Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

16 СӔРГОНД

Чи уыд Иов?

Чи уыд Иов?

Уц чи хуынд, уыцы зӕххыл цард Йегъовӕйӕн кувӕг адӕймаг. Йӕ ном хуынди Иов. Уыди йын стыр бинонтӕ ӕмӕ уыди тынг хъӕздыг. Иов уыд тынг хорз адӕймаг. Уый ӕххуыс кодта мӕгуыртӕн, стӕй идӕдз сылгоймӕгтӕн ӕмӕ сидзӕр сывӕллӕттӕн. Фӕлӕ кӕд Иов ахӕм хорз адӕймаг уыд, уӕд ын цымӕ зындзинӕдтӕ никуы уыд?

Сайтан Хӕйрӕг Иовмӕ уӕлӕрвтӕй каст, Иов та уый зонгӕ дӕр нӕ кодта. Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн загъта: «Мӕ лӕггадгӕнӕг Иовы мын федтай? Зӕххыл уый хуызӕн адӕймаг нӕй. Уый мӕм хъусы ӕмӕ раст хъуыддӕгтӕ аразы». Хӕйрӕг ын загъта: «Уый дӕм уый тыххӕй хъусы, ӕмӕ йӕ ды хъахъхъӕныс ӕмӕ йын арфӕ кӕныс. Радтай йын зӕххытӕ ӕмӕ бирӕ фос. Уӕдӕ-ма йын сӕ байс, кӕддӕра ма дын лӕггад кӕнид». Йегъовӕ йын загъта: «Кӕд дӕ фӕнды, уӕд ӕй бафӕлвар. Ӕрмӕст ӕй маргӕ ма акӕн». Йегъовӕ Хӕйрӕджы цӕмӕн бауагъта Иовы бафӕлварын? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Иов ын уӕддӕр кӕй лӕггад кӕндзӕн.

Хӕйрӕг Иовыл алыхуызон бӕллӕхтӕ ӕруагъта. Фыццаг уал, савейӕгтӕ чи хуындысты, уыцы адӕмы арвыста, цӕмӕй Иовӕн йӕ галты ӕмӕ йӕ хӕрджыты адавтаиккой. Уый фӕстӕ Иовы фыстыл арт ӕрцыд, ӕмӕ дзы иу дӕр нал баззад. Стӕй та, халдейтӕ чи хуындысты, уыцы адӕм Иовӕн йӕ теуаты адавтой. Фосмӕ чи каст, уыцы лӕггадгӕнджытӕ дӕр амардысты. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Иовыл ноджы стырдӕр бӕллӕх ӕрцыд. Йӕ сывӕллӕттӕ куывды куы уыдысты, уӕд, цы хӕдзары бадтысты, уый ныккалд, ӕмӕ иууылдӕр амардысты. Иовӕн йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодта.

Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй Иов ноджы тынгдӕр хъизӕмар кодтаид. Афтӕ бакодта, ӕмӕ Иовы буарыл бирӕ хъӕдгӕмттӕ фӕзынд, ӕмӕ йын тынг рыстысты. Иов нӕ зыдта, ахӕм зындзинӕдтӕ йыл цӕмӕн ӕрцыд, уый. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодта. Ӕмӕ уый Хуыцауӕн тынг ӕхсызгон уыди.

Уый фӕстӕ Хӕйрӕг Иовмӕ ӕртӕ лӕджы арвыста. Уыдон ын загътой: «Ӕвӕццӕгӕн, цыдӕр тӕригъӕд сарӕзтай ӕмӕ йӕ басусӕг кодтай. Уый дӕ Хуыцау бафхӕрдта». Иов сын загъта: «Ӕз ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон». Фӕлӕ стӕй афтӕ хъуыды кӕнын райдыдта, ӕмӕ уыцы бӕллӕхтӕ Йегъовӕйӕ сты, ӕмӕ загъта, Хуыцау раст кӕй нӕ бакодта.

Иов уыцы лӕгтимӕ куы ныхас кодта, уӕд сӕм хъуыста иу ӕрыгон лӕппу, Елиуй. Стӕй уый дӕр дзурын райдыдта: «Уӕ ныхӕстӕ раст не сты. Йегъовӕ цы диссаджы Хуыцау у, уый нӕ бон кӕронмӕ бамбарын нӕу. Йегъовӕ ӕвзӕр хъуыддаг никуы сараздзӕн. Уый алцыдӕр уыны ӕмӕ, зындзинӕдтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн ӕххуыс кӕны».

Уый фӕстӕ Йегъовӕ Иовимӕ дзурын райдыдта: «Арв ӕмӕ зӕхх куы кодтон, уӕд кӕм уыдтӕ? Афтӕ цӕмӕн зӕгъыс, ӕмӕ цыдӕр раст нӕ бакодтон? Цыдӕртӕ дзурыс, фӕлӕ йӕ нӕ зоныс, ацы хабӕрттӕ цӕмӕн ӕрцыдысты, уый». Иов йӕ рӕдыдыл басаст ӕмӕ загъта: «Раст нӕ уыдтӕн. Ӕз дӕу тыххӕй ӕрмӕст хъусгӕ фӕкодтон, ныр та дӕ мӕхӕдӕг зонын. Дӕ бон цы нӕу, ахӕмӕй ницы ис. Ахӕм ныхӕстӕ кӕй загътон, уый тыххӕй мын ныххатыр кӕн».

Иовы фӕлварӕнтӕ куы фесты, уӕд ӕй Йегъовӕ сдзӕбӕх кодта ӕмӕ йын уымӕй размӕ цы хъӕздыгдзинӕдтӕ уыд, уыдонӕй йын бирӕ фылдӕр радта. Иов амондджынӕй бирӕ азтӕ фӕцарди. Иов Йегъовӕмӕ хъуыста, уый йын зын куы уыд, суанг уӕд дӕр, ӕмӕ йын уый тыххӕй Йегъовӕ раарфӕ кодта. Ды дӕр Иовау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзынӕ, уый дын цыфӕнды зын куы уа, уӕд дӕр?

«Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд, уый тыххӕй, ӕмӕ зонут, Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уый» (Иаковы 5:11)