Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

19 СӔР

Алкӕддӕр Йегъовӕйы хӕлар у!

Алкӕддӕр Йегъовӕйы хӕлар у!

1, 2. Абон ӕмбӕхсӕн бынат кӕм ис ссарӕн?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, цыма тыхдымгӕ дымы ӕмӕ ды кӕдӕмдӕр фӕцӕуыс. Бӕстӕ ныттар, арв ӕрттивын ӕмӕ нӕрын райдыдта. Ныртӕккӕ къӕвда ныккалдзӕн. Ды агурыс, къӕвдайӕ кӕм бамбӕхсай, ахӕм ӕдас бынат. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг ахӕм бынат куы ссардтай, уӕд сулӕфыдтӕ.

2 Абон раст ахӕм уавӕры стӕм. Дунейы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны. Ӕмӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс, кӕдӕм алидзон, кӕм бамбӕхсон, зӕгъгӕ. Библийы иу псаломы фыст ис: «Ӕз зӕгъдзынӕн Йегъовӕйӕн: „Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн ӕмӕ мӕ фидар мӕсыг, ды дӕ мӕ Хуыцау, дӕуыл дардзынӕн мӕ зӕрдӕ“» (Псалом 91:2). Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын Йегъовӕ баххуыс кӕны. Стӕй нын зӕрдӕ ӕвӕры, фидӕны нӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

3. Цӕмӕй Йегъовӕ не ’мбӕхсӕн уа, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы?

3 Йегъовӕ не ’мбӕхсӕн кӕй уыдзӕн, уый куыд ӕмбаргӕ у? Йӕ бон у, ӕмӕ нын цыфӕнды зын уавӕры дӕр баххуыс кӕна. Стӕй нын зиан ракӕнынмӕ чи хъавы, уыдонӕй кӕмӕйфӕнды дӕр тыхджындӕр у. Ныртӕккӕ ныл ӕвзӕрӕй исты куы ’рцӕуа, уӕддӕр Йегъовӕ фидӕны афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ йӕ хъуыды дӕр нал ӕркӕндзыстӕм. Цӕмӕй нын Йегъовӕ зын рӕстӕджыты ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ ӕввахс уӕм. Библи нын зӕгъы: «Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут» (Иудӕйы 21). Цӕмӕй Хуыцаумӕ алкӕддӕр ӕввахс уӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

ХУЫЦАУЫ УАРЗОНДЗИНАДӔН АРГЪ КӔН

4, 5. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

4 Цӕмӕй Йегъовӕмӕ алкӕддӕр ӕввахс уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, куыд тынг нӕ уарзы, уый. Ахъуыды-ма кӕн Йегъовӕйы ӕппӕт хорздзинӕдтыл. Уый нын балӕвар кодта диссаджы рӕсугъд зӕхх. Ӕмӕ йыл цынӕхуызон зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ ис! Радта ма нын адджын, хӕрзад хӕринӕгтӕ ӕмӕ сыгъдӕг дон. Йегъовӕ нын Библийы раргом кодта йӕ ном ӕмӕ йӕ диссаджы миниуджытӕ. Ӕппӕты тынгдӕр та йӕ уарзондзинад равдыста, йӕ уарзон Фырты, Йесойы, мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй (Иоанны 3:16). Ӕмӕ нын уыцы нывонды фӕрцы ис ныфс, фидӕны нӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй.

5 Йегъовӕ ӕрфидар кодта, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахад. Уый у уӕларвон хицауад. Тагъд уыцы Паддзахад ӕппӕт зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн. Стӕй зӕххӕй скӕндзӕн дзӕнӕт, ӕмӕ дзы адӕм ӕнустӕм фӕрнӕй цӕрдзысты ӕмӕ уыдзысты амондджын (Псалом 37:29). Йегъовӕ ма нӕ ахуыр кӕны афтӕ цӕрын, цӕмӕй ныр дӕр нӕ цардӕй райгонд уӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын дзуры, цӕмӕй йӕм кувӕм, ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы нӕ куывдтытӕм байхъусынмӕ. Бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕ алкӕйдӕр кӕй уарзы, уый.

6. Дӕ бон куыд у, Йегъовӕйы уарзондзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, уый равдисын?

