Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

14 СӔР

Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!

Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!

1, 2. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой?

ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы цард куы баиу кодта, уӕд бындур ӕрӕвӕрдта бинонты цардӕн. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау фыццаг сылгоймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй «адӕймагмӕ ӕрбакодта». Адам тынг бацин кодта ӕмӕ загъта: «Ай у стӕг ме стӕгӕй, ӕмӕ буар мӕ буарӕй» (Райдиан 2:22, 23). Уымӕй нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус иумӕ амондджынӕй цӕрой.

2 Хъыгагӕн, бирӕ бинонтӕ амондджын никуы уыдысты. Фӕлӕ Библийы ис бирӕ хорз уынаффӕтӕ бинонтӕй алкӕмӕн дӕр. Ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайой, уӕд уыдзысты ӕнгом ӕмӕ кӕрӕдзи уарздзысты (Лукайы 11:28).

ХУЫЦАУ ЛӔГТӔН ЦЫ ФӔДЗӔХСЫ

3, 4. а) Лӕг йӕ усӕн куыд хъуамӕ уа? б) Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн хатыр кӕной?

3 Библи зӕгъы, хорз лӕг йӕ усы кӕй уарзы ӕмӕ йын кӕй кад кӕны. Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс Ефесӕгтӕм 5:25–29 стихтӕ. Лӕг хъуамӕ йӕ усы алкӕддӕр уарза, хъахъхъӕна йӕ ӕмӕ йыл тыхса. Стӕй йын хъуамӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ ма кӕна ӕмӕ йӕм йӕ къух ма иса.

4 Фӕлӕ ус куы рӕдийа, уӕд та? Хуыцау лӕгтӕн дзуры: «Алкӕддӕр уарзут уӕ устыты ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут» (Колоссӕгтӕм 3:19). Лӕгтӕ, рох уӕ ма уӕд, уӕхӕдӕг дӕр кӕй рӕдийут. Ӕмӕ уӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уын Хуыцау хатыр кӕна, уӕд хъуамӕ сымах дӕр уӕ устытӕн хатыр кӕнат (Матфейы 6:12, 14, 15). Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕной, уӕд сын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй амондджын уой.

5. Лӕг йӕ усӕн цӕмӕн хъуамӕ кад кӕна?

5 Йегъовӕ лӕгтӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ устытӕн кад кӕной. Лӕг хъуамӕ хъуыды кӕна, йӕ бинойнаджы цы хъӕуы, ууыл, зӕгъӕм, хъӕуы йӕ хӕринаг ӕмӕ дарӕс. Стӕй-иу хъуамӕ рӕстӕг ссара, цӕмӕй-иу йемӕ аныхас кӕна ӕмӕ-иу ын йӕ хъуыдытӕ, йе ’нкъарӕнтӕ бамбара. Лӕг йӕ усӕн ӕвзӕр куы уа ӕмӕ йыл куы нӕ тыхса, уӕд ын, гӕнӕн ис, Йегъовӕ йӕ куывдтытӕ мауал хъуса (1 Петры 3:7). Йегъовӕйӕн зынаргъ сты, чи йӕ уарзы, уыдон. Ӕмӕ йӕ цӕсты нӕлгоймагӕн цы кад ис, уыцы кад ис сылгоймагӕн дӕр.

6. Лӕг ӕмӕ ус «иу буар» кӕй сты, уый куыд ӕмбаргӕ у?

6 Йесо загъта, зӕгъгӕ, лӕг ӕмӕ ус «дыууӕ нал сты, фӕлӕ – иу буар» (Матфейы 19:6). Уыдон хъуамӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй макуы рацӕуой (Ӕмбисӕндтӕ 5:15–21; Дзуттӕгтӕм 13:4). Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уыцы хъуыддаджы лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕной, сӕхиуыл нӕ, фӕлӕ (1 Коринфӕгтӕм 7:3–5). Лӕг хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, «йӕ буарӕй йе сӕфт [кӕй] никуы ничи уыдта, фӕлӕ йӕм алчидӕр зилы ӕмӕ йӕ буц дары». Ӕмӕ уӕд хъуамӕ йӕ усы дӕр уарза ӕмӕ йӕ буц дара. Усы ӕппӕты тынгдӕр фӕфӕнды, цӕмӕй йӕм йӕ лӕг фӕлмӕн зӕрдӕ дара ӕмӕ йӕ уарза (Ефесӕгтӕм 5:29).

