Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

18 СӔР

Хъӕуы мӕ мӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын?

Хъӕуы мӕ мӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын?

1. Ацы чиныг ахуыргӕнгӕйӕ дӕм, гӕнӕн ис, цавӕр фарста фӕзына?

АЦЫ чиныг ахуыргӕнгӕйӕ Библийӕ бирӕ цыдӕртӕ базыдтай. Зӕгъӕм, базыдтай, Хуыцау нын ӕнусон цардӕй зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы ӕмӕ мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый (Екклесиаст 9:5; Лукайы 23:43; Иоанны 5:28, 29; Раргомад 21:3, 4). Гӕнӕн ис, райдыдтай Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ дӕ фидарӕй бауырныдта, раст диныл хӕст кӕй сты, уый (Иоанны 13:35). Чи зоны, Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын райдыдтай ӕмӕ аскъуыддзаг кодтай, кӕй йын лӕггад кӕндзынӕ. Ӕмӕ уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ мӕ цы хъӕуы саразын, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнӕг суон.

2. Эфиопаг лӕджы цӕмӕн бафӕндыд донаргъуыд райсын?

2 Ууыл ахъуыды кодта, Йесо Чырыстийы заман чи цард, иу ахӕм эфиопаг лӕг дӕр. Йесо куы райгас ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уымӕй иу цасдӕры фӕстӕ Йесойы ахуыргӕнинаг Филипп уыцы лӕгӕн хъусын кодта хорз хабар. Филипп ын бамбарын кодта, Йесо Мессийӕ кӕй у, уый. Эфиопаг лӕг цы базыдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ тынг бахъардта, ӕмӕ уайтагъд загъта: «Мӕнӕ дон! Цы мӕ хъыгдары донаргъуыд райсын?» (Хъуыддӕгтӕ 8:26–36).

3. а) Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бафӕдзӕхста? б) Донаргъуыд куыд хъӕуы дӕттын?

3 Библи комкоммӕ зӕгъы, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый донаргъуыд кӕй хъуамӕ райса. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд» (Матфейы 28:19). Йесо йӕхӕдӕг дӕр донаргъуыд райста ӕмӕ уымӕй равдыста, иннӕты дӕр афтӕ кӕй хъӕуы аразын. Йесойӕн дон йӕ сӕрыл нӕ рауагътой, фӕлӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны бын фӕкодтой (Матфейы 3:16). Ӕмӕ абон дӕр адӕймаг донаргъуыд куы иса, уӕд ӕй хъуамӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны бын фӕкӕной.

4. Донаргъуыд куы райсай, уӕд уымӕй иннӕтӕ дӕр цы базондзысты?

4 Донаргъуыд куы райсай, уӕд уымӕй иннӕтӕ дӕр базондзысты, ӕцӕгдӕр дӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы хӕлар суай ӕмӕ йын лӕггад кӕнай (Псалом 40:7, 8). Ӕмӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс ахӕм фарстайыл: «Цы мӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй донаргъуыд райсон?»

ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ ӔМӔ УЫРНЫНДЗИНАД

5. а) Цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕдмӕ дӕ цы хъӕудзӕн саразын? б) Цӕмӕн хъӕуы чырыстон ӕмбырдтӕм цӕуын?

5 Цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕдмӕ хъуамӕ базонай Йегъовӕйы ӕмӕ Йесо Чырыстийы. Ӕмӕ уый ныр дӕр аразыс, Библи кӕй ахуыр кӕныс, уый фӕрцы. (Бакӕс Иоанны 17:3.) Фӕлӕ уый фаг нӕу. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй хъуамӕ Йегъовӕйы фӕндон «бӕлвырдӕй зонай» (Колоссӕгтӕм 1:9). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты фӕрцы дӕ бон уыдзӕн Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у уыцы ӕмбырдтӕй алкӕцымӕ дӕр цӕуын (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

Цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕдмӕ хъуамӕ, Библи цы дзуры, уый базонай

6. Цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕдмӕ Библийӕ цы хъуамӕ базонай?

