Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 СӔР

Нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын!

Нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын!

«Арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕджы» фӕнды нӕ куывдтытӕм хъусын (Псалом 115:15)

1, 2. а) Дӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй у, уый дын уӕлдай зынаргъ лӕвар цӕмӕн у? б) Кувын куыд хъӕуы, уый тыххӕй Библи цы дзуры, уый зонын нӕ цӕмӕн хъӕуы?

ДУН-ДУНЕИМӔ абаргӕйӕ зӕхх тынг гыццыл у. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн адӕмтӕ иууылдӕр сты, доны ведрайы иу гыццыл ӕртах куыд уа, уый хуызӕн (Псалом 115:15; Исай 40:15). Фӕлӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр Псаломы 145:18, 19 стихты фыст ис: «Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ, рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ йӕм чи кувы, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр. Уый сӕххӕст кӕндзӕн, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы фӕндон. Фехъусдзӕн сын сӕ дзыназын ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн». Хуыцау нын диссаджы лӕвар скодта. Йегъовӕйы, ӕппӕтхъомысджын Сфӕлдисӕджы, фӕнды, цӕмӕй нӕ фарсмӕ уа ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕм хъуса. Нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын кӕй у, уый у йӕ лӕвар махӕй алкӕмӕн дӕр. Ӕмӕ у уӕлдай зынаргъ лӕвар.

2 Фӕлӕ нын цӕмӕй Йегъовӕ нӕ куывдтытӕ хъуса, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ кувӕм, йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕ. Ома куыд? Цӕй ӕмӕ базонӕм, уый тыххӕй Библи цы дзуры, уый.

ЦӔМӔН ХЪӔУЫ ЙЕГЪОВӔМӔ КУВЫН?

3. Цӕмӕн хъӕуы Йегъовӕмӕ кувын?

3 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм кувай, ома йемӕ ныхас кӕнай. Уый кӕцӕй зонӕм? Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихтӕ. Ахъуыды-ма кӕн, ацы стихты цы ныхӕстӕ ис, уыдоныл. Дун-дуне чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын дзурай, дӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уый тыххӕй.

4. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕдзух куы кувай, уӕд ӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ?

4 Йегъовӕмӕ куы кувай, уӕд уый суыдзӕн де ’ввахс Хӕлар. Хӕлӕрттӕ арӕх куы фӕныхас кӕнынц ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕн сӕ хъуыдытӕ, цы сӕ тыхсын кӕны ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕргом куы фӕдзурынц, уӕд тынгдӕр балымӕн вӕййынц. Афтӕ вӕййы, Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд дӕр. Йегъовӕ дын Библийы ӕргом кӕны йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕ, стӕй дын дзуры, фидӕны цы сараздзӕн, уый дӕр. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у йемӕ ӕдзух ныхас кӕнын ӕмӕ йын суанг дӕ сусӕг хъуыдытӕ дӕр дзурын. Афтӕ куы кӕнай, уӕд ӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ (Иаковы 4:8).

ЦЫ ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ НЫН ХУЫЦАУ НӔ КУЫВДТЫТӔ ХЪУСА?

5. Йегъовӕ алы куывд кӕй нӕ хъусы, уый кӕцӕй зонӕм?

5 Йегъовӕ алы куывд дӕр хъусы? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Пехуымпар Исайы заман Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта: «Цасфӕнды мӕм ма куват – нӕ уӕм хъусын. Сымахӕн уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты» (Исай 1:15). Уӕдӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтӕй, кӕннод нын нӕ куывдтытӕ нӕ хъусдзӕн.

