Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

13 СӔР

Цардӕн аргъ кӕнӕ

Цардӕн аргъ кӕнӕ

1. Цард нин ка равардта?

ЙЕГОВӔ «уодӕгас Хуцау ӕй» (Йереми 10:10). Е ӕй не Сфӕлдесӕг ӕма нӕ Царддӕттӕг. Библий финст ӕй: «Алцидӕр ду сфӕлдистай ӕма алцидӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕй ӕма фӕззиндтӕй» (Раргомадӕ 4:11). Цӕргӕ ке кӕнӕн, е дӕр Йегови фӕндон ӕй. Мадта цард ӕй Хуцауи хъазар лӕвар. (Бакӕсӕ Псалом 36:9.)

2. Цӕмӕй ӕнтӕстгун ӕма амондгун уӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй?

2 Йеговӕ нин дӕттуй, цӕрунмӕ нӕ ци гъӕуй, уой, зӕгъӕн, хуӕруйнаг ӕма дон (Гъуддӕгтӕ 17:28). Фал ма ’й уомӕй уӕлдай фӕндуй, цӕмӕй нин нӕ цард цийнӕдзийнадӕ дӕр хӕсса (Гъуддӕгтӕ 14:15–17). Ӕма цӕмӕй ӕнтӕстгун ӕма амондгун уӕн, уой туххӕй гъӕуама цӕрӕн Хуцауи закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ (Исай 48:17, 18).

ХУЦАУ ЦАРДМӔ ЦӔХУӔН ЦӔСТӔЙ КӔСУЙ?

3. Каин Авели ку рамардта, уӕд Йеговӕ куд бакодта?

3 Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ алли адӕймаги цард дӕр Йеговӕн хъазар ӕй. Зӕгъӕн, Адам ӕма Еви фурт Каин ӕ кӕстӕр ӕнсувӕр Авельмӕ ку исмӕстгун ӕй, уӕд ин Йеговӕ балӕдӕрун кодта, ӕ маст бауорамун ӕй ке гъӕуй. Фал имӕ Каин нӕ байгъуста. Ӕ масти фӕдбӕл рацудӕй, «е ’нсувӕр Авельбӕл ӕхе ниццавта ӕма ’й рамардта» (Райдайӕн 4:3–8). Йеговӕ Каини уой туххӕй бафхуардта (Райдайӕн 4:9–11). Мадта ескӕмӕ ку мӕстгун кӕнӕн кенӕ си не ’сӕфт ку уинӕн, уӕд е тӕссаг ӕй, уомӕн ӕма уотемӕй, гӕнӕн ес, ӕма еци адӕймагӕн ести фудмиуӕ дӕр бакӕнӕн. Уотӕ ка кӕнуй, е ба ӕносон цардӕй не ’схайгин уодзӕй. (Бакӕсӕ 1 Иоанни 3:15.) Цӕмӕй ни Йегови зӕрдӕ рохс кӕна, уой туххӕй гъӕуама исахур уӕн ӕгас адӕни дӕр уарзун (1 Иоанни 3:11, 12).

4. Хуцау израилӕгтӕн ке равардта, еци закъӕнттӕй еу куд ӕвдесуй, Хуцау цардмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй, уой?

4 Цалдӕр мин анзей фӕсте Йеговӕ нӕуӕгӕй бавдиста, цард ӕ цӕсти хъазар ке ӕй, уой. Моисеййӕн ци дӕс фӕдзӕхсти равардта, уонӕй еу ӕй уӕхӕн: «Ма рамарӕ» (Дуккаг закъон 5:17). Адӕймаг зонгӕ-зонгӕй еци закъони сӕрти ку рахизтайдӕ ӕма еске ку рамардтайдӕ, уӕд ин ӕхе дӕр гъӕуама рамардтайуонцӕ.

5. Хуцау абортмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй?

