Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

13 СӔРГОНД

Иаков ӕмӕ Исав бафидыдтой

Иаков ӕмӕ Исав бафидыдтой

Йегъовӕ Иаковӕн загъта, кӕй йӕ хъахъхъӕндзӕн, Авраамы ӕмӕ Исахъы куыд хъахъхъӕдта, афтӕ. Иаков ӕрцард, Харран чи хуынд, уыцы зӕххыл. Уым ын фӕзынд йӕхи бинонтӕ ӕмӕ йын уыди бирӕ сывӕллӕттӕ. Стӕй ма Иаков сси тынг хъӕздыг.

Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Йегъовӕ Иаковӕн загъта: «Дӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ аздӕх». Ӕмӕ Иаков дӕр йӕ бинонтимӕ сӕхи срӕвдз кодтой ӕмӕ дард фӕндагыл ацыдысты. Фӕстӕдӕр Иаковмӕ фӕндагыл йӕ лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Де ’фсымӕр Исав дӕ размӕ рацӕуы ӕмӕ йемӕ ис 400 адӕймаджы!» Иаков фӕтарст, Исав сын ӕвзӕрӕй исты куы ракӕна, уымӕй, ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывта: «Дӕ хорзӕхӕй, ме ’фсымӕрӕй мӕ бахъахъхъӕн». Дыккаг бон Иаков Исавӕн арвыста лӕвӕрттӕ – бирӕ фыстӕ, сӕгътӕ, хъуццытӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.

Уыцы бон ӕхсӕвы Иаков иунӕгӕй аззад, ӕмӕ йӕм иу зӕд фӕзынд! Зӕд йемӕ хъӕбысӕй хӕцын райдыдта ӕмӕ суанг райсоммӕ йемӕ хъӕбысӕй хӕцыд. Иаковӕн хӕцгӕ-хӕцын йӕ син фелвӕст, фӕлӕ уӕддӕр не ’рлӕууыд. Зӕд ын загъта: «Ауадз мӕ». Фӕлӕ йын Иаков загъта: «Цалынмӕ мын нӕ раарфӕ кӕнай, уӕдмӕ дӕ нӕ ауадздзынӕн».

Ӕмӕ уӕд зӕд Иаковӕн раарфӕ кодта. Ныр Иаков зыдта, Йегъовӕ сӕ Исавӕй кӕй бахъахъхъӕндзӕн.

Райсомӕй Иаков акаст ӕмӕ дардмӕ ауыдта Исавы ӕмӕ ма йемӕ 400 адӕймаджы. Иаков йӕ бинонты разӕй ацыд ӕмӕ йе ’фсымӕрӕн йӕ сӕрӕй зӕххы онг авд хатты акуывта. Исав Иаковы размӕ азгъордта ӕмӕ йын ныхъхъӕбыс кодта. Сӕ дыууӕ дӕр ныккуыдтой. Афтӕмӕй дыууӕ ӕфсымӕры бафидыдтой. Куыд дӕм кӕсы, Иаков афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй Йегъовӕ цы хъуыды кодта?

Уый фӕстӕ Исав йӕ хӕдзармӕ аздӕхт, Иаков та йӕ фӕндагыл дарддӕр ацыди. Иаковӕн уыд 12 фырты. Йӕ фырттӕ хуындысты Рувим, Симеон, Леви, Иудӕ, Дан, Неффалим, Гад, Асир, Иссахар, Завулон, Иосиф ӕмӕ Вениамин. Йегъовӕ Иаковы фырттӕй сӕ иуы фӕрцы – Иосифы фӕрцы – йӕ адӕмы фервӕзын кодта. Зоныс ӕй, куыд? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

«Уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй. Уӕд ӕцӕгдӕр уыдзыстут уӕ уӕларвон Фыды фырттӕ» (Матфейы 5:44, 45)