Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 СӔРГОНД

Аст адӕймаджы аирвӕзтысты

Аст адӕймаджы аирвӕзтысты

Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ, стӕй цӕрӕгойтӕ дӕр наумӕ бацыдысты. Йегъовӕ науы дуар сӕхгӕдта ӕмӕ къӕвда уарын райдыдта. Афтӕ тынг уарыд, ӕмӕ дон нау уӕлӕмӕ систа, ӕмӕ нау ленк кӕнын райдыдта. Ӕппынфӕстаг зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны бын фӕци. Наумӕ чи нӕ бацыд, уыцы ӕвзӕр адӕм иууылдӕр амардысты. Фӕлӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ науы кӕй уыдысты, уый фӕрцы аирвӕзтысты. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕмӕ кӕй байхъуыстой, ууыл куыд тынг цин кодтаиккой!

Къӕвда фӕуарыд 40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы, ӕмӕ стӕй банцад. Дон къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнын райдыдта, ӕмӕ фӕстагмӕ нау ӕрлӕууыд хӕхты сӕр. Фӕлӕ ма уӕддӕр зӕххыл уыди тынг бирӕ дон, ӕмӕ уый тыххӕй Нойӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн сӕ бон ӕддӕмӕ рахизын нӕ уыд.

Гыццылгай зӕхх бахус. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ науы мидӕг фесты иу азӕй фылдӕр. Стӕй сын Йегъовӕ загъта, ныр сӕ бон науӕй рахизын кӕй у. Йегъовӕ сӕ кӕй аирвӕзын кодта, уый тыххӕй дзы тынг бузныг уыдысты, ӕмӕ йын нывонд ӕрхастой.

Йегъовӕ цин кодта, нывонд ын кӕй ӕрхастой, ууыл. Йегъовӕ расомы кодта, зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый Доны хъаймӕты кӕй нал фесафдзӕн. Ӕмӕ кӕй нӕ фӕсайдзӕн, уый тыххӕй арвыл фӕзынын кодта арвӕрдын. Арвӕрдын искуы федтай?

Йегъовӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕн загъта, цӕмӕй сывӕллӕттӕ рауагътаиккой ӕмӕ зӕхх адӕмӕй байдзаг кодтаиккой.

«Ной наумӕ... бацыд... [Адӕммӕ та] нымады дӕр ницы уыди, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта» (Матфейы 24:38, 39)