6 Йегъовӕйы уарзондзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, уый дӕ бон куыд у равдисын? Хорзӕй дын цыдӕриддӕр сарӕзта, уый тыххӕй дзы бузныг у. Хъыгагӕн, абон бирӕтӕ хорздзинадӕн нӕ аргъ кӕнынц. Ӕмӕ Йесойы рӕстӕджы дӕр ахӕм адӕм бирӕ уыд. Иухатт дӕс хъотырджын лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд дзы ӕрмӕстдӕр иу раздӕхт, цӕмӕй йын бузныг загътаид (Лукайы 17:12–17). Мах фӕнды, цӕмӕй уыцы адӕймаджы хуызӕн уӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ йӕ хорздзинӕдты тыххӕй алкӕддӕр бузныг уӕм.

7. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Йегъовӕйы куыд хъуамӕ уарзӕм?

7 Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ мах дӕр Йегъовӕйы уарзӕм. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, Йегъовӕйы кӕй хъуамӕ уарзой ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй. (Бакӕс Матфейы 22:37.) Уый куыд ӕмбаргӕ у?

8, 9. Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый?

8 Цымӕ фаг у дзурын, ӕз Йегъовӕйы уарзын, зӕгъгӕ? Нӕ, уый фаг нӕу. Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй куы уарзӕм, уӕд уый нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр ӕвдисдзыстӕм (Матфейы 7:16–20). Библи комкоммӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, кӕд Хуыцауы уарзӕм, уӕд ын йӕ фӕдзӕхстытӕ дӕр ӕххӕст кӕндзыстӕм. Уый зын у? Нӕу, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы «фӕдзӕхстытӕ... зынӕххӕстгӕнӕн не сты». (Бакӕс 1 Иоанны 5:3.)

9 Йегъовӕ Хуыцаумӕ куы хъусӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын (Исай 48:17, 18). Фӕлӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр йӕ хӕлӕрттӕ уӕм? Цӕй ӕмӕ ацы фарстайыл аныхас кӕнӕм.

ДАРДДӔР ДӔР ЙЕГЪОВӔМӔ ӔВВАХС КӔН

10. Дарддӕр дӕ цӕмӕн хъӕуы архайын, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонай?

10 Цы дын баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар суыдаис? Библи ахуыргӕнгӕйӕ Йегъовӕйы хуыздӕр базыдтай ӕмӕ уый фӕрцы сдӕ йӕ хӕлар. Уыцы хӕлардзинад абарӕн ис артимӕ. Цӕмӕй арт судза, уый тыххӕй дзы хъӕуы сугтӕ ӕппарын. Ӕмӕ цӕмӕй, Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад ис, уый фидар уа, уый тыххӕй та хъуамӕ дарддӕр архайай Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базоныныл (Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5).

Арт ӕнӕ сугтӕй куыд ахуыссы, афтӕ нӕ уарзондзинад дӕр ӕдзух куы нӕ цырен кӕнӕм, уӕд ӕрмынӕг уыдзӕн

11. Библийы ахуырӕдтӕ дыл куыд ӕндавдзысты?

11 Библи дарддӕр куы ахуыр кӕнай, уӕд ма ноджыдӕр бирӕ цыдӕртӕ базондзынӕ. Ӕмӕ-иу цы базонай, уый дын дӕ зӕрдӕ агайдзӕн. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕн Библийы пехуымпарӕдтӕ куы бамбарын кодта, уый фӕстӕ уыдон загътой: «Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, немӕ фӕндагыл куы ныхас кодта ӕмӕ нын Фыстад куы ’мбарын кодта, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ нӕ риуы нӕ сыгъдысты?» (Лукайы 24:32).

12, 13. а) Кӕд Хуыцауы уарзӕм, уӕддӕр тӕссаг цӕмӕй у? б) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы алкӕддӕр уарзӕм?

12 Уыцы дыууӕ ахуыргӕнинаджы Фыстад куы бамбӕрстой, уӕд сын уый сӕ зӕрдӕтӕ бацагайдта. Ӕмӕ ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, тынг цин кодтай, Библи ӕмбарын куы райдыдтай, уӕд. Уый фӕрцы Йегъовӕйы базыдтай ӕмӕ йӕ бауарзтай. Ӕмӕ дӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ фӕндид, цӕмӕй уыцы уарзондзинад ӕрмынӕг уа (Матфейы 24:12).

