Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 СӔР

Библи зӕдты ӕмӕ хӕйрӕджыты тыххӕй цы дзуры?

Библи зӕдты ӕмӕ хӕйрӕджыты тыххӕй цы дзуры?

1. Зӕдтӕ чи сты ӕмӕ, цы фӕаразынц, уый нӕ цӕмӕн хъӕуы базонын?

ЙЕГЪОВӔЙЫ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ бинонты зонӕм. Зӕдтӕ дӕр сты йӕ бинонтӕй. Библийы хуыйнынц «Хуыцауы фырттӕ» (Иов 38:7). Цымӕ зӕдтӕ цы фӕаразынц? Раджы заманты-иу адӕмӕн куыд ӕххуыс кодтой? Ӕмӕ нын цымӕ абон дӕр ӕххуыс кӕнынц? (Кӕс 8-ӕм уӕлӕмхасӕн.)

2. Зӕдтӕ куыд фӕзындысты? Хуыцау цал зӕды сфӕлдыста?

2 Хъӕуы нӕ базонын, зӕдтӕ куыд фӕзындысты, уый. Колоссӕгтӕм 1:16 стихы фыст ис, Йегъовӕ ӕппӕты фыццаг Йесойы кӕй сфӕлдыста. Ӕмӕ уый фӕстӕ та сфӕлдыста, «уӕлӕрвты цы ис, уый дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уый дӕр», уыимӕ зӕдты дӕр. Цымӕ цал зӕды сфӕлдыста? Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй зӕдтӕ сты сӕдӕгай милуантӕ (Псалом 103:20; Раргомад 5:11).

3. Иов 38:4–7 стихтӕй зӕдты тыххӕй цы ис базонӕн?

3 Библийӕ ма базонӕн ис, Йегъовӕ зӕдты кӕй сфӕлдыста, зӕхх куы сфӕлдыста, уый размӕ. Иовы чиныджы кӕсӕм, зӕдтӕ зӕхх куы федтой, уӕд тынг кӕй цин кодтой. Уыдон уыдысты ӕнгом бинонтӕ ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кодтой (Иов 38:4–7).

ЗӔДТӔ ӔХХУЫС КӔНЫНЦ ХУЫЦАУЫ АДӔМӔН

4. Кӕцӕй зонӕм, зӕдтӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр адӕммӕ сӕ хъус кӕй дарынц, уый?

4 Зӕдтӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр адӕммӕ сӕ хъус дарынц ӕмӕ сӕ фӕнды, Хуыцаумӕ зӕххы ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый базонын (Ӕмбисӕндтӕ 8:30, 31; 1 Петры 1:11, 12). Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд уый зӕдтӕн зын куыннӕ уыдаид. Ӕмӕ ныртӕккӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕмӕ кӕй нӕ хъусынц, уый та сын, ӕвӕццӕгӕн, ноджы зындӕр у. Фӕлӕ исчи куы ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ Хуыцаумӕ куы раздӕхы, уӕд зӕдтӕ тынг фӕцин кӕнынц (Лукайы 15:10). Уыдон цӕттӕ сты, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ зӕхмӕ рарвиты, цӕмӕй-иу ын йӕ лӕггадгӕнджытӕн баххуыс кӕной ӕмӕ-иу сӕ бахъахъхъӕной (Дзуттӕгтӕм 1:7, 14). Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

«Мӕ Хуыцау йӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй домбӕйтты комыл ныххӕцыдаид» (Данел 6:22)

5. Раджы заманты зӕдтӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодтой?

5 Йегъовӕ горӕттӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕ фесафынвӕнд куы скодта, уӕд дыууӕ зӕды арвыста, цӕмӕй Лоты ӕмӕ йӕ бинонты уырдыгӕй ракодтаиккой (Райдиан 19:15, 16). Уыцы хабарӕй цалдӕр сӕдӕ азы фӕстӕ пехуымпар Данелы домбӕйтты дзыхъмӕ куы ныппӕрстой, уӕд ын ӕппындӕр ницы уыд, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау йӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй домбӕйтты комыл ныххӕцыдаид» (Данел 6:22). Апостол Петр ахӕстоны куы уыд, уӕд Йегъовӕ йӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй йӕ ахӕстонӕй ракодтаид (Хъуыддӕгтӕ 12:6–11). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд зӕдтӕ уымӕн дӕр ӕххуыс кодтой. Зӕгъӕм, донаргъуыд куы райста, уый фӕстӕ йын «зӕдтӕ лӕггад кодтой» (Марчы 1:13). Йӕ мӕлӕты размӕ та йӕ иу зӕд «бафидар кодта» (Лукайы 22:43).

