Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 ФАРСТА

Ме ’мгӕртты зонды ныхмӕ фидар куыд фӕлӕууон?

Ме ’мгӕртты зонды ныхмӕ фидар куыд фӕлӕууон?

УЫЙ ЗОНЫН АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?

Дӕхи хъуыды дын куы уа, уӕд дӕхицӕн хицау уыдзынӕ ӕмӕ иннӕты зондыл нӕ ацӕудзынӕ.

ДЫ КУЫД БАКӔНИС?

Дӕ цӕстытыл-ма ахӕм хабар ауайын кӕн: Брайан йӕ дыууӕ ’мкъласаджы ауыдта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп ссыд. Ацы къуыри йын дыууӕ хатты тамако дымын кодтой. Ӕмӕ та йӕ ныр ногӕй семӕ тох кӕнын бахъӕудзӕн.

Лӕппутӕй йын иу дзуры:

– Брайан, иу цыдӕр дын равдисон? Дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн!

Цыдӕр, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд бӕрӕг уыд, хорз цӕйдӕр кой кӕй нӕ кӕны. Уыцы «цыдӕр» йӕ дзыппӕй систа ӕмӕ йӕ Брайанмӕ бадардта. Уый уыди тамако, ӕмӕ та Брайаны зӕрдӕ фыртыхстӕй ноджы тынгдӕр гуыпп-гуыпп кӕнын райдыдта.

– Нӕ мӕ хъӕуы! Айразмӕ дӕр дын ӕй куы загътон, кӕй нӕ...

Иннӕ лӕппу йӕ кӕронмӕ дзурын нӕ бауагъта:

– Тӕрсгӕ кӕныс?

– Нӕ!

Лӕппутӕй сӕ иу йӕ къух Брайаны уӕхскыл авӕрдта ӕмӕ цыма йӕ хуыздӕр ӕмбал у, уыйау ын загъта:

– Иу пъӕртт уӕддӕр скӕн.

Иннӕ лӕппу тамако Брайанмӕ бадардта ӕмӕ йын йӕ хъусы загъта:

– Ма тӕрс, никӕмӕн ӕй зӕгъдзыстӕм. Зонгӕ дӕр ӕй ничи бакӕндзӕн.

Брайаны бынаты ды куыд бакӕнис?

ӔРЛӔУУ ӔМӔ АХЪУЫДЫ КӔН!

Брайаны ӕмгӕрттӕ сӕхи афтӕ цӕмӕн дарынц? Сӕхи зондӕй архайынц? Зынтӕй. Сӕхӕдӕг дӕр афтӕ иннӕтӕм гӕсгӕ кӕнынц. Фӕнды сӕ, цӕмӕй сын иннӕты цӕсты кад уа, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ фӕзмынц.

Дӕуӕн та ахӕм уавӕры цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕты зондыл ма ацӕуай?

  1. АРФУЫНӔГ У

    Библийы фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц» (Ӕмбисӕндтӕ 22:3).

    Арӕх адӕймаг «фыдбылыз» дардӕй фены. Зӕгъӕм, фӕцӕуыс ӕмӕ уыныс, де ’мкъласӕгтӕ кӕй лӕууынц ӕмӕ тамако кӕй дымынц. Цы дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл рагацау куы ахъуыды кӕнай, уӕд дӕ бон уыдзӕн дӕхи фыдбылызӕй бахизын.

  2. АХЪУЫДЫ КӔН

    Библийы фыст ис: «Уӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд» (1 Петры 3:16).

    Дӕхимӕ ахӕм фарста ратт: «Ныртӕккӕ иннӕты зондыл куы ацӕуон, уӕд дарддӕр мӕ хабар куыд уыдзӕн?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдоны куыд фӕнды, афтӕ куы бакӕнай, уӕд иуцасдӕр «се ’мбал» уыдзынӕ. Фӕлӕ стӕй нӕ фӕсмон кӕндзынӕ? Де ’мкъласӕгты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй, чи дӕ, уый ферох кӕндзынӕ? (Рацыд 23:2).

  3. УЫНАФФӔ РАХӔСС

    Библийы фыст ис: «Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн» (Галатӕгтӕм 6:7).

