рахаста. Йесо райгуырд зӕххыл ӕмӕ уыд ӕххӕст, ӕнӕтӕригъӕд адӕймаг (Лукайы 1:35).

Йегъовӕ йӕ зынаргъ Фырты мах тыххӕй нывондӕн ӕрхаста

11. Иу адӕймаджы цардӕй адӕмы се ’ппӕты дӕр балхӕнӕн куыд уыд?

11 Фыццаг ӕххӕст адӕймаг Адам Йегъовӕмӕ куы нӕ байхъуыста, уӕд ӕппӕт адӕмы дӕр ӕххӕст цардӕй ӕнӕхай фӕкодта. Цымӕ адӕмӕй искӕмӕн йӕ бон уыди Адамы цотӕн фӕстӕмӕ ӕххӕст цард раттын? О, уыди. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:19.) Йесо тӕригъӕд никуы сарӕзта ӕмӕ йе ’ххӕст цард нывондӕн ӕрхаста (1 Коринфӕгтӕм 15:45). Ӕмӕ йе ’ххӕст царды фӕрцы Адамы цоты уыди мӕлӕты цагъарадӕй фервӕзын кӕнӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:21, 22).

12. Йесойы уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ бавзарын цӕмӕн бахъуыд?

12 Библийӕ базонӕн ис, Йесо цас хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, уый тыххӕй. Ехсӕй йӕ тынг фӕнадтой, стӕй йӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл байтыгътой ӕмӕ тухӕнтӕгӕнгӕ амард (Иоанны 19:1, 16–18, 30; кӕс 15-ӕм уӕлӕмхасӕн). Йесойы уыйбӕрц цыдӕртӕ бавзарын цӕмӕн бахъуыд? Уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг загъта, стыр фӕлварӕнты иу адӕймаг дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй нӕ баззайдзӕн. Йесо та равдыста, ӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй у иузӕрдионӕй баззайын, цыфӕнды хъизӕмӕрттӕ ма бавзара, уӕддӕр. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ Йесойӕ куыд сӕрыстыр уыдаид! (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

13. Йесо уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уӕд цы сарӕзта?

13 33 азы 14 нисаны (дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ) Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй Йесойы йе знӕгтӕ амардтаиккой (Дзуттӕгтӕм 10:10). Ӕртӕ боны фӕстӕ Йегъовӕ Йесойы цардмӕ раздӕхта, фӕлӕ йын адӕймаджы буар нӕ радта. Радта йын ӕнӕуынгӕ буар. Уый фӕстӕ Йесо уӕлӕрвтӕм аздӕхт. Уым йӕ Фыды раз йе ’ххӕст царды аргъимӕ ӕрлӕууыд, цӕмӕй бафыстаид адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй. Ӕмӕ йӕ Фыд уыцы аргъ айста (Дзуттӕгтӕм 9:24). Ныр нын уый фӕрцы ис фадат, цӕмӕй тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар уӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 3:23, 24.)

ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНД ДЫН ЦЫ ПАЙДА ХӔССЫ?

14, 15. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй-иу нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой?

14 Хуыцау нын цы зынаргъ лӕвар скодта, уый нын стыр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы. Аныхас кӕнӕм, Чырыстийы нывонд нын ныртӕккӕ цы пайда хӕссы ӕмӕ нын фидӕны цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, ууыл.

15 Нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуынц. Раст цы у, уый аразын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Не ’ппӕт дӕр рӕдийӕм, кӕм ныхасӕй, кӕм хъуыддагӕй. Цымӕ-иу нӕ рӕдыдтытӕ ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕй фӕрцы ӕрцӕудзысты? Хъуамӕ-иу сыл зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ-иу Йегъовӕйӕн сӕрныллӕгӕй ныллӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын сӕ ныххатыр кӕна. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцау нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кодта, ууыл (Колоссӕгтӕм 1:13, 14; 1 Иоанны 1:8, 9).

16. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хуыцауы раз нӕ цӕсгом сыгъдӕг уа?

16 Сыгъдӕг цӕсгом. Куы фӕрӕдийӕм, уӕд ныл стӕй нӕ зӕрдӕ фӕхуды ӕмӕ нӕхи фӕхӕрӕм. Суанг ма иуӕй-иу хатт нӕхимӕ дӕр ныхъхъусӕм ӕмӕ нӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсӕм. Фӕлӕ-иу нӕ ныфс ма асӕттӕд. Йегъовӕйӕн куы лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна, уӕд нӕ ӕнӕмӕнг фехъусдзӕн ӕмӕ нын ныххатыр кӕндзӕн (Дзуттӕгтӕм 9:13, 14). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын дзурӕм, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм ӕмӕ нӕм цы лӕмӕгъдзинӕдтӕ ис, уыдонӕй алкӕцыйы тыххӕй дӕр (Дзуттӕгтӕм 4:14–16). Ӕмӕ уӕд нӕ цӕсгом йӕ разы уыдзӕн сыгъдӕг.