6 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ дӕ нӕ домы, цӕмӕй донаргъуыды размӕ Библийӕ алцыдӕр базонай. Зӕгъӕм, эфиопаг лӕгӕй дӕр уый нӕ домдта (Хъуыддӕгтӕ 8:30, 31). Ӕнустӕм куы цӕрӕм, уӕд дӕр-иу Хуыцауы тыххӕй ӕдзух ног цыдӕртӕ базондзыстӕм (Екклесиаст 3:11). Фӕлӕ цӕмӕй донаргъуыд райсай, уый тыххӕй хъуамӕ ӕнӕмӕнг базонай Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ ӕмӕ сыл баууӕндай (Дзуттӕгтӕм 5:12).

7. Библи кӕй ахуыр кӕныс, уый дын куыд баххуыс кодта?

7 Библи зӕгъы: «Ӕнӕ уырнындзинадӕй... Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй» (Дзуттӕгтӕм 11:6). Уӕдӕ цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕдмӕ дӕм хъуамӕ фӕзына уырнындзинад. Раджы заман горӕт Коринфы цӕрджытӕй чидӕртӕ куы фехъуыстой, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ цы хъусын кодтой, уый, уӕд «баууӕндыдысты ӕмӕ донаргъуыд райстой» (Хъуыддӕгтӕ 18:8). Библи кӕй ахуыр кӕныс, уый фӕрцы ды дӕр баууӕндыдтӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл ӕмӕ, Йесойы нывонд тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй ирвӕзын кӕны, ууыл (Йесо Навин 23:14; Хъуыддӕгтӕ 4:12; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫДӔТТӔ ХЪӔУЫ ИННӔТӔН ДӔР ДЗУРЫН

8. Цӕмӕн дӕ фӕнддзӕн, цы базыдтай, уыдӕттӕ иннӕтӕн дӕр дзурын?

8 Библийӕ цас фылдӕр зонай ӕмӕ дын уыцы зонындзинӕдтӕ царды куыд ӕххуыс кӕнынц, уый цас арӕхдӕр уынай, уыйас дӕ уырнындзинад дӕр фидардӕр кӕндзӕн. Ӕмӕ дӕ уӕд фӕнддзӕн, цы базыдтай, уыдӕттӕ иннӕтӕн дӕр дзурын (Йереми 20:9; 2 Коринфӕгтӕм 4:13). Дӕ бон сӕ кӕмӕн у дзурын?

Уырнындзинад дӕм куы уа, уӕд дӕ фӕнддзӕн, цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын

9, 10. а) Цы базыдтай, уыдӕттӕ дӕ бон кӕмӕн у дзурын? б) Куы дӕ фӕнда ӕмбырдимӕ хъусын кӕнын, уӕд дӕ цы хъӕудзӕн саразын?

9 Цы базыдтай, уый тыххӕй дӕ бон у дӕ бинонтӕн, де ’мбӕлттӕн, дӕ сыхӕгтӕн кӕнӕ де ’мкусджытӕн дзурын. Фӕлӕ-иу хъуамӕ семӕ ныхас кӕнай фӕлмӕнӕй ӕмӕ хӕларзӕрдӕйӕ. Стӕй та дӕ бон уыдзӕн ӕмбырдимӕ дӕр хъусын кӕнын. Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ уымӕ цӕттӕ дӕ, уӕд-иу уый тыххӕй зӕгъ, демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыцы хо кӕнӕ ӕфсымӕрӕн. Кӕд уый дӕр афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ цӕттӕ дӕ, ӕмӕ кӕд Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыс, уӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй дыууӕйӕ уемӕ фембӕлдзысты.

10 Уыцы фембӕлд цӕмӕн хъӕуы? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ демӕ аныхас кӕндзысты, цӕмӕй базоной, Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ ӕмбарыс ӕмӕ сыл ӕууӕндыс ӕви нӕ. Фӕнддзӕн ма сӕ базонын, дӕ цард Библимӕ гӕсгӕ аразыс ӕмӕ дӕ ӕцӕгдӕр фӕнды ӕви нӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суай. Рох дӕ ма уӕд, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды алкӕуыл дӕр кӕй тыхсынц, ӕмӕ дӕуыл дӕр афтӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ма фӕтыхс, семӕ дӕ фембӕлын кӕй хъӕудзӕн, уый тыххӕй (Хъуыддӕгтӕ 20:28; 1 Петры 5:2, 3). Уыцы фембӕлды фӕстӕ дын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕгъдзысты, дӕ бон у ӕви нӕ ӕмбырдимӕ хъусын кӕнын райдайын.