5 Аборти туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? Ка нӕма райгурдӕй, уӕхӕн сувӕллони цард дӕр Йегови цӕсти хъазар ӕй. Израилӕгтӕн ци Закъон равардта, уомӕ гӕсгӕ еске, уӕззау ка ӕй, уӕхӕн силгоймаги ку ниццавтайдӕ ӕма ӕ сувӕллон ку рамардайдӕ, уӕд гъӕуама, ка ’й ниццавта, еци адӕймаги дӕр рамардтайуонцӕ. (Бакӕсӕ Рацуд 21:22, 23; Псалом 127:3.) Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма аборт устур тӕрегъӕд ӕй. (Кӕсӕ 28 уӕлӕнхасӕн.)

6, 7. Цардӕн ке аргъ кӕнӕн, уой нӕ бон куд ӕй ӕвдесун?

6 Цардӕн ке аргъ кӕнӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй? Нӕхе цард дӕр ӕма иннети цард дӕр тӕссаг уавӕри ку нӕ гӕлдзӕн, уомӕй. Уомӕ гӕсгӕ тамаку нӕ думдзиан, удта насвай ӕма наркотиктӕй дӕр нӕхе еуварс дардзиан. Етӕ адӕймагӕн хӕссунцӕ зиан, сауӕнгӕ ма ’й мӕлӕтмӕ дӕр ӕркӕнунцӕ.

7 Нӕ цард ӕма нӕ бауӕр Хуцауи лӕвар ӕнцӕ, ӕма сӕмӕ гъӕуама Хуцауи цӕстӕй кӕсӕн. Уомӕ гӕсгӕ гъӕуама нӕ бауӕрмӕ хуарз зелӕн. Уотӕ ку нӕ кӕнӕн, уӕд Хуцауи цӕсти кӕдзос нӕбал уодзиан (Ромӕгтӕмӕ 6:19; 12:1; 2 Коринфӕгтӕмӕ 7:1). Цардӕн ку нӕ аргъ кӕнӕн, уӕд нӕ бон нӕ уодзӕй, цард нин ка равардта, еци Хуцау Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун. Ка ’й зонуй дин лӕгъуз гъуддӕгтӕ ниууадзун ӕнцон нӕ уодзӕй. Фал уӕддӕр ку архайай, уӕд дин Йеговӕ дӕр ӕнхус кӕндзӕй.

8. Ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй нӕхе цард дӕр ӕма иннети цард дӕр тӕссаг уавӕри ма гӕлдзӕн?

8 Мадта базудтан, цард хъазар лӕвар ке ӕй. Йегови нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕхе цард дӕр ӕма иннети цард дӕр тӕссаг уавӕри гӕлдзӕн. Зӕгъӕн, машинӕ кенӕ мотоциклбӕл гъӕуама арӕхсгай цӕуӕн. Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама нӕхе хезӕн, тӕссаг ка ӕй ӕма тухмиуӕ кӕми ес, уӕхӕн спортӕй (Псалом 11:5). Удта ма нӕ хӕдзари уавӕрмӕ дӕр гъӕуй лӕмбунӕг ӕркӕсун, цӕмӕй си макӕбӕл маци ’рцӕуа. Йеговӕ израилӕгтӕн бафӕдзахста: «Нӕуӕг хӕдзарӕ ку ’скӕнай, уӕд дӕ хӕдзари сӕрӕн ӕ кӕрӕнтти ниллӕг фарс исамайӕ, цӕмӕй хӕдзари сӕрӕй маке рахауа ӕма дӕ хӕдзарӕ тогниккалди ма фӕффудгин уа» (Дуккаг закъон 22:8).

9. Цӕрӕгойти цардмӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн?

9 Цӕрӕгойти цардмӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн, уой туххӕй ба Йеговӕ ци зӕгъуй? Цӕрӕгойти марунмӕ нин барӕ дӕттуй, ӕрмӕстдӕр хуӕруйнаги кенӕ уӕледарӕси туххӕй, удта ма нин ести зиан ке ӕрхӕсдзӕнцӕ, уомӕй тӕссаг ку уа, уӕд (Райдайӕн 3:21; 9:3; Рацуд 21:28). Фал син фудмиутӕ кӕнун ӕма сӕ зӕрдидзӕбӕхӕн марун ба не ’нгъезуй (Ӕмбесӕндтӕ 12:10).

ЦАРД ТАБУЙАГБӔЛ НИМАЙӔ

10. Тог цардмӕ ке амонуй, уой кӕцӕй зонӕн?