6. а) Зӕдтӕ абон дӕр Хуыцауы адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый кӕцӕй зонӕм? б) Цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм дзуапп?

6 Абон зӕдтӕ адӕммӕ ӕргом нал фӕзынынц. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр Хуыцау рарвиты, цӕмӕй-иу ын йӕ лӕггадгӕнджытӕн баххуыс кӕной. Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы зӕд хъахъхъӕны, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдоны ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны» (Псалом 34:7). Хъахъхъӕнын нӕ цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ нын ис тыхджын знӕгтӕ, ӕмӕ уыдон архайынц, цӕмӕй нын исты фыдбылыз ракӕной. Цымӕ чи сты? Кӕцӕй фӕзындысты? Ӕмӕ цы фӕаразынц, цӕмӕй нын зиан ӕрхӕссой? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм. Уый тыххӕй хъуамӕ ӕркӕсӕм, Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр цы ’рцыд, уымӕ.

ӔНӔУЫНГӔ ЗНӔГТӔ

7. Хӕйрӕгӕн цас адӕмы асайын бантыст?

7 3-аг сӕрӕй базыдтам, иу зӕд Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыд – уый бафӕндыд, цӕмӕй адӕмӕн хицау уыдаид. Библи йӕ хоны Сайтан Хӕйрӕг (Раргомад 12:9). Уымӕй уӕлдай ма Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй адӕм дӕр Хуыцауы ныхмӕ рацыдаиккой. Гъемӕ Евӕйы асайдта. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕры сайы. Фӕлӕ йын се ’ппӕты асайын нӕ рауад. Зӕгъӕм, Авел, Енох ӕмӕ Ной Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадысты (Дзуттӕгтӕм 11:4, 5, 7).

8. а) Иуӕй-иу зӕдтӕ хӕйрӕджытӕ куыд систы? б) Хӕйрӕджытӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй Доны хъаймӕты аирвӕзтаиккой?

8 Нойы рӕстӕджы дӕр иуӕй-иу зӕдтӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты. Уыдон сӕ уӕларвон хӕдзар ныууагътой, зӕхмӕ ’рцыдысты ӕмӕ адӕймаджы буӕрттӕ райстой. Цӕмӕн? Библи зӕгъы, кӕй сӕ бафӕндыд, цӕмӕй сын устытӕ уыдаид. (Бакӕс Райдиан 6:2.) Фӕлӕ зӕдтӕн афтӕ кӕнын не ’мбӕлд (Иудӕйы 6). Уыцы фыдгӕнӕг зӕдтау адӕмӕн дӕр сӕ фылдӕр бынысӕфт фесты, стӕй кодтой алы фыдмитӕ. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ уыцы адӕмы фесафынвӕнд скодта – ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр Доны хъаймӕт рауагъта. Фӕлӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты аирвӕзын кодта (Райдиан 7:17, 23). Фыдгӕнӕг зӕдтӕ та сӕ сӕртӕ бафснайдтой – фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхтысты. Библи уыцы зӕдты хоны хӕйрӕджытӕ кӕнӕ дӕлимонтӕ. Уыдон дӕр Хӕйрӕгмӕ ӕрбаиу сты, ӕмӕ уый сси сӕ хицау (Матфейы 9:34).

9. а) Хӕйрӕджытӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхтысты, уӕд сӕ хабар куыд рауад? б) Дарддӕр цы базондзыстӕм?

