Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 СӔРГОНД

Хуыцау скодта арв ӕмӕ зӕхх

Хуыцау скодта арв ӕмӕ зӕхх

Йегъовӕ Хуыцау у не Сфӕлдисӕг. Уый скодта алцыдӕр – цӕстӕй фенӕн цы ис, уыдӕттӕ дӕр ӕмӕ, цӕстӕй фенӕн цы нӕй, уыдӕттӕ дӕр. Фенӕн цы ис, уыдӕттӕ куы нӕма сфӕлдыста, уӕдмӕ сфӕлдыста тынг бирӕ зӕдтӕ. Зоныс ӕй, зӕдтӕ чи сты, уый? Уыдон сты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ. Хуыцауы фенӕн куыд нӕй, афтӕ зӕдты дӕр нӕй фенӕн. Йегъовӕ ӕппӕты фыццаг цы зӕды сфӕлдыста, уый сси йе ’ххуысгӕнӕг. Ӕмӕ иумӕ скодтой стъалытӕ, планетӕтӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Уыцы планетӕтӕй иу у нӕ рӕсугъд хӕдзар – Зӕхх.

Уый фӕстӕ Йегъовӕ Зӕхх цӕрӕгойтӕн ӕмӕ адӕмӕн бацӕттӕ кодта. Афтӕ бакодта, цӕмӕй хуры рухс Зӕхмӕ калдаид. Стӕй скодта хӕхтӕ, океантӕ ӕмӕ цӕугӕдӕттӕ.

Уый фӕстӕ та цы уыд? Йегъовӕ загъта: «Скӕндзынӕн кӕрдӕг, зайӕгойтӕ ӕмӕ бӕлӕстӕ». Ӕмӕ алыхуызон дыргътӕ, халсартӕ ӕмӕ дидинджытӕ зайын райдыдтой. Уый фӕстӕ Йегъовӕ скодта алыхуызон цӕрӕгойтӕ – тӕхгӕ, ленк ӕмӕ быргӕ чи кӕны, ахӕмтӕ. Скодта гыццыл цӕрӕгойтӕ дӕр, зӕгъӕм, тӕрхъустӕ, ӕмӕ стыр цӕрӕгойтӕ дӕр, зӕгъӕм, пылтӕ. Цӕрӕгойтӕй дӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр кӕцы цӕуы?

Уый фӕстӕ Йегъовӕ, чи йын ӕххуыс кодта, уыцы зӕдӕн загъта: «Скӕнӕм адӕймаджы». Адӕм хъуамӕ цӕрӕгойтӕй хицӕн кодтаиккой. Сӕ бон уыдаид дзурын, худын, Хуыцаумӕ кувын. Сӕ бон ма уыдаид ног цыдӕртӕ ӕрхъуыды кӕнын дӕр. Хъуамӕ зӕхмӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕм зылдаиккой. Зоныс ӕй, фыццаг адӕймаг чи уыд, уый? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

«Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх» (Райдиан 1:1)