Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 СӔР

Ацы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕг у?

Ацы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕг у?

1. Фидӕны цы уыдзӕн, уый кӕцӕй ис базонӕн?

НОГ хабӕрттӕм куы фӕкӕсыс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕныс: «Амӕй фыддӕр ма цы хъуамӕ ’рцӕуа?» Уыйбӕрц бӕллӕхтӕ ӕмӕ ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕуы, ӕмӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, ацы дунейӕн йӕ кӕрон тынг хӕстӕг кӕй у. Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Фидӕны цы уыдзӕн, уый нӕ бон у базонын? Адӕмӕн уый сӕ бон нӕу базонын, фӕлӕ Йегъовӕйӕн та у. Ӕмӕ нын Библийы раргом кодта, фидӕны адӕммӕ ӕмӕ зӕхмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый (Исай 46:10; Иаковы 4:14).

2, 3. Йесойы ахуыргӕнинӕгты цы фӕндыд базонын ӕмӕ сын Йесо цавӕр дзуапп радта?

2 Библийӕ базонӕн ис, ацы дунейӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ уый нӕ планетӕйы, ома Зӕххы, кӕрон нӕ уыдзӕн. Уый уыдзӕн фыддзинады кӕрон. Йесо адӕмӕн дзырдта, зӕххӕн разамынд кӕй дӕтдзӕн Хуыцауы Паддзахад (Лукайы 4:43). Йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕндыд базонын, уыцы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, уый, ӕмӕ йӕ бафарстой: «Кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, стӕй, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?» (Матфейы 24:3). Йесо сын, кӕрон бӕлвырдӕй кӕцы бон ӕрцӕудзӕн, уый нӕ загъта. Фӕлӕ сын ранымадта, ацы дунейӕн йӕ кӕроны размӕ цы хабӕрттӕ ’рцӕудзӕн, уыдон. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ ныр ӕххӕст кӕнынц.

3 Ацы сӕрӕй базондзыстӕм, ацы дунейӕн йӕ кӕроны хӕдразмӕ кӕй цӕрӕм, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Фыццаджыдӕр хъуамӕ базонӕм, уӕлӕрвты хӕст кӕй ӕрцыд ӕмӕ уый цавӕр хӕст уыди, уый тыххӕй. Уый фӕрцы бамбардзыстӕм, зӕххыл уыйбӕрц ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы, уый.

ХӔСТ УӔЛӔРВТЫ

4, 5. а) Йесо Паддзах куы сси, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр уӕлӕрвты цы ’рцыд? б) Раргомады 12:12 стихӕй цы ис базонӕн, Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыд, уӕд уый зӕххыл цӕрӕг адӕмыл куыд фӕзынд, уый тыххӕй?

4 8-ӕм сӕрӕй базыдтам, 1914 азы Йесо уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси (Данел 7:13, 14). Раргомады чиныгӕй нӕ бон у базонын, уӕлӕрвты цавӕр хабар ӕрцыд, уый тыххӕй: «Уӕлӕрвты райдыдта хӕст: Михаил [ома Йесо] ӕмӕ йӕ зӕдтӕ схӕцыдысты залиаг калмимӕ, ӕмӕ залиаг калм [Хӕйрӕг] дӕр йӕ зӕдтимӕ семӕ хӕцыд» *. Фӕлӕ Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ Йесойыл ӕмӕ йӕ зӕдтыл нӕ фӕтых сты ӕмӕ зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, зӕдтӕ куыд цин кодтаиккой! Цымӕ адӕмыл та уый куыд фӕзынд? Библи зӕгъы, зӕххыл тынг уӕззау рӕстӕг кӕй хъуамӕ скодтаид. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг у тынг мӕсты, «зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад» (Раргомад 12:7, 9, 12).

5 Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй зӕххыл адӕм фылдӕр маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ ’взарой. Уый мӕстӕй фыцы, уымӕн ӕмӕ йын тагъд Хуыцау йӕ хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕндзӕн. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы загъта, уымӕ. (Кӕс 24-ӕм уӕлӕмхасӕн.)