9 Хӕйрӕджытӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ сӕ Хуыцау уый аккаг нал скодта, цӕмӕй фӕстӕмӕ йӕ бинонтӕй уыдаиккой (2 Петры 2:4). Уыдонӕн сӕ бон нал у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй-иу адӕймӕгтӕ фестой. Фӕлӕ уӕддӕр, Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр» сайынц (Раргомад 12:9; 1 Иоанны 5:19). Цӕй ӕмӕ базонӕм, уыйбӕрц адӕмы сайын сын куыд ӕнтысы, уый. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 2:11.)

ХӔЙРӔДЖЫТӔ АДӔМЫ КУЫД САЙЫНЦ?

10. Хӕйрӕджытӕ адӕмы куыд сайынц?

10 Хӕйрӕджытӕ адӕмы алыхуызӕтты сайынц. Адӕм ӕнӕуынгӕ тыхтӕй ӕххуыс куы фӕагурынц – комкоммӕ сӕхӕдӕг кӕнӕ та искӕй уылты, зӕгъӕм, дӕсныты уылты,– уӕд ӕцӕгӕй баст вӕййынц хӕйрӕджытимӕ. Фӕлӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы, хӕйрӕджытимӕ баст цыдӕриддӕр у, уыдӕттӕй нӕхи кӕй хъуамӕ хизӕм (Галатӕгтӕм 5:19–21). Цӕмӕн? Зӕгъӕм, сырд ӕрцахсынӕн цуанон къӕппӕг куыд сӕвӕры, раст афтӕ хӕйрӕджытӕ дӕр пайда кӕнынц алыхуызон сайӕнтӕй, цӕмӕй-иу адӕмы сӕ къӕппӕджыты ӕрцахсой ӕмӕ сӕ сӕ дӕлбар бакӕной. (Кӕс 26-ӕм уӕлӕмхасӕн.)

11. Дӕсны фӕрсын цы у ӕмӕ нӕхи уымӕй цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

11 Хӕйрӕджыты сайӕнтӕй иу у дӕсны фӕрсын, ома адӕймаг фидӕны хабӕрттӕ кӕнӕ, цы нӕ зоны, уый базоныныл хӕйрӕджыты тыхы фӕрцы куы фӕархайы. Иутӕ фӕкӕсынц гороскоптӕ, иннӕтӕ февзарынц армытъӕпӕны хӕххытӕ, чидӕртӕ та къамтӕй ӕмӕ къофийӕ фӕфӕрсынц ӕмӕ фынтӕ фӕхалынц. Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ ницы зиан хӕссынц. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та тынг тӕссаг сты. Зӕгъӕм, Библи бӕлвырд ӕвдисы, хӕйрӕджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕ иумӕ баст кӕй сты. Хъуыддӕгты 16:16–18 стихты фыст ис, иу чызгӕн дӕсны фӕрсынӕн чи ’ххуыс кодта, ахӕм дӕлимоны тыххӕй. Ӕмӕ апостол Павел уыцы дӕлимонӕн куы загъта, чызгӕй рацу, зӕгъгӕ, уӕд дзы дӕлимон рацыд, ӕмӕ чызгӕн йӕ бон дӕсны фӕрсын нал уыд.

12. а) Мӕрдтимӕ ныхас кӕнын тӕссаг цӕмӕн у? б) Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ зианы ӕгъдӕуттӕй кӕцыдӕртӕй сӕхи цӕмӕн хизынц?

