Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

22 СӔРГОНД

Сырх денджызы раз ӕрцыд диссаг

Сырх денджызы раз ӕрцыд диссаг

Израилӕгтӕ Египетӕй кӕй ацыдысты, уый фараон куы фехъуыста, уӕд фӕфӕсмон кодта, кӕй сӕ ауагъта, ууыл. Фараон йе ’фсӕддонтӕн загъта: «Бӕхуӕрдӕттӕ иууылдӕр ӕрцӕттӕ кӕнут! Хъуамӕ сӕ баййафӕм ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ракӕнӕм!» Ӕмӕ фараон ӕмӕ йӕ адӕм израилӕгты фӕстейӕ асырдтой.

Йегъовӕ израилӕгтӕн фӕндаг амыдта: боныгон – мигъы фӕрцы, ӕхсӕвыгон та – арты фӕрцы. Сырх денджызы цурмӕ сӕ куы ’рбакодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй уал уым сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтаиккой.

Стӕй израилӕгтӕ федтой, фараон ӕмӕ сӕ йе ’фсад фӕстейӕ кӕй ӕрбасурынц. Цы фӕуыдаиккой, уый нал зыдтой, уымӕн ӕмӕ сӕ разӕй уыд Сырх денджыз, сӕ фӕстӕ та – египетаг ӕфсад. Израилӕгтӕ Моисейӕн загътой: «Мах амӕлдзыстӕм! Фӕлтау нӕ Египеты куы ныууагътаис». Фӕлӕ сын Моисей загъта: «Ма тӕрсут. Фидар лӕуут ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ нӕ абон куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ». Моисей Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндыд.

Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй сӕ цатыртӕ систаиккой. Фӕндаг сын цы мигъы фӕрцы амыдта, уый та израилӕгты ӕмӕ египетӕгты ’хсӕн слӕууын кодта. Египетӕгты фарс уыд талынг, израилӕгты фарс та уыд рухс.

Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй йӕ къух денджызмӕ адардтаид. Стӕй Йегъовӕ тыхджын дымгӕ рауагъта, ӕмӕ дымгӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕдымдта. Денджыз дыууӕ дихы фӕци, ӕмӕ дзы фӕзынди фӕндаг. Израилӕгтӕ, цалдӕр милуан адӕймаджы, сур зӕххыл денджызы фаллаг фарсмӕ ацыдысты, сӕ фӕйнӕфарс та дон къултау лӕууыд.

Фараон ӕмӕ йе ’фсад израилӕгты фӕстейӕ асырдтой. Фӕлӕ денджызы астӕумӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сӕ Йегъовӕ кӕрӕдзи мидӕг схӕццӕ кодта ӕмӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ сӕ бӕхуӕрдӕтты цӕлхытӕ хауын райдыдтой. Ӕфсӕддонтӕ хъӕр кодтой: «Лидзӕм ардыгӕй! Йегъовӕ сӕ сӕрыл тох кӕны!»

Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ къух денджызмӕ адар». Ӕвиппайды денджызы дӕттӕ Египеты ӕфсадыл ныккалдысты. Фараон ӕмӕ йӕ адӕм амардысты. Иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзт.

Денджызы иннӕ фарс та израилӕгтӕ цин кодтой ӕмӕ Хуыцауы зарӕгӕй кадджын кодтой: «Зарут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ йӕхи скадджын кодта. Бӕхы ӕмӕ барӕджы денджызы ныппӕрста». Сылгоймӕгтӕ кафыдысты ӕмӕ далафӕндыртӕй цагътой. Иууылдӕр цин кодтой, уымӕн ӕмӕ кӕдӕй-уӕдӕй ссӕрибар сты!

«Нӕ бон у ныфсджынӕй зӕгъын: „Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?“» (Дзуттӕгтӕм 13:6)