ХУЫЦАУ УСТЫТӔН ЦЫ ФӔДЗӔХСЫ

7. Бинонтӕн хистӕр, кӕнӕ хицау, цӕмӕн хъуамӕ уа?

7 Алы бинонтӕн дӕр хъуамӕ уа хистӕр, кӕнӕ хицау, ома сын разамынд чи дӕтдзӕн, уый, цӕмӕй бинонтӕй алчидӕр йӕ хӕстӕ хорз ӕххӕст кӕна. Библийы 1 Коринфӕгтӕм 11:3 стихы фыст ис: «Алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау».

8. Усӕн йӕ бон куыд у равдисын, йӕ лӕджы кӕй нымайы, уый?

8 Рӕдигӕ чи нӕ кӕны, ахӕм лӕг нӕй. Фӕлӕ ус, йӕ лӕг цы уынаффӕ рахӕссы, уыимӕ куы сразы вӕййы ӕмӕ йын куы феххуыс кӕны, уӕд уый пайда ӕрхӕссы ӕнӕхъӕн бинонтӕн дӕр (1 Петры 3:1–6). Библийы фыст ис: «Ус... хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (Ефесӕгтӕм 5:33). Ӕмӕ лӕг, йӕ ус цӕуыл ӕууӕнды, ууыл куы не ’ууӕнда, уӕд та? Уӕд дӕр ӕй хъуамӕ нымайа. Библи зӕгъы: «Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, цӕмӕй, Хуыцауы ныхасӕн сӕ коммӕгӕс чи нӕу, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауы фӕрцы суой коммӕгӕс, хӕдӕфсарм кӕй стут ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый уынгӕйӕ» (1 Петры 3:1, 2). Ус Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕра, уӕд лӕг, гӕнӕн ис, бамбара, йӕ усӕн, цӕуыл ӕууӕнды, уый ахсджиаг кӕй у, ӕмӕ йын йӕ динмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕса.

9. а) Ус йӕ сӕрыхицауимӕ разы куы нӕ уа, уӕд куыд хъуамӕ бакӕна? б) Титмӕ 2:4, 5 стихты устытӕн цавӕр уынаффӕ ис?

9 Ус йӕ лӕгимӕ разы куы нӕ уа, уӕд йӕ бон цы у бакӕнын? Йӕ бон у, цы хъуыды кӕны, уый йын уӕзданӕй бамбарын кӕнын. Зӕгъӕм, иухатт Саррӕйы ныхӕстӕ Авраамы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты, фӕлӕ Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Байхъус ӕм» (Райдиан 21:9–12). Лӕг цы уынаффӕ рахӕсса, уый Библийы ныхмӕ куы нӕ уа, уӕд ус хъуамӕ йемӕ сразы уа (Хъуыддӕгтӕ 5:29; Ефесӕгтӕм 5:24). Уымӕй уӕлдай, хорз ус тыхсы йӕ бинонтыл. (Бакӕс Титмӕ 2:4, 5.) Ӕмӕ йӕ бинонты тыххӕй куыд фыдӕбон кӕны, уый йӕ лӕг ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ куы уыной, уӕд ӕй тынгдӕр уарздзысты ӕмӕ йын тынгдӕр кад кӕндзысты (Ӕмбисӕндтӕ 31:10, 28).

Саррӕ устытӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

10. Библи хицӕнтӕй цӕрыны ӕмӕ хицӕн кӕныны тыххӕй цы дзуры?