    Махӕй алкӕй дӕр бахъӕуы цавӕрдӕр уынаффӕтӕ рахӕссын. Ӕмӕ нӕ уыцы уынаффӕтӕ ӕркӕнынц йе хорзмӕ, йе та – ӕвзӕрмӕ. Библийы цӕуы, зондджын уынаффӕтӕ чи рахаста, ахӕм нӕлгоймӕгты кой, зӕгъӕм, Иосиф, Иов ӕмӕ Йесойы кой. Фӕлӕ ма дзы ис, ӕвзӕр уынаффӕтӕ чи рахаста, ахӕмты кой дӕр, зӕгъӕм, Каин, Исав ӕмӕ Иудӕйы кой. Ды та цавӕр уынаффӕ рахӕсдзынӕ?

Библийы фыст ис: «Хорз цы у, ууыл... фидар хӕцут» (Ромӕгтӕм 12:9). Алцӕуыл дӕр рагацау куы ахъуыды кӕнай ӕмӕ, куыд бакӕндзынӕ, уый куы аскъуыддзаг кӕнай, уӕд дын иннӕтӕн дӕ хъуыды ӕргом зӕгъын ӕнцондӕр уыдзӕн ӕмӕ стӕй нӕ фӕфӕсмон кӕндзынӕ.

Де ’мгӕрттӕн дӕ зӕндтӕ амонын нӕ хъӕуы. Фаг вӕййы фидарӕй «нӕ» зӕгъын. Ӕмӕ дӕм цӕмӕй мачиуал сдзура, уый тыххӕй ма дӕ бон у афтӕ зӕгъын дӕр:

  • «Ӕнӕ мӕнӕй!»

  • «Мӕнӕн уыдӕтты кой ма кӕнут!»

  • «Цыма мӕ нӕ зонут!»

Дӕ хъуыды-иу уайтагъд ӕмӕ фидарӕй зӕгъ, ӕмӕ дӕ уӕд ӕнцад ныууадздзысты!

ИННӔТӔ ДЫЛ КУЫ ХУДОЙ

Де ’мгӕртты зондыл куы цӕуай, уӕд сӕ къухы роботӕй уӕлдай нӕ уыдзынӕ

Де ’мгӕрттӕ дыл куы худой, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Зӕгъӕм, афтӕ дын куы дзурой, тӕппуд дӕ, зӕгъгӕ, уӕд-иу дӕ рох ма уӕд: афтӕтӕ дын уымӕн дзурынц, цӕмӕй сӕ зондыл ацӕуай. Дӕ бон у равзарын, куыд бакӕндзынӕ, уый.

  • Дӕ бон сын у зӕгъын: «О, тӕрсын!» Стӕй сын дыууӕ ныхасӕй дӕ хъуыды бамбарын кӕн.

  • Дӕ бон сын у бамбарын кӕнын, цӕуылнӕ сын разы кӕныс ӕмӕ сӕ стӕй ахъуыды кӕнынмӕ баразӕнгард кӕнын. Зӕгъӕм, зӕгъ сын: «Уый ӕнхъӕл уын нӕ уыдтӕн, ӕмӕ уӕ сӕрмӕ ахӕм цыдӕртӕ бахӕсдзыстут!»

Де ’мгӕрттӕ дӕ уӕддӕр куы нӕ уадзой, уӕд-иу ацу! Дӕ зӕрдыл дар: семӕ цас фылдӕр лӕууай, уыйас дын зындӕр уыдзӕн сӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууын. Куы ацӕуай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, дӕхи хъуыды дын кӕй ис.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, де ’мгӕрттӕй бынтондӕр нӕ бамбӕхсдзынӕ. Фӕлӕ уӕддӕр дӕ бон у, ӕмӕ аскъуыддзаг кӕнай, куыд бакӕндзынӕ, уый, стӕй дӕ хъуыды иннӕтӕн дӕр ӕргом зӕгъай. Иннӕтӕн хъазӕнхъул ма у! Хъуыддаг куыд ахицӕн уыдзӕн, уый дӕхицӕй кӕнгӕ у! (Йесо Навин 24:15).