13 Кӕд Хуыцауы хӕлар сдӕ, уӕд хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайай, цӕмӕй дзы ма адард уай. Хъуамӕ дарддӕр архайай Хуыцауы ӕмӕ Йесойы тыххӕй фылдӕр базоныныл. Цы базоныс, ууыл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Стӕй-иу ахъуыды кӕн, уыцы зонындзинӕдтӕй дӕ царды куыд спайда кӕндзынӕ, ууыл (Иоанны 17:3). Библи куы фӕкӕсыс ӕмӕ йӕ куы фӕиртасыс, уӕд-иу дӕхимӕ ахӕм фарста ратт: «Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй цы базыдтон ӕмӕ мын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ фылдӕр уарзон?» (1 Тимофеймӕ 4:15).

14. Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ уарзондзинад ма ӕрмынӕг уа?

14 Кӕд дын ӕввахс ӕмбал ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, арӕх фӕныхас кӕнут, ӕмӕ уый фӕрцы кӕрӕдзийыл ӕнувыд стут. Раст афтӕ, Йегъовӕмӕ ӕдзух кӕй фӕкувӕм ӕмӕ йемӕ кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ уарзондзинад артау судзы. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17.) Нӕ уӕларвон Фыдмӕ нӕ бон кувын кӕй у, уый нын у йӕ зынаргъ лӕвар. Ӕмӕ хъуамӕ йемӕ алкӕддӕр зӕрдӕбынӕй ныхас кӕнӕм (Псалом 62:8). Нӕ куывдтытӕ хъуамӕ ӕмдзӕвгӕйау ма дзурӕм, фӕлӕ нӕ ныхӕстӕ хъуамӕ зӕрдӕйӕ цӕуой. Уӕдӕ Библи дарддӕр куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй куы кувӕм, уӕд Йегъовӕйы алкӕддӕр уарздзыстӕм ӕмӕ нӕ уарзондзинад никуы ӕрмынӕг уыдзӕн.

ИННӔТӔН ЙЕГЪОВӔЙЫ ТЫХХӔЙ ДЗУР

15, 16. Хъусын кӕныны хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

15 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм, уӕд ма хъуамӕ иннӕтӕн дӕр дзурӕм, Библийӕ цы базонӕм, уый тыххӕй. Иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын стыр кад у (Лукайы 1:74). Уымӕй уӕлдай ма уый у алы ӕцӕг чырыстонӕн дӕр йӕ хӕс. Уыцы хӕс нын нӕ бӕрны бакодта Йесо Чырысти. Ӕмӕ нӕ алчидӕр хъуамӕ хъусын кӕна хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Ды дӕр райдыдтай иннӕтӕн хорз хабар дзурын? (Матфейы 24:14; 28:19, 20).

16 Апостол Павел тынг аргъ кодта, хорз хабар кӕй хъусын кодта, уымӕн. Уыцы хъуыддаг хуыдта «хӕзна» (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Иннӕтӕн Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕнды тыххӕй дзурай, уымӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг нӕй. Уыцы хъуыддаджы куы архайай, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныс. Ӕмӕ Йегъовӕ та тынг аргъ кӕны, йӕ номыл цыдӕриддӕр аразыс, уымӕн (Дзуттӕгтӕм 6:10). Хорз хабар куы хъусын кӕнай, уӕд уый пайда хӕсдзӕн дӕхицӕн дӕр ӕмӕ дӕм чи хъусдзӕн, уыдонӕн дӕр. Афтӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзынӕ ӕмӕ уыдонӕн дӕр ӕххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй йӕм баввахс уой. Стӕй уыдонӕн дӕр фӕзындзӕн ӕнустӕм цӕрыны ныфс. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:58.) Хъусын кӕнынӕй стырдӕр циндзинад ницы хӕссы!

17. Хъусын кӕнын ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъӕуы?

17 Хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн нӕй. Библийы фыст ис: «Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас, уыцы хъуыддаг кӕн ӕвӕстиатӕй» (2 Тимофеймӕ 4:2). Адӕмы ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фехъусын. Библи зӕгъы: «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у. Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны». Кӕрон «нӕ байрӕджы кӕндзӕн»! (Софони 1:14; Аввакум 2:3). Тынг тагъд Йегъовӕ Хӕйрӕджы фыддуне фесафдзӕн. Фӕлӕ уал уӕдмӕ хъӕуы адӕмы фӕдзӕхсын, цӕмӕй сӕ бон уа Йегъовӕйы фарс слӕууын.