12 Хӕйрӕджытӕ ма пайда кӕнынц ӕндӕр сайӕнӕй дӕр. Уыдон архайынц, цӕмӕй нӕ баууӕндын кӕной, чи амард, уыдон уӕддӕр кӕмдӕр кӕй цӕрынц ӕмӕ сӕ бон кӕй у немӕ ныхас кӕнын, баххуыс нын кӕнын йе та нын исты зиан ӕрхӕссын. Зӕгъӕм, йе ’мбал кӕнӕ йӕ хион кӕмӕн амард, уый, гӕнӕн ис, ацӕуа, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, ахӕм адӕймагмӕ. Уый та йын, гӕнӕн ис, зӕгъа, мард чи у, уыимӕ кӕй ныхас кодта ӕмӕ йын марды тыххӕй исты хабар радзура, стӕй ма суанг марды хъӕлӕсӕй дӕр дзура (1 Самуилы 28:3–19). Зианы ӕгъдӕуттӕй дӕр бирӕтӕ баст сты, мӕрдты цыдӕр кӕй ис, ууыл кӕй ӕууӕндынц, уыимӕ. Уыдонмӕ хауынц ӕхсӕвбадӕн кӕнын, марды кӕндтӕ, афӕдзы хист, мардӕн истытӕ фӕлдисын, хӕлар кӕнын, саутӕ дарын. Ахӕм ӕгъдӕуттӕ иууылдӕр баст сты хӕйрӕджытимӕ. Чырыстӕттӕ ахӕм ӕгъдӕуттӕ куы нӕ фӕкӕнынц, уӕд сыл, чи зоны, сӕ бинонтӕ кӕнӕ сӕ сыхӕгтӕ фӕхудынц, фефхӕрынц сӕ кӕнӕ сӕм хӕстӕг дӕр нал фӕцӕуынц. Фӕлӕ чырыстӕттӕ зонынц, адӕймаг куы амӕлы, уӕд дзы цӕргӕйӕ кӕй ницыуал баззайы. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй, цӕмӕй йемӕ ныхас кӕнӕм, стӕй йӕ бон нӕу, цӕмӕй нын исты зиан ӕрхӕсса кӕнӕ нын баххуыс кӕна (Псалом 115:17). Дӕхи хъахъхъӕн! Макуы архай мӕрдтимӕ кӕнӕ хӕйрӕджытимӕ ныхас кӕныныл ӕмӕ дӕхи хиз хӕйрӕджытимӕ баст ӕгъдӕуттӕй. (Бакӕс Дыккаг закъон 18:10, 11; Исай 8:19.)

13. Бирӕтӕн цы бантыст, кӕд кӕддӕр хӕйрӕджытӕй тарстысты, уӕддӕр?

13 Хӕйрӕджытӕ адӕмы ӕрмӕст сайгӕ нӕ кӕнынц, фӕлӕ ма сӕ тӕрсын дӕр кӕнынц. Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ зонынц, рӕстӕг сын «бирӕ кӕй нал баззад» ӕмӕ сын тагъд Хуыцау сӕ тых кӕй байсдзӕн. Ӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр мӕстӕй фыцынц ӕмӕ алы фыдмитӕ кӕнынц (Раргомад 12:12, 17). Фӕлӕ мингай адӕм хӕйрӕджытӕй нал тӕрсынц. Цымӕ сӕ уацарӕй куыд фервӕзтысты?

ХӔЙРӔДЖЫТЫ НЫХМӔ ФИДАР ФӔЛӔУУ ӔМӔ СӔ УАЦАРӔЙ ФЕРВӔЗ

14. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау нӕ бон куыд у хӕйрӕджыты уацарӕй фервӕзын?

14 Библи ӕмбарын кӕны, куыд ис хӕйрӕджыты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕн ӕмӕ сӕ уацарӕй фервӕзӕн. Зӕгъӕм, горӕт Ефесы цӕрджытӕй чидӕртӕ, цалынмӕ рӕстдзинад базыдтой, уӕдмӕ баст уыдысты хӕйрӕджытимӕ. Ӕмӕ цымӕ сӕ уацарӕй куыд фервӕзтысты? Библийы фыст ис: «Кӕлӕнгӕнджытӕй та бирӕтӕ сӕ чингуытӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ се ’ппӕты раз басыгътой» (Хъуыддӕгтӕ 19:19). Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй чырыстӕттӕ суыдаиккой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ чингуытӕ иууылдӕр басыгътой. Абон дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ аппара, хӕйрӕджытимӕ баст дзауматӕй йӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон. Зӕгъӕм, гороскопты, кӕцыдӕр чингуыты, журналты, киноты, музыкӕйы ӕмӕ хъӕзтыты тыххӕй адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ кӕлӕнтимӕ ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕ тӕссаг ницӕмӕй сты, цымыдисаг дӕр ма йӕм фӕкӕсынц. Чидӕртӕ та фыдбылызӕй сӕхи бахизыны тыххӕй сӕ хъуырыл фӕдарынц дӕсныйы чингуытӕ. Ӕмӕ ахӕм дзауматӕ иууылдӕр хъӕуы аппарын (1 Коринфӕгтӕм 10:21).