11. Цалынмӕ ӕмбырдимӕ хъусын кӕнын райдайай, уӕдмӕ дӕ цӕмӕн хъӕуы дӕ царды цыдӕртӕ фӕивын?

11 Чи зоны дын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕгъой, дӕ царды ма дӕ ноджыдӕр цыдӕртӕ фӕивын кӕй хъӕуы, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕ бон кӕй уыдзӕн ӕмбырдимӕ хъусын кӕнын. Уыцы ивындзинӕдтӕ скӕнын ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн, ӕмӕ иннӕтӕн Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд фӕдзурӕм йӕ номӕй. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ цардӕй ӕмӕ не ’гъдауӕй дӕр кадджын кӕнӕм (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; Галатӕгтӕм 5:19–21).

ӔРФӔСМОН КӔНЫН ӔМӔ ЦАРД АИВЫН

12. Алы адӕймаджы дӕр ӕрфӕсмон кӕнын цӕмӕн фӕхъӕуы?

12 Цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕдмӕ ма дӕ цы хъӕудзӕн саразын, уый тыххӕй ныффыста апостол Петр: «Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ цард аивут, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уат» (Хъуыддӕгтӕ 3:19). Адӕймаг цӕуылдӕр куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл тынг ӕрхуды, цы ’взӕр хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдоны тыххӕй. Зӕгъӕм, ӕрфӕсмон кӕнын хъӕуы, ӕнӕгъдау, ӕнӕфсарм цард чи кодта, ахӕм адӕймаджы. Фӕлӕ, цард-цӕрӕнбонты рӕстӕй цӕрыныл чи архайдта, уый дӕр хъӕудзӕн ӕрфӕсмон кӕнын, уымӕн ӕмӕ алчидӕр рӕдийы. Ӕмӕ-иу хъуамӕ Хуыцауӕй нӕ рӕдыдтыты тыххӕй хатыр ракурӕм (Ромӕгтӕм 3:23; 5:12).

13. Ацы ныхӕстӕ, «уӕ цард аивут», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты?

13 Фӕлӕ цымӕ фаг у, цы арӕзтам, уыдӕттыл ӕрфӕсмон кӕнын? Нӕ, уый фаг нӕу. Петр ма загъта, «уӕ цард аивут», зӕгъгӕ. Ацы ран дзырдбаст «цард аивын»-ӕй тӕлмац чи ’рцыд, уыцы дзырд ма ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ дӕр – «ӕрзилын; раздӕхын». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ кӕд ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтай, уӕд сӕ хъуамӕ ныууадзай ӕмӕ райдайай, раст цы у, уый аразын. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, фыццаг хатт кӕдӕмдӕр цӕуыс. Цасдӕры фӕстӕ бамбӕрстай, кӕдӕм дӕ хъӕуы, уыцырдӕм кӕй нӕ цӕуыс. Куыд бакӕндзынӕ? Ӕвӕццӕгӕн, ӕрлӕудзынӕ, ӕрзилдзынӕ ӕмӕ ацӕудзынӕ, кӕдӕм дӕ хъӕуы, уыцырдӕм. Афтӕ Библи ахуыргӕнгӕйӕ дӕр, чи зоны, бамбӕрстай, кӕй дӕ хъӕуы дӕ царды цыдӕртӕ фӕивын кӕнӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын. Ӕмӕ уӕд хъуамӕ цӕттӕ уай «ӕрзилынмӕ», ома, цы хъӕуы, уый фӕивынмӕ, ӕмӕ хъуамӕ райдайай, раст цы у, уый аразын.

ХЪУАМӔ АДӔЙМАГ ЙӔХИ ХУЫЦАУӔН СНЫВОНД КӔНА

Йегъовӕйӕн дзырд радтай, кӕй йын лӕггад кӕндзынӕ?

14. Адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн куыд снывонд кӕны?

