Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

38 СӔРГОНД

Йегъовӕ Самсонӕн стыр тых радта

Йегъовӕ Самсонӕн стыр тых радта

Израилӕгтӕй та бирӕтӕ ногӕй райдыдтой мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, ӕмӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй сын филистимӕгтӕ хицӕуттӕ суыдаиккой. Фӕлӕ израилӕгты ’хсӕн уӕддӕр уыд, Йегъовӕйы чи уарзта, ахӕмтӕ. Сӕ иу уыди Маной. Манойӕн ӕмӕ йӕ усӕн сывӕллӕттӕ нӕ уыд. Иу бон Йегъовӕ йӕ зӕды Манойы усмӕ арвыста, ӕмӕ йын зӕд загъта: «Райгуырдзӕн уын лӕппу. Уый Израилы адӕмы филистимӕгтӕй фервӕзын кӕндзӕн. Уӕ лӕппу уыдзӕн назорей». Назорейтӕ чи уыдысты, уый зоныс? Уыдон уыдысты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, фӕлӕ иннӕ лӕггадгӕнджытӕй цӕмӕйдӕрты хицӕн кодтой. Зӕгъӕм, назорейтӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй сӕ сӕрыхъуынтӕ ӕлвыдтаиккой.

Цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд Манойӕн фырт райгуырд. Маной йӕ схуыдта Самсон. Самсон куы сыстыр, уӕд ын Йегъовӕ стыр тых радта. Самсонӕн йӕ бон уыди ӕнӕ ницӕмӕй домбайы амарын. Иухатт та иунӕгӕй амардта 30 филистимаг лӕджы. Филистимӕгтӕ дзы йӕ удхӕссӕг уыдтой, ӕмӕ йӕ марынмӕ хъавыдысты. Иухатт Самсон уыд горӕт Газӕйы. Ӕмӕ ӕхсӕвы филистимӕгтӕ горӕты кулдуары раз ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй йӕ райсомӕй ӕрцахстаиккой ӕмӕ йӕ амардтаиккой. Фӕлӕ ӕмбисӕхсӕв Самсон сыстад, горӕты кулдуармӕ бацыд ӕмӕ йӕ къулӕй ратыдта. Уый фӕстӕ йӕ йе уӕхсчытыл ахаста, горӕт Хевронмӕ хӕстӕг чи уыд, уыцы хохы цъупмӕ!

Фӕстӕдӕр филистимӕгтӕ ӕрбацыдысты Самсоны уарзонмӕ, Далидӕмӕ, ӕмӕ йын загътой: «Самсон ахӕм тыхджын цӕмӕн у, уый нын куы базонай, уӕд дын мах бирӕ ӕхца ратдзыстӕм. Хъуамӕ йӕ ӕрцахсӕм ӕмӕ йӕ ахӕстоны сбадын кӕнӕм». Далидӕ ӕхцайы кой куы фехъуыста, уӕд сразы. Фыццаг уал ын Самсон нӕ дзырдта, ахӕм стыр тых ӕм кӕцӕй ис, уый. Фӕлӕ йӕ Далидӕ нал ӕмӕ нал уагъта, зӕгъ мын ӕй, зӕгъгӕ. Самсонӕн дзы йӕ бон куы нал уыд, уӕд ын ӕй радзырдта: «Мӕ сӕрыхъуынтӕ ӕлвыд никуы ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ ӕз назорей дӕн. Мӕ сӕр ӕлвыд куы ’рцӕуа, уӕд мӕ тых дӕр фесӕфдзӕн». Самсон ын уый кӕй радзырдта, уымӕй тынг фӕрӕдыд. Афтӕ нӕу?

Далидӕ уайтагъд филистимӕгтӕм уый тыххӕй фӕхабар кодта. Стӕй Самсоны йӕ уӕрджытыл бафынӕй кодта ӕмӕ иу кӕмӕдӕр фӕдзырдта, цӕмӕй йын йӕ сӕрыхъуынтӕ ралыг кодтаид. Уый фӕстӕ ныхъхъӕр кодта: «Самсон, филистимӕгтӕ ам сты!» Самсон фехъал, фӕлӕ раздӕрау тыхджын нал уыд. Филистимӕгтӕ йӕ ӕрцахстой, йӕ цӕстытӕ йын скъахтой ӕмӕ йӕ ахӕстонмӕ акодтой.

Иу бон филистимӕгтӕй цалдӕр мин адӕймаджы ӕрӕмбырд сты сӕ хуыцау Дагоны кувӕндоны ӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: «Нӕ хуыцау нын Самсоны нӕ къухмӕ радта! Ракӕнут-ма йӕ ардӕм! Уадз ӕмӕ нӕ аирхӕфса». Куы йӕ ракодтой, уӕд ӕй дыууӕ цӕджындзы астӕу слӕууын кодтой ӕмӕ дзы хынджылӕг кӕнын райдыдтой. Самсон Йегъовӕмӕ сдзынӕзта: «Йегъовӕ, курын дӕ, ацы хатт ма мын ратт хъарутӕ». Уӕдмӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр радаргъ сты. Самсон, кувӕндон кӕуыл лӕууыд, уыцы цӕджындзтыл йӕ тых йӕ бонӕй ахӕцыд, ӕмӕ кувӕндон ныккалд. Цы адӕм дзы уыд, уыдон иууылдӕр фӕмард сты. Самсон дӕр амард.

«Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:13)