10 Йеговӕ тог табуйагбӕл нимайуй, уомӕн ӕма тог амонуй цардмӕ. Каин Авели ку рамардта, уӕд ин Йеговӕ загъта: «Де ’нсувӕри тог мӕмӕ зӕнхӕй дзиназуй» (Райдайӕн 4:10). Авели тог амудта ӕ цардмӕ, ӕма Йеговӕ Каини бафхуардта, Авели ке рамардта, уой туххӕй. Ноййи рӕстӕги ци Дони хъиамӕт адтӕй, уой фӕсте дӕр бабӕй Йеговӕ балӕдӕрун кодта, тог цардмӕ ке амонуй. Ноййӕн ӕма ӕ бийнонтӕн цӕрӕгойти фид хуӕруни барӕ ку равардта, уӕд син загъта: «Зӕнхӕбӕл цӕрӕгойтӕй цидӕриддӕр змӕлуй, етӕ уин уодзӕнцӕ хуӕрунмӕ. Зайӕгойтӕ уин куд равардтон, уотӕ уин уони дӕр еугурейдӕр дӕттун хуӕрунмӕ. Ӕрмӕст, ӕ уод [кенӕ цард], гъома ӕ тог, ӕ медӕг кӕмӕн ӕй, уӕхӕн фид ба ма хуӕретӕ» (Райдайӕн 1:29; 9:3, 4). Йеговӕ барӕ нӕ равардта, цӕмӕй фид тоги хӕццӕ хуардтайуонцӕ, уомӕн ӕма тог амудта уодмӕ, гъома цардмӕ.

11. Хуцау Израили адӕнӕн тоги туххӕй цӕхуӕн фӕдзӕхст равардта?

11 Йеговӕ Ноййӕн еци фӕдзӕхст ку равардта, уомӕй еу 800 анзей фӕсте ӕ адӕнӕн нӕуӕгӕй загъта: «Израили фурттӕй кенӕ, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг ка ӕй, уонӕй еске цауӕни, хуӕрӕн ке ес, уӕхӕн сирд кенӕ маргъ ку ниййахӕсса, уӕд ин гъӕуама ӕ тог рауадза ӕма тог сикъити буни фӕккӕна». Уой фӕсте ба син загъта, тог ма хуӕретӕ, зӕгъгӕ (Левит 17:13, 14). Йеговӕ ӕ гъуди нӕ раййивта, ӕма ӕ адӕн идарддӕр дӕр гъӕуама тог нимадтайуонцӕ табуйагбӕл. Фид хуӕрӕн син адтӕй, тог ба – нӕ. Мадта естӕй фид хуӕруни размӕ бал ин гъӕуама ӕ тог зӕнхӕмӕ рауагътайуонцӕ.

12. Киристӕнттӕ тогмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсунцӕ?

12 Йесой мӕлӕтӕй цалдӕр анзи фӕсте апостолтӕ ӕма Йерусалими ӕмбурди хестӕр нӕлгоймӕгтӕ фембалдӕнцӕ еу ӕхсидзгӕ гъуддаги фӕдбӕл. Гъудӕй сӕ ниллух кӕнун, израилӕгтӕн лӕвӕрд ка адтӕй, еци Закъонӕй киристӕнтти ци гъудӕй ӕнхӕст кӕнун, уой. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 15:28, 29; 21:25.) Йеговӕ син банхус кодта балӕдӕрун, раздӕр куд адтӕй, уотӕ нур дӕр тог табуйагбӕл ке нимайуй ӕма ’й етӕ дӕр табуйагбӕл ке гъӕуама нимайонцӕ. Фиццаг киристӕнттӕн тог хуӕрӕн кенӕ ниуазӕн н’ адтӕй, удта син н’ адтӕй, ӕ тог дзӕбӕх кӕмӕн нӕ рацудӕй, уӕхӕн фид хуӕрӕн дӕр. Еци фӕдзӕхсти сӕрти ку хизтайуонцӕ, уӕд е мӕнгӕ хуцӕуттӕн ковунӕй кенӕ хӕтунӕй уӕлдай н’ адтайдӕ. Цума еци фӕдзӕхст абони махмӕ дӕр хауй? Гъо, Йегови абони дӕр фӕндуй, цӕмӕй тог табуйагбӕл нимайӕн. Уомӕ гӕсгӕ ӕцӕг киристӕнттӕ тог нӕдӕр ниуазгӕ кӕнунцӕ, нӕдӕр хуӕргӕ.