6. Уырнындзинад ахсджиаг цӕмӕн у? Уырнындзинад дӕм кӕй ис, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

6 Цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕ хъуса, уый тыххӕй йыл хъуамӕ ӕууӕндӕм (Марчы 11:24). Апостол Павел бамбарын кодта: «Ӕнӕ уырнындзинадӕй... Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн кувӕг адӕймаджы хъуамӕ уырна, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны» (Дзуттӕгтӕм 11:6). Фӕлӕ фаг нӕу ӕрмӕст дзурын, ӕз Хуыцауыл ӕууӕндын, зӕгъгӕ. Нӕ уырнындзинад хъуамӕ бӕрӕг уа, алы бон дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсӕм, уымӕй. (Бакӕс Иаковы 2:26.)

7. а) Йегъовӕимӕ сӕрныллӕгӕй ӕмӕ уӕзданӕй цӕмӕн хъуамӕ ныхас кӕнӕм? б) Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кӕй кувӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

7 Йегъовӕимӕ хъуамӕ ныхас кӕнӕм сӕрныллӕгӕй ӕмӕ уӕзданӕй. Зӕгъӕм, паддзахмӕ кӕнӕ президентмӕ куы бацӕуиккам, уӕд йемӕ уӕзданӕй нӕ ныхас кӕниккам? Йегъовӕ та Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у, ӕмӕ уӕд йемӕ ныхас кӕнгӕйӕ хъуамӕ уӕм ноджы сӕрныллӕгдӕр ӕмӕ уӕздандӕр (Райдиан 17:1; Псалом 138:6). Уымӕй уӕлдай ма йӕм хъуамӕ кувӕм зӕрдӕбынӕй ӕмӕ йын дзурӕм, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Уыцы иу ныхӕстӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй дзурын нӕ фӕхъӕуы (Матфейы 6:7, 8).

8. Йегъовӕйӕ исты куы фӕкурӕм, уӕд ма нӕ цы фӕхъӕуы аразын?

8 Йегъовӕйӕ исты куы курӕм, уӕд ма-иу хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр, нӕхицӕй цы кӕнгӕ у, уый аразӕм. Зӕгъӕм, Йегъовӕмӕ куы кувӕм, алы бон дӕр нӕ ӕнӕмӕнг цы фӕхъӕуы, уыдӕтты тыххӕй, уӕд хъуамӕ зивӕггӕнаг ма уӕм. Ӕмӕ хъуамӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ нын алцыдӕр цӕттӕйӕ кӕй ратдзӕн, уымӕ, нӕхи бон кусын куы уа, уӕд. Хъуамӕ фыдӕбон кӕнӕм ӕмӕ, нӕ бон аразын кӕй у, ахӕм куыстытӕй кӕцыфӕнды дӕр нӕ сӕрмӕ хӕссӕм (Матфейы 6:11; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:10). Кӕнӕ, гӕнӕн ис, Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддаг ныууадзынӕн. Ӕмӕ уӕд хъуамӕ нӕхи хизӕм, фӕрӕдийынӕй нын тӕссаг цы уавӕрты уыдзӕн, уыдонӕй (Колоссӕгтӕм 3:5). Ныр та ӕркӕсӕм, Хуыцаумӕ кувыны тыххӕй адӕймагмӕ арӕхдӕр цавӕр фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕй цалдӕрмӕ.

КУВЫНЫ ТЫХХӔЙ АРӔХДӔР ЦАВӔР ФАРСТАТӔ ФӔЗЫНЫ?

9. Кӕмӕ хъуамӕ кувӕм? Иоанны 14:6 стихӕй цы ис базонӕн, Хуыцаумӕ кувын куыд хъӕуы, уый тыххӕй?

9 Кӕмӕ хъуамӕ кувӕм? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй куывтаиккой сӕ «уӕларвон Фыдмӕ» (Матфейы 6:9). Ноджыдӕр ма загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6). Хъуамӕ кувӕм ӕрмӕстдӕр Йегъовӕмӕ Йесойы уылты, ома Йесойы номӕй. Йесойы номӕй кувын кӕй хъӕуы, уый куыд ӕмбаргӕ у? Хъуамӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕ Йесойы бар цы хӕстӕ бакодта ӕмӕ цы бынат ахсы, уый ӕмӕ йын кад кӕнӕм. Куыд базыдтам, афтӕмӕй Йесо зӕхмӕ ӕрцыд, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй (Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 5:12). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ Йесойы сӕвӕрдта Хистӕр сауджынӕй ӕмӕ Тӕрхонгӕнӕгӕй (Иоанны 5:22; Дзуттӕгтӕм 6:20).