18. Йегъовӕйӕн ӕцӕг чырыстӕттимӕ иумӕ цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?

18 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм ӕцӕг чырыстӕттимӕ иумӕ. Библийы фыст ис: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Ӕмбырдты нӕ бон вӕййы кӕрӕдзи ныфсыл ныфс бафтауын ӕмӕ кӕрӕдзи бафидар кӕнын. Ӕмӕ хъуамӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй иу ӕмбырд дӕр ма цух кӕнӕм.

19. Цы нын ӕххуыс кӕндзӕн нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уарзынӕн?

19 Ӕмбырды дӕ бон уыдзӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссарын. Уыдон дын ӕххуыс кӕндзысты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Базонгӕ дзы уыдзынӕ алыхуызон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ. Уыдон дӕр Йегъовӕйы хъуыддаджы дӕу хуызӕн, сӕ бон цы у, уый аразынц. Фӕлӕ уыдон дӕр сты ӕнӕххӕст ӕмӕ рӕдийынц. Уымӕ гӕсгӕ-иу сын сӕ рӕдыдтытӕ зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕн. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:13.) Дӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн алкӕддӕр сӕ хорз миниуджытӕ куы уынай, уӕд дын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ уарзай ӕмӕ Йегъовӕмӕ ноджы ӕввахсдӕр кӕнай.

ӔЦӔГ ЦАРД

20, 21. Цы у «ӕцӕг цард»?

20 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ иууылдӕр амондджын уой. Библийӕ базонӕн ис, фидӕны нӕм цы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый абоны царды хуызӕн ӕппындӕр кӕй нӕ уыдзӕн.

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ «ӕцӕг цардӕй» схайджын уой. Ды дӕр се ’хсӕн уыдзынӕ?

21 Адӕм фидӕны ӕрмӕст 70–80 азы нӕ цӕрдзысты. Мах цӕрдзыстӕм ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты ӕмӕ уыдзыстӕм ӕнӕниз, фӕрнӕйдзаг ӕмӕ амондджын. Уыцы цард Библи хоны «ӕцӕг цард». Ӕмӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ уыцы цардӕй ӕвӕры. Фӕлӕ мах хъуамӕ ныртӕккӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй йыл «фидар ныххӕцӕм» (1 Тимофеймӕ 6:12, 19).

22. а) Нӕ бон куыд у «ӕцӕг цардыл» фидар ныххӕцын? б) Цасфӕнды куы аразӕм, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ уыдзӕн, ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕнусон цард нӕ фыдӕбоны тыххӕй радта?

22 Нӕ бон куыд у «ӕцӕг цардыл» фидар ныххӕцын? Хъуамӕ «иннӕтӕн хорздзинад аразӕм» ӕмӕ «хъӕздыг уӕм хорз хъуыддӕгтӕй» (1 Тимофеймӕ 6:18). Ома хъуамӕ цӕрӕм, Библийӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ уӕддӕр, ӕцӕг цардӕй схайджын уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый, цы аразӕм, уымӕй кӕнгӕ нӕу. Цасфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕнусон цард нӕ фыдӕбоны тыххӕй радта. Ӕнусон цард у йӕ лӕвар йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн, ӕмӕ сын ӕй балӕвар кӕндзӕн йе «стыр хорзӕхмӕ» гӕсгӕ (Ромӕгтӕм 5:15). Нӕ уӕларвон Фыды тынг фӕнды йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ӕцӕг цард балӕвар кӕнын.

23. Цӕмӕн дӕ хъӕуы ныртӕккӕ раст уынаффӕтӕ рахӕссын?

23 Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Хуыцауӕн, уый куыд фӕнды, афтӕ лӕггад кӕнын?» Кӕд дӕ дӕ царды исты фӕивын хъӕуы, уӕд ма фӕстиат кӕн. Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм ӕмӕ алкӕддӕр куы архайӕм, цӕмӕй йӕ коммӕ кӕсӕм, уӕд уыдзӕн не ’мбӕхсӕн. Уый йӕ лӕггадгӕнджыты хъахъхъӕндзӕн Хӕйрӕджы фыддунейӕн йӕ фӕстаг бонты. Ӕмӕ стӕй, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ алцыдӕр сараздзӕн, цӕмӕй ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрӕм. Уӕдӕ ныртӕккӕ раст уынаффӕтӕ рахӕсс, ӕмӕ схайджын уыдзынӕ ӕцӕг цардӕй!