13. Киристӕнттӕ тог цӕмӕннӕ уадзунцӕ?

13 Цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма киристӕнттӕн сӕхемӕ тог уадзӕн нӕййес? Гъо, е уотӕ ӕй. Зӕгъӕн, дохтир дин уотӕ ку зӕгъа, ниуазун дин не ’нгъезуй, зӕгъгӕ, уӕд ниуӕзтӕ дӕ тогдадзийни бауадздзӕнӕ? Ӕвӕдзи, нӕ. Мадта нин кӕд Йеговӕ бафӕдзахста, цӕмӕй тог ма хуӕрӕн ӕма ’й ма ниуазӕн, уӕд е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ’й тогдадзийни уадзӕн дӕр нӕййес. (Кӕсӕ 29 уӕлӕнхасӕн.)

14, 15. Киристӕнттӕ цардмӕ ци цӕстӕй кӕсунцӕ? Сӕ цард багъӕуай кӕнуни туххӕй Хуцауи закъони сӕрти рахездзӕнцӕ? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

14 Фал дин, дохтир уотӕ ку зӕгъа, тог ку нӕ бауадзай, уӕд рамӕлдзӕнӕ, зӕгъгӕ, уӕд дин ци кӕнгӕ ’й? Алли адӕймаг дӕр ӕй гъӕуама ӕхуӕдӕг ниллух кӕна, Хуцау тоги туххӕй ци закъон равардта, уой ӕнхӕст кӕндзӕй ӕви нӕ. Киристӕнттӕ цардӕн – Хуцауи лӕварӕн – устур аргъ кӕнунцӕ. Ӕма мах агордзиан, тоги хӕццӕ баст ка нӕй, уӕхӕн хуастӕ ӕма мадзӕлттӕ.

15 Мах, нӕ бон ци ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй ӕнӕнез уӕн, ӕма нӕ мӕлун дӕр нӕ фӕндуй. Фал тог цардмӕ ке амонуй ӕма Хуцауи цӕсти табуйаг ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ тог нӕ бауадздзиан. Мах нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕ цард багъӕуай кӕнуни туххӕй Йегови закъони сӕрти рахезӕн, уомӕн ӕма нин сӕйрагдӕр ӕй уомӕ игъосун. Йесо загъта: «Ӕ цард багъӕуай кӕнун ке фӕндуй, е ӕй фесафдзӕй, ӕ цард мӕн туххӕй ка ратта, е ба ’й багъӕуай кӕндзӕй» (Матфеййи 16:25). Мах фӕндуй Йеговӕмӕ игъосун, уомӕн ӕма ’й уарзӕн. Е ӕй зонуй, тӕккӕ хуӕздӕр нин ци ӕй, уой. Ӕма мах цардмӕ кӕсӕн Йегови цӕстӕй – нимайӕн ӕй хъазар ӕма табуйагбӕл (Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:6).

16. Хуцаумӕ цӕмӕн гъӕуама игъосӕн?

16 Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ, тоги туххӕй ци закъон равардта, уой. Етӕ тог нӕдӕр ниуазгӕ кӕнунцӕ, нӕдӕр хуӕргӕ, удта си хуасӕ дӕр нӕ кӕнунцӕ ӕма ’й сӕ бауӕри дӕр нӕ уадзунцӕ *. Фал ӕндӕр мадзӕлттӕй дзӕбӕх кӕнунмӕ ба фӕййарази кӕнунцӕ. Мах ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнӕн, пайда нин ци ӕй, уой не Сфӕлдесӕгӕй хуӕздӕр ке неке зонуй. Ду ба уобӕл ӕууӕндис?