ФӔСТАГ БОНТӔ

6, 7. Йесо хӕстыты ӕмӕ ӕххормагдзинады тыххӕй цы загъта, уый абон куыд ӕххӕст кӕны?

6 Хӕстытӕ. Йесо загъта: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ» (Матфейы 24:7). 1914 азӕй фӕстӕмӕ хӕстыты цас адӕм фӕмард, уыйбӕрц адӕм хӕстыты уымӕй размӕ нӕ фӕмард. Дунейы хабӕрттӕ чи иртасы, иу ахӕм организацийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 1914 азӕй фӕстӕмӕ хӕстыты фӕмард 100 милуан адӕймагӕй фылдӕр. 1900-йӕм азӕй 2000-ӕм азмӕ хӕстыты чи фӕмард, уыцы адӕмы нымӕц у ӕртӕ хатты фылдӕр, 1900-йӕм азы размӕ хӕстыты чи фӕмард, уыцы адӕмы нымӕцӕй. Ахъуыды-ма кӕн, милуангай адӕм хӕстыты тыххӕй цас маст ӕмӕ рыст бавзӕрстой!

7 Ӕххормагдзинад. Йесо загъта: «Адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (Матфейы 24:7). Ныр цас хӕринӕгтӕ ис, уыйбӕрц раздӕр никуы уыд. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕ адӕм сӕ фаг никуы бахӕрынц. Афтӕ цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ хӕринаг цӕмӕй балхӕной, уый сӕм нӕй. Стӕй сын зӕххы гӕбаз дӕр нӕй, цӕмӕй дзы истытӕ ныссадзой. Ӕгас зӕххыл 1 миллиард адӕймагӕй фылдӕр цӕрынц тынг мӕгуыр. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организацийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, алы аз дӕр амӕлы цалдӕр милуан сывӕллоны. Ӕмӕ сӕ фылдӕр амӕлынц, хӕринагхъуаг кӕй ӕййафынц, уый аххосӕй.

8, 9. Цӕмӕй у бӕрӕг, Йесо зӕххӕнкъуыстыты ӕмӕ низты тыххӕй цы загъта, уый кӕй ӕххӕст кӕны?

8 Зӕххӕнкъуыстытӕ. «Уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ» (Лукайы 21:11). Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй алы аз дӕр уыдзӕн бирӕ стыр зӕххӕнкъуыстытӕ. 1900-йӕм азӕй нырмӕ зӕххӕнкъуыстыты фӕмард 2 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Кӕд технологиты фӕрцы рагацау базонӕн вӕййы, зӕххӕнкъуыст кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый, уӕддӕр дзы амӕлы бирӕ адӕм.

9 Низтӕ. Йесо загъта, кӕй сыстдзӕн «фыднизтӕ» – тагъд чи ахӕлиу вӕййы ӕмӕ бирӕ адӕм кӕмӕй амӕлы, ахӕм тӕссаг низтӕ (Лукайы 21:11). Кӕд дохтыртӕн сӕ бон у бирӕ низтӕ дзӕбӕх кӕнын, уӕддӕр ис, хос кӕмӕн нӕй, ахӕм низтӕ. Алы аз дӕр бирӕтӕ амӕлынц ракӕй, туберкулезӕй ӕмӕ ӕндӕр низтӕй. Уымӕй уӕлдай ма фӕстаг 40 азмӕ фӕзынди 30 ног низӕй фылдӕр, ӕмӕ дзы кӕцыдӕртӕн хос нӕй.

АДӔМ ФӔСТАГ БОНТЫ ЦЫХУЫЗӔН УЫДЗЫСТЫ

10. 2 Тимофеймӕ 3:1–5 стихты цы фыст ис, уый абон куыд ӕххӕст кӕны?