17. Йесо мах тыххӕй кӕй амард, уый фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм?

17 Ис нын ӕнустӕм цӕрыны ныфс. «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй, Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый та у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ромӕгтӕм 6:23). Йесо мах тыххӕй кӕй амард, уый фӕрцы нын ис ныфс, ӕнустӕм ӕнӕнизӕй кӕй цӕрдзыстӕм (Раргомад 21:3, 4). Фӕлӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уӕм?

ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНДӔН КӔЙ АРГЪ КӔНЫС, УЫЙ ДӔ БОН КУЫД У РАВДИСЫН?

18. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый кӕцӕй зонӕм?

18 Исчи нын исты куы балӕвар кӕны, уӕд нын тынг ӕхсызгон вӕййы. Чырыстийы нывонд та у ӕппӕты зынаргъдӕр лӕвар, ӕмӕ хъуамӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕ тынг бузныг уӕм. Иоанны 3:16 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты». Йегъовӕ нӕ афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ мах тыххӕй радта йӕ зынаргъ Фырты, Йесо Чырыстийы. Стӕй йӕ зонӕм, Йесо дӕр нӕ кӕй уарзы, уымӕн ӕмӕ уый мах тыххӕй барвӕндӕй амард (Иоанны 15:13). Уӕдӕ Чырыстийы нывонд ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесо тынг уарзынц (Галатӕгтӕм 2:20).

Йегъовӕйы хорз куы базонӕм, уӕд ӕй тынг бауарздзыстӕм ӕмӕ суыдзыстӕм йӕ хӕлӕрттӕ

19, 20. а) Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар суай? б) Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндыс, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

19 Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕныс, уый дӕ бон куыд у равдисын? Йегъовӕ ахӕм уарзондзинад кӕй равдыста, уый дын, гӕнӕн ис, дӕ зӕрдӕ афтӕ бацагайа, ӕмӕ дӕ бафӕнда, цӕмӕй йӕ хӕлар суай. Фӕлӕ цӕмӕй искӕй хӕлар суай, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ хорз базонай. Иоанны 17:3 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй нӕ бон у Йегъовӕйы базонын. Ӕмӕ йӕ уӕд бауарздзынӕ ӕмӕ дӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хӕлар суыдзынӕ. Уӕдӕ Библи ахуыр кӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй ноджы фылдӕр базондзынӕ (1 Иоанны 5:3).

20 Чырыстийы нывондыл баууӕнд. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй» (Иоанны 3:36). Цы нысан кӕны Фыртыл ӕууӕндын? Хъуамӕ цӕрӕм, Йесо нын куыд бацамыдта, афтӕ (Иоанны 13:15). Фаг нӕу ӕнӕуи дзурын, Йесойыл ӕууӕндын, зӕгъгӕ. Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый хъуамӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр уа бӕрӕг. Иаковы 2:26 стихы кӕсӕм: «Уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у».

21, 22. а) Алы аз дӕр-иу Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕрбацӕуӕм? б) 6-ӕм ӕмӕ 7-ӕм сӕртӕй цы базондзыстӕм?

21 Ӕрбацу-иу Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ. 14 нисаны изӕрӕй Йесо йӕ апостолтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ мӕлӕт ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кодтаиккой. Мах ӕй алы аз дӕр бӕрӕг кӕнӕм. Уыцы хабар хуыйны Ӕрымысӕн изӕр кӕнӕ «Хицауы ӕхсӕвӕр» (1 Коринфӕгтӕм 11:20; Матфейы 26:26–28). Йесойы фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдыл дарӕм, мах тыххӕй йе ’ххӕст цард кӕй радта, уый. Йесо загъта: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй». (Бакӕс Лукайы 22:19.) Ӕрымысӕн изӕрмӕ-иу куы ’рбацӕуай, уӕд-иу уымӕй равдисдзынӕ, дӕ зӕрдыл кӕй дарыс Чырыстийы нывонд, стӕй Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти цы стыр уарзондзинад равдыстой, уый. (Кӕс 16-ӕм уӕлӕмхасӕн.)

22 Адӕмӕн Чырыстийы нывондӕй стырдӕр лӕвар никуы ничи скодта (2 Коринфӕгтӕм 9:14, 15). Уыцы диссаджы лӕвар ма пайда ӕрхӕсдзӕн суанг, чи амард, уыцы милуантӕн дӕр. Уымӕн гӕнӕн куыд ис, уый тыххӕй базондзыстӕм 6-ӕм ӕмӕ 7-ӕм сӕртӕй.