ТОГӔЙ ПАЙДА КӔНУН ӔНГЪИЗТӔЙ ӔРМӔСТДӔР ЕУНӔГ ГЪУДДАГИ

17. Йеговӕ израилӕгтӕн ци Закъон равардта, уомӕ гӕсгӕ сӕ бон ӕрмӕстдӕр цӕхуӕн гъуддаги адтӕй тогӕй пайда кӕнун?

17 Хуцау, Моисеййӕн ке ниффинсун кодта, еци Закъони израилӕгтӕн загъта: «Уод ӕй тоги, ӕма ’й ӕз рахецӕн кодтон нивондхӕссӕнӕн, цӕмӕй си уӕ уодтӕ тӕрегъӕдтӕй ’скӕдзос кӕнайтӕ [кенӕ уӕ тӕрегъӕдти туххӕй хатир корайтӕ], уомӕн ӕма тог кӕдзос кӕнуй тӕрегъӕдтӕй, уод тоги ке ӕй, уой фӕрци» (Левит 17:11). Израилӕгтӕ тӕрегъӕд ку ракӕниуонцӕ, уӕд сӕ бон адтӕй Йеговӕй хатир ракорун. Уой туххӕй ба сӕ гъудӕй нивонд ӕрхӕссун. Еци нивонди хӕццӕ гъӕуама саугинмӕ бацудайуонцӕ, ӕма саугин нивонди тогӕй ковӕндони нивондхӕссӕнбӕл бацъӕпп кодтайдӕ. Ӕрмӕстдӕр гъе уӕхӕн гъуддаги ӕнгъизтӕй тогӕй пайда кӕнун.

18. Йесой нивонди фӕрци нин цӕхуӕн фадуат ес?

18 Йесо зӕнхӕмӕ ку ’рцудӕй, уӕд ӕ цард, кенӕ ӕ тог, равардта, цӕмӕй нӕ тӕрегъӕдтӕ хатиргонд ӕрцудайуонцӕ. Ӕма уӕдӕй фӕстӕмӕ, фонси нивӕндти туххӕй ци закъон адтӕй, уомӕн хъаурӕ нӕбал адтӕй (Матфеййи 20:28; Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:1). Йесой цард гъе уотӕ хъазар адтӕй, ӕма ӕ нивонди фӕрци Хуцау ӕгас адӕнӕн дӕр равардта ӕносмӕ цӕруни фадуат (Иоанни 3:16; Дзиуиттӕгтӕмӕ 9:11, 12; 1 Петури 1:18, 19).

Цардӕн ӕма тогӕн аргъ ке кӕнӕн, уой нӕ бон куд ӕй ӕвдесун?

19. Цӕмӕй «ӕгас адӕни тогӕй дӕр кӕдзос» уӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй?

19 Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, цард нин ке равардта, уой туххӕй! Е ӕй дессаги лӕвар. Ӕма нӕ фӕндуй иннетӕн дӕр дзорун, Йесобӕл ку ӕууӕндонцӕ, уӕд сӕ бон ӕносмӕ цӕрун ке уодзӕй. Адӕни ке уарзӕн, уомӕ гӕсгӕ ӕгас хъауритӕй архайдзиан, цӕмӕй син амонӕн, царди надбӕл ӕрлӕуун сӕ бон куд ӕй, уой (Йезекил 3:17–21). Ӕма уӕд нӕ бон уодзӕй апостол Павели хузӕн зӕгъун: «Ӕз ӕгас адӕни тогӕй дӕр кӕдзос... дӕн, уомӕн ӕма ӕз гъосӕй нӕ лӕудтӕн – игъосун уин кодтон, Хуцауи фӕндонмӕ цидӕриддӕр хауй, уой» (Гъуддӕгтӕ 20:26, 27). Иннетӕн Йегови туххӕй ӕма, цард ӕ цӕсти куд хъазар ӕй, уой туххӕй ку дзорӕн, уӕд ӕвдесдзиан, цардӕн ӕма тогӕн аргъ ке кӕнӕн.

^ 16 абз. Тог уадзуни туххӕй дӕ бон ӕй фулдӕр бакӕсун киунуги «Оставайся в любви Бога», 92–94 фӕрстӕ. Рауагътонцӕ ’й Йегови Ӕвдесӕнтӕ.