10 2 Тимофеймӕ 3:1–5 стихты фыст ис: «Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг». Апостол Павел ныффыста, фӕстаг бонты адӕмӕй бирӕтӕ цыхуызӕн уыдзысты, уый тыххӕй:

  • уыдзысты хиуарзон

  • уыдзысты ӕхцауарзаг

  • сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты

  • уыдзысты мӕнгард

  • сӕ бинонты нӕ уарздзысты

  • хиуыл хӕцын нӕ зондзысты

  • уыдзысты ӕгъатыр

  • ирхӕфсӕнтӕ Хуыцауӕй фылдӕр уарздзысты

  • сӕхи афтӕ ’вдисдзысты, цыма Хуыцауы уарзынц, фӕлӕ йӕ коммӕ нӕ кӕсдзысты

11. Псаломы 92:7 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ фыдгӕнджытыл цы ’рцӕудзӕн?

11 Ды кӕм цӕрыс, уым дӕр ахӕм адӕм ис? Ӕгас зӕххыл дӕр ахӕм адӕм бирӕ ис. Фӕлӕ тагъд Хуыцау хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн. Уый зӕрдӕ бавӕрдта: «Фыдгӕнджытӕ кӕрдӕгау куы сзайынц, ӕмӕ, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон дидинӕг куы ракалынц, уӕд уый тыххӕй, цӕмӕй ӕнустӕм фесӕфой» (Псалом 92:7).

ХОРЗ ХАБӔРТТӔ ФӔСТАГ БОНТЫ

12, 13. Фӕстаг бонты Йегъовӕйы фӕрцы цы базыдтам?

12 Библийы фыст ӕрцыд, фӕстаг бонты зӕххыл адӕм бирӕ маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзардзысты. Фӕлӕ ма дзы уымӕй уӕлдай фыст ис, уыцы рӕстӕг хорз хабӕрттӕ дӕр кӕй цӕудзӕн.

«Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матфейы 24:14)

13 Библи хуыздӕр ӕмбарын райдыдтам. Фӕстаг бонты тыххӕй пехуымпар Данел ныффыста: «Раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты» (Данел 12:4). Хуыцау йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Библи ӕмбарой, раздӕр ӕй куыд ӕмбӕрстой, уымӕй хуыздӕр, уӕлдайдӕр та 1914 азӕй фӕстӕмӕ. Зӕгъӕм, бамбӕрстам, Хуыцауы ном куыд ахсджиаг у, уый, базыдтам, зӕххы тыххӕй йӕм цавӕр фӕнд ис, Чырыстийы нывондӕн цӕмӕн ӕрхаста, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы ӕмӕ мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Ноджыдӕр ма базыдтам, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон не ’ппӕт зындзинӕдтӕн дӕр. Базыдтам ма, амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм ӕмӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Фӕлӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ куыд пайда кӕнынц, цы базонынц, уымӕй? Ацы фарстайӕн нын дзуапп дӕтты ӕндӕр пехуымпарад. (Кӕс 21-ӕм ӕмӕ 25-ӕм уӕлӕмхасӕнтӕ.)

14. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд кӕм цӕуы ӕмӕ йӕ чи хъусын кӕны?

14 Ӕгас дунейы дӕр хорз хабар хъуыстгонд цӕуы. Йесо фӕстаг бонты кой куы кодта, уӕд загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матфейы 24:3, 14). Абон хорз хабар хъуыстгонд цӕуы 240 бӕстӕйы, 900 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты «ӕппӕт адӕмтӕй» дӕр, ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, Хуыцауы Паддзахад цы у ӕмӕ нын цы хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, уый базонынӕн (Раргомад 7:9). Ӕмӕ уый аразынц лӕвар. Йесо куыд дзырдта, афтӕмӕй бирӕтӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕй се сӕфт уынынц ӕмӕ сӕ фӕдыл зилынц. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, хъусын кӕныны хъуыддаг ницы бауромдзӕн (Лукайы 21:17).

ДЫ КУЫД БАКӔНДЗЫНӔ?