10 Хатт лӕг ӕмӕ ус, лӕмбынӕг нӕ ахъуыды кӕнынц, афтӕмӕй аскъуыддзаг кӕнынц, хицӕнтӕй кӕй цӕрдзысты кӕнӕ кӕй ахицӕн уыдзысты. Фӕлӕ Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «ус йӕ лӕгӕй ма ацӕуӕд» ӕмӕ «лӕг... йӕ усы ма ныууадзӕд» (1 Коринфӕгтӕм 7:10, 11). Иуӕй-иу уавӕрты чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты ӕндӕр гӕнӕн нал вӕййы, ӕмӕ аскъуыддзаг кӕнынц сӕ цардӕмбалӕй ацӕуын. Фӕлӕ уыцы фарстамӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй *. Ӕмӕ хицӕн кӕныны тыххӕй та Библи цы зӕгъы? Библийӕ бӕрӕг у, лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕнӕн кӕй ис ӕрмӕстдӕр иу хъуыддаджы тыххӕй – лӕг кӕнӕ ус, йӕ цардӕмбал чи нӕу, ахӕм адӕймагимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд (Матфейы 19:9).

ХУЫЦАУ НЫЙЙАРДЖЫТӔН ЦЫ ФӔДЗӔХСЫ

Йесо фӕзминаг у бинонтӕй алкӕмӕн дӕр

11. Сывӕллӕтты ӕппӕты тынгдӕр цы хъӕуы?

11 Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитут. Уӕ сывӕллӕтты хъӕуы, цӕмӕй сӕ фарсмӕ уат. Ӕмӕ сӕ ӕппӕты тынгдӕр та хъӕуы, цӕмӕй сын Йегъовӕйы базонынӕн ӕххуыс кӕнат (Дыккаг закъон 6:4–9).

12. Ныййарджыты цы хъӕуы аразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕной?

12 Хӕйрӕджы дуне фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны. Ӕмӕ дзы бирӕ ис, сывӕллӕттӕн тӕссаг кӕмӕй у, ахӕм адӕймӕгтӕ. Уыдон сын, гӕнӕн ис, суанг тыхми дӕр бакӕной. Иуӕй-иу ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕттимӕ ахӕм фарстатыл ныхас кӕнын зын вӕййы. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр хъуамӕ фӕдзӕхсой, ахӕм адӕм тӕссаг кӕй сты, стӕй сын амоной, сӕхи сӕ куыд хъахъхъӕной, уый. Ныййарджытӕ, хъуамӕ уӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнат * (1 Петры 5:8).

13. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куыд хъуамӕ ахуыр кӕной?

13 Уӕ хӕс у уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын, цӕмӕй ӕгъдауджын ӕмӕ уӕздан уой. Уый уӕ бон куыд у аразын? Сывӕллӕттӕн хъӕуы зонд амонын, фӕлӕ уый тызмӕгӕй кӕнӕ карзӕй хъуамӕ макуы аразат (Йереми 30:11). Уӕдӕ сын зонд мӕстыйӕ макуы амонут. Уӕ ныхӕстӕ «карды цӕфау» ма уӕнт ӕмӕ-иу сын сӕ зӕрдӕтӕ ма фӕриссын кӕнут (Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Уӕ сывӕллӕттӕн-иу бамбарын кӕнут, коммӕгӕс цӕмӕн хъуамӕ уой, уый (Ефесӕгтӕм 6:4; Дзуттӕгтӕм 12:9–11; кӕс 30-ӕм уӕлӕмхасӕн).

ХУЫЦАУ СЫВӔЛЛӔТТӔН ЦЫ ФӔДЗӔХСЫ

14, 15. Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсой?

14 Йесо алкӕддӕр каст йӕ Фыды коммӕ, уый йын ӕнцон куы нӕ уыд, уӕд дӕр (Лукайы 22:42; Иоанны 8:28, 29). Ӕмӕ Йегъовӕ сывӕллӕттӕн дӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой (Ефесӕгтӕм 6:1–3).

