Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 СӔРГОНД

Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы

Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы

Лот уыди Авраамӕн йе ’фсымӕры лӕппу ӕмӕ Авраамы бинонтимӕ царди Ханааны зӕххыл. Авраамӕн ӕмӕ Лотӕн сӕ фос афтӕ сбирӕ сты, ӕмӕ сын зӕххытӕ нал фаг кодта. Уӕд Авраам Лотӕн загъта: «Нӕ фосӕн бынат нал фаг кӕны. Дӕ хорзӕхӕй, дӕхицӕн зӕхх равзар. Ды иуырдӕм ацӕудзынӕ, ӕз та – иннӕрдӕм». Уӕдӕ бӕрӕг у, Авраам иннӕтыл йӕхицӕй фылдӕр кӕй тыхсти.

Лот акаст ӕмӕ федта рӕсугъд зӕхх. Уыцы зӕхх уыди, Содом чи хуынди, уыцы горӕтмӕ хӕстӕг. Уыди дзы цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ кӕрдӕгджын зӕххытӕ. Лот уыцы зӕхх равзӕрста ӕмӕ йӕ бинонтимӕ уырдӕм цӕрынмӕ ацыд.

Содомы, стӕй уырдӕм хӕстӕг горӕт Гоморрӕйы царди тынг ӕвзӕр адӕм. Ӕмӕ Йегъовӕ сфӕнд кодта уыцы дыууӕ горӕты фесафын. Фӕлӕ Хуыцауы фӕндыд Лоты ӕмӕ йӕ бинонты фервӕзын кӕнын, ӕмӕ сӕм дыууӕ зӕды арвыста. Зӕдтӕ сын загътой: «Рӕвдздӕр! Ацы горӕтӕй алидзут! Йегъовӕ йӕ фесафынмӕ хъавы».

Фӕлӕ Лот нӕ тагъд кодта. Уӕд уыцы зӕдтӕ Лотӕн, йӕ усӕн ӕмӕ йӕ дыууӕ чызгӕн сӕ къухтыл ныххӕцыдысты ӕмӕ сӕ горӕтӕй ракодтой. Зӕдтӕ сын загътой: «Лидзгӕ ут! Фӕстӕмӕ дӕр ма фӕкӕсут, кӕннод амӕлдзыстут!»

Сигор чи хуынди, уыцы горӕтмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй зынг ӕмӕ сондон ныккалдта. Хуыцау уыцы дыууӕ горӕты бынтондӕр фесӕфта. Лоты ус Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ фӕстӕмӕ фӕкаст. Ӕмӕ уӕд цӕхдур фестади! Лот ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы та удӕгасӕй баззадысты, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕмӕ байхъуыстой. Лоты ус Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый йӕ бинонтӕн тынг зын уыди. Сӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕмӕ алкӕддӕр хъӕуы хъусын.

«Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы» (Лукайы 17:32)