14 Цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕдмӕ ма дӕ хъӕуы иу ахсджиаг къахдзӕф скӕнын: хъуамӕ дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай. Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куыд снывонд кӕны? Зӕрдӕбынӕй йӕм скувы ӕмӕ йын дзырд ратты, ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ йын царды ӕппӕты сӕйраг йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй уыдзӕн (Лукайы 4:8).

15, 16. Адӕймаджы цӕмӕн бафӕнды йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнын?

15 Адӕймаг Йегъовӕйӕн дзырд кӕй ратты, уый абарӕн ис, кӕй уарзыс, уыцы адӕймагӕн дзырд куыд раттай, цӕрӕнбонтӕм демӕ уыдзынӕн, зӕгъгӕ, уыимӕ. Зӕгъӕм, лӕппу чызгимӕ ӕмбӕлы, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базона. Стӕй йӕ бауарзта ӕмӕ йӕ бафӕндыд йӕ цард йемӕ баиу кӕнын. Лӕппу ӕмбары, уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕй. Фӕлӕ чызджы тынг кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ цӕттӕ у йӕхимӕ ахӕм хӕс райсынмӕ.

16 Раст афтӕ, адӕймаг Йегъовӕйы хорз куы базоны, уӕд ӕй бауарзы ӕмӕ йӕ бафӕнды, цӕмӕй йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕна. Ӕмӕ йӕм уӕд скувы ӕмӕ йын дзырд ратты, кӕй йын лӕггад кӕндзӕн. Библийы фыст ис, Йесойы фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый «йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд», зӕгъгӕ (Марчы 8:34). Уый куыд ӕмбаргӕ у? Хъуамӕ нын ӕппӕты сӕйраг уа Йегъовӕйы коммӕ кӕсын. Йегъовӕйы цы фӕнды, уый хъуамӕ ахсджиагдӕр уа, нӕхи цы фӕнды, уымӕй ӕмӕ, нӕ разы цы нысӕнттӕ ӕвӕрӕм, уыдонӕй. (Бакӕс 1 Петры 4:2.)

ЦЫДӔР ДЫН КӔЙ НӔ РАУАЙДЗӔН, УЫМӔЙ МА ТӔРС

17. Иуӕй-иутӕ сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕныныл цӕмӕн фӕстиат кӕнынц?

17 Иуӕй-иутӕ нӕ фӕтагъд кӕнынц сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ фӕтӕрсынц, дзырд ын куы раттой ӕмӕ йӕ стӕй куы фехалой, уымӕй. Нӕ сӕ фӕфӕнды Йегъовӕйы фӕфыдӕнхъӕл кӕнын. Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ йын мӕхи куы не снывонд кӕнон, уӕд мӕ мӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп не ’рдомдзӕн.

18. Йегъовӕйы фӕфыдӕнхъӕл кӕнынӕй куы тӕрсай, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн?

18 Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма тӕрсай, кӕй йӕ фӕфыдӕнхъӕл кӕндзынӕ, уымӕй. Кӕй йӕ уарзыс, уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт тыхтӕй архайдзынӕ, цӕмӕй, цы дзырд ын раттай, уый ӕххӕст кӕнай (Екклесиаст 5:4; Колоссӕгтӕм 1:10). Афтӕ дӕм нӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын тынг зын у. Апостол Иоанн ныффыста: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 Иоанны 5:3).

19. Цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсай дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынӕй?

19 Йегъовӕ афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ йын цӕмӕй дӕхи снывонд кӕнай, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххӕст адӕймаг уай. Нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ никуы фӕдомы (Псалом 103:14). Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, раст цы у, уый аразынӕн (Исай 41:10). Дӕ зӕрдӕ йыл ӕгасӕй дӕр дар, «ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).

УЫРНЫНДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ ХЪӔУЫ ӔРГОМ ЗӔГЪЫН

20. Дӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕнай, уӕд дӕ цавӕр къахдзӕф хъӕудзӕн скӕнын?

20 Куыд хъуыды кӕныс, цӕттӕ дӕ дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ? Уыцы къахдзӕф куы скӕнай, уӕд цӕттӕ уыдзынӕ иннӕ къахдзӕфмӕ – донаргъуыд райсынмӕ.

