Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 СӔРГОНД

Авраам ӕмӕ Саррӕ Хуыцаумӕ хъуыстой

Авраам ӕмӕ Саррӕ Хуыцаумӕ хъуыстой

Вавилонмӕ хӕстӕг уыд горӕт Ур. Уым адӕм Йегъовӕйӕн нӕ куывтой, фӕлӕ бирӕ алыхуызон хуыцӕуттӕн. Фӕлӕ дзы царди, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн чи куывта, ахӕм адӕймаг. Йӕ ном хуынди Авраам.

Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Ныууадз дӕ хӕдзар ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ дын ӕз цы бӕстӕмӕ бацамондзынӕн, уырдӕм ацу». Стӕй йын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕуӕй рацӕудзӕн бирӕ адӕм, ӕмӕ дӕ фӕрцы ӕппӕт адӕмтӕ дӕр хорздзинӕдтӕй схайджын уыдзысты».

Авраам нӕ зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕдӕм ӕрвиты, уый. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр байхъуыста, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Гъемӕ Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕ, стӕй йӕ фыд Фаррӕ ӕмӕ йе ’фсымӕры лӕппу Лот сӕ дзаумӕттӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ дард фӕндагыл ацыдысты.

Авраам ӕмӕ йӕ бинонтӕ, Йегъовӕ сӕ цы зӕхмӕ кодта, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Авраамыл цыди 75 азы. Уыцы зӕхх хуынди Ханаан. Уым Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Ацы зӕхх иууылдӕр ратдзынӕн дӕ сывӕллӕттӕн». Фӕлӕ Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн сывӕллӕттӕ нӕ уыд, стӕй уыдысты зӕронд. Уӕдӕ уӕд Йегъовӕ йӕ ныхас куыд хъуамӕ сӕххӕст кодтаид?

«Авраам... йӕ уырнындзинады фӕрцы байхъуыста, йӕ райгуырӕн бӕстӕ ныууагъта ӕмӕ ацыд, бынӕн кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы зӕхмӕ. О, уый ацыд, кӕд ӕмӕ, кӕдӕм цӕуы, уый зонгӕ дӕр нӕ кодта, уӕддӕр» (Дзуттӕгтӕм 11:8)