15 Сывӕллӕттӕ, кӕд уын уӕ ныййарджыты коммӕ кӕсын зын у, уӕд уын иу цыдӕр баххуыс кӕндзӕн. Уӕ зӕрдыл дарут: сӕ коммӕ куы фӕкӕсут, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ дӕр барухс вӕййы ӕмӕ уӕ ныййарджыты зӕрдӕ дӕр * (Ӕмбисӕндтӕ 1:8; 6:20; 23:22–25).

Сывӕллӕттӕн исчи, раст цы нӕу, уый куы аразын кӕна, уӕд сын цы баххуыс кӕндзӕн Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайынӕн?

16. а) Хӕйрӕг куыд архайы, цӕмӕй сывӕллӕтты фӕрӕдийын кӕна? б) Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм ӕмбӕлттӕ ссарын ахсджиаг цӕмӕн у?

16 Гӕнӕн ис, Хӕйрӕг де ’мбӕлтты ӕмӕ иннӕ сывӕллӕтты уылты архайа, цӕмӕй дын исты ӕвзӕр хъуыддаг саразын кӕна. Уый зоны, сӕ ныхмӕ фӕлӕууын тынг зын кӕй вӕййы. Зӕгъӕм, Иаковы чызг Динӕйӕн уыд, Йегъовӕйы чи нӕ уарзта, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр стыр маст бавзӕрстой (Райдиан 34:1, 2). Кӕд де ’мбӕлттӕ Йегъовӕйы нӕ уарзынц, уӕд дӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕрӕдийын кӕной – Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, ахӕм исты дын саразын кӕной. Уый стыр масты хос уыдзӕн дӕхицӕн дӕр, дӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ Хуыцауӕн дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 17:21, 25). Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй дӕхицӕн ссарай, Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм ӕмбӕлттӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:33).

УӔ БИНОНТӔ АМОНДДЖЫН УӔНТ!

17. Бинонтӕй алкӕуыл дӕр цавӕр хӕстӕ ис?

17 Бинонтӕй алчидӕр Хуыцауы амындтӕм гӕсгӕ куы архайа, уӕд сӕхи бирӕ бӕллӕхтӕй ӕмӕ зындзинӕдтӕй бахиздзысты. Лӕгтӕ, уӕ устыты уарзут ӕмӕ уый уӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд. Устытӕ, уӕ лӕгтӕн кад кӕнут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут. Ӕмбисӕндты 31:10–31 стихты цы хорз усы кой ис, уый фӕзмут. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзынӕн ӕххуыс кӕнут (Ӕмбисӕндтӕ 22:6). Фыдӕлтӕ, уӕ бинонтӕн хорз уынаффӕгӕнджытӕ ут (1 Тимофеймӕ 3:4, 5; 5:8). Сымах та, сывӕллӕттӕ, уӕ ныййарджыты коммӕ кӕсут (Колоссӕгтӕм 3:20). Бинонтӕ, алчидӕр уӕ кӕй рӕдийы, уый ма рох кӕнут, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕрныллӕг ут ӕмӕ кӕрӕдзийӕ хатыр курут. Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй Библийы ӕцӕгдӕр ис Йегъовӕйы разамынд бинонтӕй алкӕмӕн дӕр.

^ 10 абз. Ацы фарстайы тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн», 251–253 фӕрстӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 12 абз. Уӕ сывӕллӕтты уӕ бон бахъахъхъӕнын куыд у, уый тыххӕй базонӕн ис чиныгӕй «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ», 32 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 15 абз. Сывӕллонӕн йӕ ныййарджытӕ, Хуыцауы закъоны ныхмӕ цы у, ахӕм исты куы аразын кӕной, уӕд йӕ бон у, ӕмӕ сӕм ма байхъуса (Хъуыддӕгтӕ 5:29).