21, 22. Дӕ бон куыд у дӕ уырнындзинады тыххӕй «ӕргом» зӕгъын?

21 Кӕд дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтай ӕмӕ дӕ фӕнды донаргъуыд райсын, уӕд уый тыххӕй зӕгъ хистӕр нӕлгоймӕгты советы координаторӕн. Уый хистӕр нӕлгоймӕгтӕй искӕмӕнты бахӕс кӕндзӕн, цӕмӕй демӕ Библийы сӕйраг ахуырӕдтыл аныхас кӕной. Уыдон уынаффӕ куы рахӕссой, донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ, зӕгъгӕ, уӕд дын зӕгъдзысты, дӕ бон кӕй у иннӕ конгрессы донаргъуыд райсын. Конгрессы уыдзӕн раныхас донаргъуыды фӕдыл. Раныхас кӕмӕн уыдзӕн, уыцы ӕфсымӕр бамбарын кӕндзӕн, донаргъуыд цӕуыл дзурӕг у, уый. Йӕ раныхасы кӕрон та ратдзӕн дыууӕ хуымӕтӕг фарстайы, донаргъуыд чи исдзӕн, уыдонмӕ. Уыцы фарстатӕн дзуапп ратгӕйӕ ды «ӕргом» зӕгъдзынӕ дӕ уырнындзинады тыххӕй (Ромӕгтӕм 10:10).

22 Ӕмӕ дын уый фӕстӕ ратдзысты донаргъуыд. Ӕнӕхъӕнӕй дӕ доны бын фӕкӕндзысты. Донаргъуыд кӕй райстай, уымӕй иууылдӕр базондзысты, дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй сдӕ, уый.

ДОНАРГЪУЫД ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?

23. Цы нысан кӕны «Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл» донаргъуыд райсын?

23 Йесо Чырысти загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ донаргъуыд кӕй исдзысты «Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл». (Бакӕс Матфейы 28:19.) Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕймаг ӕмбары, Йегъовӕ кӕй у Дунедарӕг Хуыцау. Стӕй ӕмбары, йӕ фӕнд Йесойы уылты куыд ӕххӕст кӕны, уый ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй куыд архайы, цӕмӕй йӕ фӕнд сӕххӕст кӕна (Псалом 83:18; Матфейы 28:18; Галатӕгтӕм 5:22, 23; 2 Петры 1:21).

Донаргъуыд куы райсай, уӕд уымӕй равдисдзынӕ, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын дӕ кӕй фӕнды

24, 25. а) Донаргъуыд цӕуыл дзурӕг у? б) Фӕстаг сӕры дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

24 Донаргъуыд тынг ахсджиаг хъуыддагмӕ амоны. Доны бын дӕ кӕй фӕкӕндзысты, уый дзурӕг уыдзӕн, дӕ раздӕры цардӕн кӕй амардтӕ, ома раздӕрау кӕй нал цӕрыс, ууыл. Донӕй куы схизай, уӕд райдайдзынӕ ног цард – ды ӕххӕст кӕндзынӕ Хуыцауы фӕндон. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ лӕггад кӕндзынӕ Йегъовӕйӕн. Дӕ зӕрдыл дар, дӕхи цавӕрдӕр адӕймагӕн, организацийӕн кӕнӕ цавӕрдӕр хъуыддагӕн кӕй не снывонд кодтай. Ды дӕхи снывонд кодтай Йегъовӕйӕн.

25 Дӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлар суай (Псалом 25:14). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, иугӕр донаргъуыд райстай, уӕд дӕ фервӕзыны тыххӕй ӕндӕр ницыуал хъӕудзӕн аразын. Апостол Павел ныффыста: «Дарддӕр дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕппӕт хъарутӕй архайут уӕ ирвӕзындзинадыл» (Филиппӕгтӕм 2:12). Донаргъуыд у ӕрмӕстдӕр фыццаг къахдзӕф ирвӕзындзинады фӕндагыл. Фӕлӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ алкӕддӕр ӕввахс уай? Ацы фарстайӕн дзуапп ссардзынӕ ацы чиныджы фӕстаг сӕры.