Дӕ бон у Хуыцаумӕ кӕдфӕнды дӕр кувын

10. Хуыцаумӕ уӕрджытыл лӕугӕйӕ хъӕуы кувын? Бамбарын ӕй кӕн.

10 Хуыцаумӕ уӕрджытыл лӕугӕйӕ хъӕуы кувын? Нӕ, Йегъовӕ нӕ уый нӕ домы. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй нӕ бон у бадгӕйӕ дӕр, лӕугӕйӕ дӕр, нӕ сӕр ӕркъул кӕнгӕйӕ дӕр ӕмӕ уӕрджытыл лӕугӕйӕ дӕр кувын (1 Азфыстыты 17:16; Нееми 8:6; Данел 6:10; Марчы 11:25). Йегъовӕйӕн сӕйрагдӕр у, цӕмӕй йемӕ ныхас кӕнӕм уӕзданӕй ӕмӕ нӕ ныхӕстӕ нӕ зӕрдӕйӕ цӕуой. Нӕ бон у Хуыцаумӕ хъӕрӕй кӕнӕ нӕхинымӕр кувын, стӕй кӕмфӕнды дӕр ӕмӕ кӕдфӕнды дӕр, ӕхсӕвыгон дӕр ӕмӕ боныгон дӕр. Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ хъусы, ууыл, нӕхинымӕр куы кувӕм, уӕд дӕр (Нееми 2:1–6).

11. Цӕй тыххӕй ис Йегъовӕмӕ кувӕн?

11 Нӕ бон цӕй тыххӕй у кувын? Нӕ бон кувын у, Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ цыдӕриддӕр у, уыдӕтты тыххӕй. Библийы фыст ис: «Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоанны 5:14). Цымӕ, нӕхи цы хъӕуы ӕмӕ нӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕтты тыххӕй дӕр ын ис дзурӕн? О. Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд хъуамӕ йемӕ ныхас кӕнӕм, не ’ввахс ӕмбалимӕ куыд ныхас кӕниккам, афтӕ. Нӕ бон ын у алцыдӕр дзурын – нӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис ӕмӕ цӕуыл хъуыды кӕнӕм, уыдӕттӕ (Псалом 62:8). Нӕ бон ма у Йегъовӕйӕ йӕ хъомысджын сыгъдӕг тых курын, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна, раст цы у, уый аразынӕн (Лукайы 11:13). Нӕ бон у Йегъовӕйӕ зонд курын, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссӕм, стӕй дзы тыхтӕ курын, цӕмӕй нӕ бон уа зындзинӕдты сӕрты хизын (Иаковы 1:5). Хъуамӕ Йегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна (Ефесӕгтӕм 1:3, 7). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ кувӕм иннӕты тыххӕй дӕр, зӕгъӕм, нӕ бинонты тыххӕй ӕмӕ не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй (Хъуыддӕгтӕ 12:5; Колоссӕгтӕм 4:12).

12. Йегъовӕмӕ сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй хъуамӕ кувӕм?

12 Сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй хъӕуы кувын? Йегъовӕимӕ ӕмӕ йӕ фӕндонимӕ баст цы у, уыдӕтты тыххӕй. Хъуамӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ бузныг дзурӕм, хорзӕй нын цыдӕриддӕр аразы, уый тыххӕй (1 Азфыстыты 29:10–13). Сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй хъӕуы кувын, уый базонӕн ис, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куыд ахуыр кодта, уымӕй. (Бакӕс Матфейы 6:9–13.) Уый загъта, фыццаджыдӕр кувын кӕй хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы ном срухс уа. Уый фӕстӕ загъта, кӕй хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр Йегъовӕйы фӕндон уа. Ӕмӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ у нӕ бон, нӕхи цы хъӕуы, уыдӕтты тыххӕй кувын. Нӕ куывдтыты фыццаджыдӕр, Йегъовӕимӕ ӕмӕ йӕ фӕндонимӕ баст цы у, уый тыххӕй куы дзурӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, ӕппӕты ахсджиагдӕр нын цы у, уый.