15. а) Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый дӕ уырны? Кӕд о, уӕд дӕ цӕмӕн уырны? б) Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Йӕ коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонмӕ та?

15 Уырны дӕ, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый? Библийы фӕстаг бонты тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонӕй бирӕтӕ ӕххӕст кӕнынц. Тагъд Йегъовӕ зӕгъдзӕн, хорз хабар хъусын кӕнын кӕй нал хъӕуы, ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн «кӕрон» (Матфейы 24:14). Цы у уыцы кӕрон? Уый у Армагеддон. Хуыцау Армагеддоны ӕппӕт фыддзинадӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн. Йегъовӕ Йесойы ӕмӕ йӕ хъомысджын зӕдты фӕрцы фесафдзӕн, йӕ коммӕ ӕмӕ йӕ Фырты коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдоны (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–9). Уый фӕстӕ Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ адӕмы нал сайдзысты. Ӕмӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын ӕмӕ йӕ Паддзахады дӕлбар цӕрын кӕй фӕнды, уыдон сӕхи цӕстӕй фендзысты, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ӕппӕт уыдӕттӕ (Раргомад 20:1–3; 21:3–5).

16. Ацы дунейы кӕрон хӕстӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дӕ цы хъӕуы аразын?

16 Хӕйрӕджы къухы чи ис, уыцы дунейӕн тагъд кӕрон ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ нӕ кӕд фервӕзын фӕнды, уӕд хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй Библийӕ фылдӕр цыдӕртӕ базонай – цас фылдӕр, уыйас хуыздӕр (Иоанны 17:3). Алы къуыри дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн вӕййы ӕмбырдтӕ. Уыцы ӕмбырдтӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц Библи ӕмбарынӕн. Архай, цӕмӕй алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуай. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.) Куы йӕ бамбарай, ӕмӕ дӕ царды цыдӕр аивын хъӕуы, уӕд-иу уымӕй ма фӕтӕрс. Уыцы ивындзинӕдты фӕрцы Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзынӕ (Иаковы 4:8).

17. Кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд уый адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн ӕнӕнхъӕлӕджы цӕмӕн уыдзӕн?

17 Апостол Павел бамбарын кодта, фыдгӕнджытӕн се сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, адӕмӕн сӕ фылдӕр уый ӕнхъӕл куы нӕ уой, уӕд – «давӕг ӕхсӕвыгон» куыд фӕзыны, афтӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 5:2). Йесо загъта, фӕстаг бонты бӕлвырдгӕнӕнтӕ бирӕтӕ кӕй ницӕмӕ дардзысты. Уый загъта: «Нойы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг дӕр [ома фӕстаг бонты]. Доны хъаймӕты размӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ. Ӕмӕ сӕм нымады дӕр ницы уыди, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта» (Матфейы 24:37–39).

18. Йесо нӕ цӕмӕй бафӕдзӕхста?

18 Йесо фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ кӕрон ӕнӕнхъӕлӕджы ма ӕрӕййафа, ӕмӕ цӕмӕй «хызы бахауӕгау» ма фӕуат. Загъта ма: «Уыцы бон, зӕххы цъарыл цы адӕм цӕры, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕрӕййафдзӕн». Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уӕдӕ ма бафынӕй ут. Ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа, ӕрцӕуинаг цы у, ӕппӕт уыдӕтты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын» (Лукайы 21:34–36). Йесойы фӕдзӕхстмӕ хъусын ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕджы фыддунейӕн тынг тагъд йе сӕфт ӕрцӕудзӕн. Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы зӕрдӕ чи рухс кӕна, ӕрмӕстдӕр уыдон фервӕздзысты ӕмӕ ӕнустӕм ног дунейы цӕрдзысты (Иоанны 3:16; 2 Петры 3:13).

^ 4 абз. Михаил дӕр у Йесо Чырыстийы ном. Уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 23-ӕм уӕлӕмхасӕнӕй.