Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

29 СӔРГОНД

Йегъовӕ равзӕрста Йесо Навины

Йегъовӕ равзӕрста Йесо Навины

Моисей бирӕ азты дӕргъы израилӕгты кодта, Хуыцау сын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхмӕ. Фӕлӕ Моисей ныр уыд тынг зӕронд, ӕмӕ йын бирӕ нал баззад. Йегъовӕ йын загъта: «Зӕрдӕ уын кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ израилӕгты ды нӕ бакӕндзынӕ. Фӕлӕ дын уӕддӕр уыцы зӕхх равдисдзынӕн». Уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта, цӕмӕй йӕ адӕмӕн ног разамонӕджы равзӕрстаид. Йегъовӕ йын загъта: «Ацу Йесо Навинмӕ ӕмӕ йын зӕгъ, адӕмӕн разамонӕг уый кӕй уыдзӕн».

Моисей адӕмӕн загъта, бирӕ кӕй нал фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Йегъовӕ Йесо Навины кӕй равзӕрста, цӕмӕй йӕ адӕмы Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакӕна. Йесо Навинӕн та загъта: «Ма тӕрс. Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн». Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Моисей ссыд Невойы хохмӕ, ӕмӕ йын уырдыгӕй Йегъовӕ равдыста, Авраамӕн, Исахъӕн ӕмӕ Иаковӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхх. Ӕмӕ Моисей уым амард. Цыди йыл 120 азы.

Йегъовӕ Йесо Навинӕн загъта: «Иорданы цӕугӕдоныл ахизут ӕмӕ Ханааны зӕхмӕ бацӕут. Ӕз дын ӕххуыс кӕндзынӕн, Моисейӕн куыд ӕххуыс кодтон, афтӕ. Мӕ Закъон мын алы бон дӕр кӕс. Тӕрсгӕ мацӕмӕй кӕн. Хъӕбатыр у. Ацу ӕмӕ дын цы бафӕдзӕхстон, уый кӕн».

Йесо Навин горӕт Иерихонмӕ арвыста дыууӕ сгарӕджы. Иннӕ сӕрӕй базондзыстӕм, уым сыл цы хабар ӕрцыд, уый тыххӕй. Уыцы сгарджытӕ фӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд загътой, ныр хорз рӕстӕг кӕй у Ханааны зӕхх бацахсынӕн. Дыккаг бон Йесо Навин адӕмӕн загъта, цӕмӕй сӕ цатыртӕ систаиккой. Стӕй Иорданы цӕугӕдонмӕ разӕй арвыста, бадзырды чырын чи хаста, уыцы сауджынты. Цӕугӕдон уыд тынг ивылд. Фӕлӕ сауджынтӕ донмӕ куыддӕр бахызтысты, афтӕ цӕугӕдон йӕ цӕуынӕй ӕрлӕууыд ӕмӕ йӕ дӕттӕ бахус сты! Сауджынтӕ цӕугӕдоны астӕумӕ бацыдысты ӕмӕ дзы лӕууыдысты, цалынмӕ израилӕгтӕ иууылдӕр сур зӕххыл фаллаг фарсмӕ нӕ ахызтысты, уӕдмӕ. Куыд хъуыды кӕныс, цымӕ сын уыцы диссаг сӕ зӕрдыл не ’рлӕууын кодта, Сырх денджызы раз Йегъовӕ цы диссаг сарӕзта, уый?

Кӕдӕй-уӕдӕй израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бахӕццӕ сты! Ныр адӕмӕн сӕ бон уыд сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ ӕмӕ горӕттӕ саразын. Сӕ бон уыд хуымтӕ тауын, стӕй сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ, алыхуызон дыргъбӕлӕстӕ кӕм задаид, ахӕм цӕхӕрадӕттӕ скӕнын. Хӕрынӕн дӕр ӕмӕ дзы нуазынӕн дӕр уыйбӕрц цыдӕртӕ уыд, ӕмӕ уыцы зӕхх схуыдтой, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм калди, ахӕм зӕхх.

«Йегъовӕ дӕ алкӕддӕр кӕндзӕн, суанг дӕ хурсыгъд зӕххыл дӕр ӕфсаддзӕн» (Исай 58:11)