13. Цас рӕстӕг хъӕуы кувын?

13 Цас рӕстӕг хъӕуы кувын? Уый тыххӕй Библи ницы зӕгъы. Иу уавӕры вӕййы цыбыртӕй акувӕн, ӕндӕр уавӕры та фӕхъӕуы фылдӕр кувын. Зӕгъӕм, хӕрды размӕ нӕ бон у цыбыртӕй акувын. Куы нӕ фӕнда Йегъовӕйӕн истӕй тыххӕй бузныг зӕгъын кӕнӕ нӕ цы тыхсын кӕны, уый йын радзурын, уӕд та нӕ бон у фылдӕр рӕстӕг кувын (1 Самуилы 1:12, 15). Фӕлӕ бирӕ куы кувӕм, уӕддӕр уый искӕй цӕстмӕ хъуамӕ ма аразӕм, Йесойы рӕстӕг чидӕртӕ куыд кодтой, афтӕ (Лукайы 20:46, 47). Ахӕм куывдтытӕй Йегъовӕйы дисы нӕ бафтаудзынӕ. Йегъовӕйы зӕрдӕ ссарӕн ис зӕрдӕбын куывдтытӕй.

14. Хуыцаумӕ арӕх хъӕуы кувын? Уымӕй нӕ бон Йегъовӕйы тыххӕй цы у базонын?

14 Арӕх хъӕуы кувын? Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй йӕм ӕдзух кувӕм. Библийы фыст ис, «ӕппынӕдзух кувут», зӕгъгӕ (Матфейы 26:41; Ромӕгтӕм 12:12; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17). Йегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ у нӕ куывдтытӕм байхъусынмӕ. Нӕ бон ын у алы бон дӕр йӕ уарзондзинады ӕмӕ йӕ рӕдаудзинады тыххӕй бузныг дзурын, стӕй дзы разамынд, тыхтӕ ӕмӕ удӕнцой курын. Нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын кӕй у, уымӕн ӕцӕгдӕр куы аргъ кӕнӕм, уӕд алы фадатӕй дӕр пайда кӕндзыстӕм, цӕмӕй-иу йемӕ аныхас кӕнӕм.

15. Куывдтыты кӕрон «аммен» цӕмӕн фӕхъӕуы дзурын?

15 Куывдтыты кӕрон «аммен» цӕмӕн фӕхъӕуы дзурын? Дзырд «аммен» нысан кӕны «раст у» кӕнӕ «афтӕ уӕд». Уымӕй ӕвдисӕм, нӕ куывдтыты цы фӕдзурӕм, нӕ зӕрдӕйы дӕр уый кӕй вӕййы (Псалом 41:13). Нӕ номӕй ӕндӕр исчи куы кува, уӕд дӕр раст уыдзӕн нӕхинымӕр кӕнӕ хъӕрӕй «аммен» зӕгъын, цӕмӕй равдисӕм, цы загъта, уыимӕ разы кӕй стӕм (1 Азфыстыты 16:36; 1 Коринфӕгтӕм 14:16).

ХУЫЦАУ НЫН НӔ КУЫВДТЫТӔН ДЗУАПП КУЫД ДӔТТЫ?

16. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн ӕцӕгдӕр ратты дзуапп? Уый тыххӕй Библи цы зӕгъы?

16 Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн ӕцӕгдӕр ратты дзуапп? О. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» (Псалом 65:2). Йегъовӕ фехъусы милуангай адӕмы зӕрдӕбын куывдтытӕ ӕмӕ сын дзуапп ратты. Ӕмӕ уый аразы алыхуызӕтты.

