Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

32 СӔРГОНД

Ног разамонӕг ӕмӕ дыууӕ хъӕбатыр сылгоймаджы

Ног разамонӕг ӕмӕ дыууӕ хъӕбатыр сылгоймаджы

Йесо Навин Йегъовӕйы адӕмӕн разамонӕг уыд бирӕ азты дӕргъы, ӕмӕ йыл 110 азы куы цыди, уӕд амард. Цалынмӕ Йесо удӕгас уыд, уӕдмӕ израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн куывтой. Фӕлӕ куы амард, уӕд ханаайнӕгтау мӕнгхуыцӕуттӕн кувын райдыдтой. Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй сын ханаайнаг паддзах Иавин сӕ цард фӕзындӕр кодтаид. Израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид. Ӕмӕ сын Йегъовӕ ног разамонӕджы сӕвӕрдта. Йӕ ном хуынди Варак. Уый хъуамӕ адӕмӕн баххуыс кодтаид, цӕмӕй Йегъовӕмӕ раздӕхтаиккой.

Ус-пехуымпар Деворӕ Варакмӕ кӕйдӕрты арвыста, цӕмӕй йын ахӕм хабар фехъусын кодтаид: «Йегъовӕ зӕгъы, цӕмӕй дӕс мин лӕджы демӕ ракӕнай ӕмӕ Киссоны цӕугӕдонмӕ ацӕуай. Уым Сисарӕйыл, Иавины ӕфсады хистӕрыл, фӕуӕлахиз уыдзынӕ». Варак Деворӕйӕн загъта: «Кӕд ды мемӕ рацӕуай, уӕд ацӕудзынӕн». Деворӕ йын загъта: «Хорз, ацӕудзынӕн. Ӕрмӕст ӕй зон, Сисарӕйы ды нӕ амардзынӕ. Йегъовӕ загъта, сылгоймаджы къухӕй кӕй амӕлдзӕн».

Варак йе ’фсадимӕ ӕмӕ Деворӕимӕ ацыд Фаворы хохмӕ, цӕмӕй сӕхи тохмӕ бацӕттӕ кодтаиккой. Сисарӕ уый куыддӕр базыдта, афтӕ йӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йе ’фсӕддонты, хохрӕбын цы дӕлвӕз уыд, уырдӕм ракодта. Деворӕ Варакӕн загъта: «Абон Йегъовӕйы фӕрцы фӕуӕлахиз уыдзынӕ». Варак ӕмӕ дӕс мин ӕфсӕддоны хохӕй ӕрцыдысты, цӕмӕй Сисарӕйы стыр ӕфсадимӕ схӕцыдаиккой.

Уӕд Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Киссоны цӕугӕдон тынг раивылд. Сисарӕйы хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ цъыфы ныссагъдысты. Сисарӕ йӕ бӕхуӕрдон фӕуагъта ӕмӕ лидзынмӕ фӕци. Варак ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ Сисарӕйы ӕфсад ныппырх кодтой, фӕлӕ Сисарӕ аирвӕзт. Уый тохы быдырӕй алыгъд ӕмӕ иу сылгоймаджы цатыры бамбӕхст. Уыцы сылгоймаг хуынди Иаил. Иаил ын ӕхсыр баназын кодта ӕмӕ йыл хъӕццул ӕрӕмбӕрзта. Сисарӕ ахӕм фӕллад уыд, ӕмӕ бафынӕй. Ӕмӕ йӕм уӕд Иаил сусӕгӕй бацыд, йӕ сӕры йын цатыры къӕбӕл ныссагъта, ӕмӕ Сисарӕ амард.

Варак Сисарӕйы агурӕг Иаилы цатырмӕ ӕрбацыд. Иаил ӕм рацыд ӕмӕ йын загъта: «Мидӕмӕ рацу. Цы лӕджы агурыс, уый ам ис». Варак мидӕмӕ бацыд ӕмӕ дзы Сисарӕйы мардӕй федта. Уый фӕстӕ Варак ӕмӕ Деворӕ Йегъовӕйы зарӕгӕй кадджын кӕнын райдыдтой, йӕ адӕмы се знӕгты къухӕй кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ Израилы 40 азы дӕргъы уыд сабыр рӕстӕг.

«Хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ сты ӕнӕхъӕн ӕфсад» (Псалом 68:11)