15. Ноджыдӕр ма нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Хӕйрӕджы ӕмӕ дӕлимонты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм?

15 Ефесӕгтӕ сӕ чингуытӕ куы басыгътой, уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ апостол Павел ныффыста, дарддӕр дӕр сӕ кӕй хъӕуы «фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» тох кӕнын (Ефесӕгтӕм 6:12). Кӕд сӕ чингуытӕ басыгътой, уӕддӕр ма хӕйрӕджытӕ архайдтой, цӕмӕй сын исты разнаггад кодтаиккой. Уӕдӕ ма уыцы чырыстӕтты ноджыдӕр цы хъуыд аразын? Павел сын загъта: «Райсут уырнындзинады стыр уарт – уымӕй уӕ бон бауыдзӕн Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнын [кӕнӕ бауромын]» (Ефесӕгтӕм 6:16). Ӕфсӕддоны-иу йӕ уарт тохы быдыры куыд хъахъхъӕдта, мах та афтӕ нӕ уырнындзинад хъахъхъӕны. Йегъовӕ нӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд нӕ бон бауыдзӕн Хӕйрӕджы ӕмӕ дӕлимонты ныхмӕ фидар фӕлӕууын (Матфейы 17:20).

16. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм?

16 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм? Хъуамӕ алы бон дӕр Библи кӕсӕм ӕмӕ ахуыр кӕнӕм нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нын Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ ницы ракӕндзысты (1 Иоанны 5:5).

17. Хӕйрӕджытӕй ма нӕ ноджыдӕр цы бахъахъхъӕндзӕн?

17 Ефесы чырыстӕтты ма ноджыдӕр исты хъуыди аразын? Сӕ горӕт хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй йедзаг уыд. Ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ Павел ныффыста: «Алкӕддӕр... кувут Хуыцаумӕ» (Ефесӕгтӕм 6:18). Хъуамӕ ӕдзухдӕр Йегъовӕйӕ куырдтаиккой, цӕмӕй сӕ хъахъхъӕдтаид. Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Мах дӕр цӕрӕм, хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй йедзаг чи у, ахӕм дунейы. Ӕмӕ мах дӕр хъӕуы Йегъовӕйӕ курын, цӕмӕй нӕ хъахъхъӕна, стӕй йӕм хъуамӕ кувӕм йӕ номӕй. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 18:10.) Дарддӕр дӕр дзы куы курӕм, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕгӕй фервӕзын кӕна, уӕд нын нӕ куывдтытӕн дзуапп ратдзӕн (Псалом 145:19; Матфейы 6:13).

18, 19. а) Хӕйрӕгыл ӕмӕ дӕлимонтыл цӕй фӕрцы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм? б) Иннӕ сӕры дзуапп цавӕр фарстайӕн базондзыстӕм?

18 Хӕйрӕджытимӕ баст цыдӕриддӕр у, уыдӕттӕй куы фервӕзӕм ӕмӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн Хӕйрӕджы ӕмӕ дӕлимонты ныхмӕ фидар фӕлӕууын. Тӕрсын сӕ нӕ хъӕуы. (Бакӕс Иаковы 4:7, 8.) Йегъовӕ хӕйрӕджытӕй тыхджындӕр у. Уый сӕ Нойы рӕстӕджы бафхӕрдта, ӕмӕ сӕ фидӕны та бынтондӕр фесафдзӕн (Иудӕйы 6). Рох дӕ ма уӕд: семӕ иунӕгӕй нӕ тох кӕнӕм. Йегъовӕ нӕ хъахъхъӕны йӕ зӕдты уылты (2 Паддзӕхты 6:15–17). Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйы фӕрцы Хӕйрӕгыл ӕмӕ дӕлимонтыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзыстӕм, ууыл (1 Петры 5:6, 7; 2 Петры 2:9).

19 Фӕлӕ кӕд Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ адӕмӕн уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕстытӕ ӕвзарын кӕнынц, уӕд сӕ Хуыцау нырмӕ цӕуылнӕ фесӕфта? Ацы фарстайӕн дзуапп ис иннӕ сӕры.