17. Йегъовӕ зӕдты ӕмӕ йӕ зӕххон лӕггадгӕнджыты уылты нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты?

17 Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп ратты зӕдты ӕмӕ йӕ зӕххон лӕггадгӕнджыты уылты (Дзуттӕгтӕм 1:13, 14). Арӕх-иу афтӕ уыди, ӕмӕ-иу адӕймаджы фӕндыд Библи бамбарын кӕнӕ, Хуыцау чи у, уый базонын, ӕмӕ-иу уый тыххӕй куывта. Уымӕй-иу бирӕ нӕ рацыд, афтӕ-иу ӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрбацыдысты. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ зӕдтӕ дӕр архайынц «хорз хабар» хъусын кӕныны хъуыддаджы, ӕмӕ уыцы хабар хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххыл дӕр. Уыдон хъусынгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынц сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы ссарынӕн. (Бакӕс Раргомад 14:6.) Вӕййы ма афтӕ дӕр, ӕмӕ Йегъовӕмӕ фӕкувӕм, цӕмӕйдӕр хъуаг куы феййафӕм кӕнӕ цавӕрдӕр зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд. Ӕмӕ нын уӕд чырыстӕттӕй исчи баххуыс кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 12:25; Иаковы 2:16).

Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн иуӕй-иу хатт дзуапп ратты нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уылты

18. Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы ӕмӕ Библийы фӕрцы нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты?

18 Йегъовӕ ма нын нӕ куывдтытӕн дзуапп ратты йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы дӕр. Зӕгъӕм, зын уавӕры йӕм куы фӕкувӕм, уӕд нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ратты разамынд ӕмӕ хъарутӕ (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Дзуапп ма нын ратты Библийы уылты дӕр. Библийы фӕрцы нын баххуыс кӕны раст уынаффӕтӕ рахӕссынӕн. Куы йӕ фӕкӕсӕм, уӕд дзы ссарӕм, нӕ уавӕры нын чи баххуыс кӕны, ахӕм стихтӕ. Хатгай та Йегъовӕ ӕмбырды искӕй баразӕнгард кӕны, цӕмӕй дзуапп дӕтгӕйӕ зӕгъа, чи нын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм хъуыды. Кӕнӕ та афтӕ бакӕны, цӕмӕй нӕ хистӕр нӕлгоймаг Библийӕ цавӕрдӕр хъуыдыйӕ бафидар кӕна (Галатӕгтӕм 6:1).

19. Афтӕ нӕм цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп нӕ дӕтты?

19 Иуӕй-иу хатт нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп нӕ дӕтты. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ хуыздӕр кӕй зоны, кӕд ӕмӕ нын куыд хъӕуы дзуапп раттын, уый. Йегъовӕ зоны, цы нӕ хъӕуы, уый. Чи зоны ӕмӕ нӕ бахъӕуа иу цасдӕр рӕстӕг кувын, цӕмӕй равдисӕм, цӕй тыххӕй йӕм кувӕм, уый нын ахсджиаг кӕй у ӕмӕ нын дзуапп кӕй ратдзӕн, уый нӕ кӕй уырны (Лукайы 11:5–10). Хатт нын Йегъовӕ дзуапп ратты, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ вӕййӕм, афтӕ. Зӕгъӕм, кӕцыдӕр уавӕрты нын Йегъовӕ нӕ зындзинӕдтӕ нӕ аиуварс кӕны, фӕлӕ нын ратты тых, цӕмӕй фӕразӕм. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:13.)

20. Йегъовӕмӕ арӕх цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

20 Йегъовӕ нын цӕй диссаджы лӕвар скодта! Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ куывдтытӕ нын кӕй хъусы, ууыл (Псалом 145:18). Ӕмӕ йӕм цас арӕхдӕр кувӕм, уыйас ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм.