Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 СӔРГОНД

Моисейы бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

Моисейы бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

Египеты зӕххыл Иаковы бинонты хонын райдыдтой израилӕгтӕ. Иаков ӕмӕ Иосиф куы амардысты, уӕд Египеты фараон сси ӕндӕр адӕймаг. Уыцы фараон тарсти, израилӕгтӕ куы сбирӕ уой ӕмӕ египетӕгтӕй тыхджындӕр куы суой, уымӕй. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй цагъартӕ скодта. Израилӕгтӕн самандуртӕ аразын кодтой ӕмӕ сын быдырты уӕззау куыст кӕнын кодтой. Ӕмӕ сын кӕд египетӕгтӕ сӕ куыст фӕзындӕр кодтой, уӕддӕр израилӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Фараон уый тыххӕй тынг мӕсты кодта, ӕмӕ загъта, цӕмӕй израилӕгтӕн сӕ ноггуырд лӕппуты амардтаиккой. Ахъуыды-ма кӕн, израилӕгтӕ куыд тынг тарстаиккой!

Уыцы рӕстӕг иу израилаг сылгоймагӕн, Иохаведӕйӕн, райгуырд лӕппу. Цӕмӕй йын ӕй ма амардтаиккой, уый тыххӕй йӕ чыргъӕды нывӕрдта ӕмӕ йӕ Нилы цӕугӕдоны был бӕрзонд кӕрдӕджыты ’хсӕн бамбӕхста. Иохаведӕйӕн ма уыди чызг, Мариам, ӕмӕ уый гыццыл фалдӕр лӕууыд ӕмӕ уырдыгӕй йе ’фсымӕрмӕ касти.

Фараоны чызг рацыд цӕугӕдонмӕ йӕхи найынмӕ ӕмӕ дзы уыцы чыргъӕд ауыдта. Йӕ мидӕг ын сывӕллоны кӕугӕ куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта. Мариам ӕй бафарста: «Ацӕуон ӕмӕ дын исты сылгоймаджы ссарон, цӕмӕй дын ацы сывӕллоны схӕсса?» Фараоны чызг сразы, ӕмӕ уӕд Мариам йӕ мады ӕрбакодта. Фараоны чызг ын загъта: «Райс сывӕллоны ӕмӕ мын ӕй схӕсс, ӕмӕ дын ӕз та фиддзынӕн».

Сывӕллон куы фестырдӕр, уӕд ӕй Иохаведӕ фараоны чызгмӕ ӕрбакодта. Фараоны чызг ӕй схуыдта Моисей ӕмӕ йӕ йӕхи сывӕллоны хуызӕн хъомыл кодта. Моисей фараоны фырт кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ йын алцыдӕр уыд. Фӕлӕ Моисей Йегъовӕйы никуы рох кодта. Уый зыдта, ӕцӕгӕй египетаг нӕ, фӕлӕ израилаг кӕй у. Ӕмӕ йӕ бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын.

Моисейыл 40 азы куы цыд, уӕд сфӕнд кодта йӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын. Иухатт федта, иу египетаг лӕг израилаг цагъары куыд нӕмы, уый. Ӕмӕ уӕд уыцы египетаджы афтӕ тынг ныццавта, ӕмӕ лӕг амард. Моисей йын йӕ мард змисы бамбӕхста. Фараон уый куы базыдта, уӕд загъта, цӕмӕй Моисейы амардтаиккой. Фӕлӕ Моисей Мадиамы зӕхмӕ алыгъд. Уым ын Йегъовӕ ӕххуыс кодта.

«[Моисейы] йӕ уырнындзинады фӕрцы нӕ бафӕндыд фараоны чызджы фырты ном хӕссын, ӕмӕ... равзӕрста Хуыцауы адӕмимӕ ӕфхӕрд ӕййафын» (Дзуттӕгтӕм 11:24, 25)