Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 СӔРГОНД

Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уый хъуыддагӕй равдыста

Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уый хъуыддагӕй равдыста

Авраам Исахъӕн арӕх дзырдта, адӕймаг Йегъовӕйы кӕй хъуамӕ уарза ӕмӕ йын йӕ алы ныхасыл кӕй хъуамӕ ӕууӕнда. Фӕлӕ Исахъыл иу-25 азы куы цыд, уӕд Йегъовӕ Авраамӕн загъта, цӕмӕй иу хъуыддаг сарӕзтаид. Уыцы хъуыддаг ӕнцон саразӕн нӕ уыд. Цымӕ цы уыд?

Хуыцау Авраамӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, демӕ дӕ фырты акӕн ӕмӕ йӕ Мориайы хохыл нывондӕн ӕрхӕсс». Авраам ӕй не ’мбӕрста, Йегъовӕ йын уыцы хъуыддаг цӕмӕн аразын кӕны, уый. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр байхъуыста.

Дыккаг бон райсомӕй раджы Авраам Исахъы ӕмӕ ма йӕ лӕггадгӕнджытӕй дыууӕйы йемӕ ракодта ӕмӕ Мориайы хохырдӕм ацыдысты. Ӕртӕ боны куы фӕцыдысты, уӕд сӕм дардӕй хӕхтӕ разындысты. Авраам йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта, цӕмӕй банхъӕлмӕ кӕсой, цалынмӕ Исахъимӕ хохыл нывонд не ’рхӕссой, уӕдмӕ. Авраам Исахъӕн сугтӕ ахӕссын кодта, йӕхӕдӕг та кард ахаста. Исахъ ӕй бафарста: «Нывондӕн кӕй хъуамӕ ӕрхӕссӕм, уыцы фыс та кӕм ис?» Авраам ын загъта: «Мӕ лӕппу, Йегъовӕ нын ӕй ратдзӕн».

Хохмӕ куы ссыдысты, уӕд дзы нывондхӕссӕн сарӕзтой. Стӕй Авраам Исахъӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ сбаста ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл схуыссын кодта.

Авраам кард куы систа, уӕд ӕм уӕлӕрвтӕй Йегъовӕйы зӕд ӕрдзырдта: «Авраам! Лӕппумӕ ма бавнал! Ныр ӕй зонын, Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыс, уымӕн ӕмӕ цӕттӕ уыдтӕ дӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ». Стӕй Авраам федта, йӕ сыкъатӕй пыхсыты чи стыхст, ахӕм фыры. Уӕд Авраам уайтагъд Исахъы суӕгъд кодта ӕмӕ уыцы фыры нывондӕн ӕрхаста.

Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ Авраамы хуыдта йе ’мбал. Зоныс, цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Авраам алкӕддӕр арӕзта, Йегъовӕ йын цы дзырдта, уый. Ӕмӕ-иу кӕд иуӕй-иу хатт не ’мбӕрста, Йегъовӕ йын цыдӕр цӕмӕн аразын кӕны, уый, уӕддӕр йӕ коммӕ каст.

Йегъовӕ та Авраамӕн ногӕй зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ – дӕуӕй чи рацӕуа, уыдон – сбирӕ уыдзысты». Йегъовӕ ма загъта, фидӕны Авраамы байзӕддаджы фӕрцы хорз адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕй раарфӕ кӕндзӕн.

«Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16)