Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

40 СӔРГОНД

Давид ӕмӕ Голиаф

Давид ӕмӕ Голиаф

Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Ацу Йессейы хӕдзармӕ. Йӕ фырттӕй иу уыдзӕн Израилы ног паддзах». Ӕмӕ Самуил дӕр уырдӕм ацыд. Йессейы хистӕр фырты куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ӕвӕццӕгӕн, ацы лӕппу у». Фӕлӕ Йегъовӕ Самуилӕн загъта, уый кӕй нӕу. Йегъовӕ йын бамбарын кодта: «Адӕймаг бакастӕй цыхуызӕн у, ӕз уымӕ нӕ кӕсын, фӕлӕ, мидӕгӕй цавӕр у, уымӕ».

Йессей Самуилмӕ ӕрбакодта йӕ иннӕ ӕхсӕз фырты дӕр. Фӕлӕ Самуил загъта: «Йегъовӕ адонӕй иуы дӕр нӕ равзӕрста. Ноджыдӕр ма дын фырттӕ ис?» Йессей загъта: «Ис ма мын иу фырт, Давид. Уый у се ’ппӕты кӕстӕр. Фӕлӕ ам нӕй, фыстӕ хизы». Давид сӕхимӕ куы ’рбацыд, уӕд Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Ацы лӕппуйы равзӕрстон!» Самуил Давиды сӕрыл сой рауагъта ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, фидӕны уый кӕй уыдзӕн Израилы паддзах.

Цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд филистимӕгтӕ израилӕгты ныхмӕ рацыдысты. Филистимаг ӕфсӕддонтӕй иу уыд уӕйыджы йас, йӕ ном хуынди Голиаф. Уый алы бон дӕр израилӕгтӕй хынджылӕг кодта. Хъӕр-иу кодта: «Рарвитут-ма мӕм, мемӕ чи схӕца, ахӕм искӕй! Кӕд мыл фӕуӕлахиз уа, уӕд мах уӕ цагъартӕ суыдзыстӕм. Фӕлӕ йыл кӕд ӕз фӕуӕлахиз уон, уӕд та сымах суыдзыстут нӕ цагъартӕ».

Давиды ӕфсымӕртӕ уыдысты ӕфсӕддонтӕ. Иухатт сын Давид хӕринаг куы ахаста, уӕд фехъуыста, Голиаф цытӕ дзырдта, уый, ӕмӕ загъта: «Ӕз схӕцдзынӕн йемӕ!» Паддзах Саул ын загъта: «Нырма ӕрыгон куы дӕ». Давид та йын загъта: «Йегъовӕ мын баххуыс кӕндзӕн».

Саул Давидыл йӕ хӕстон дзаумӕттӕ скодта, фӕлӕ йын уый загъта: «Мӕ бон нӕ бауыдзӕн ацы дзаумӕтты хӕцын». Давид йӕ дурӕхсӕн райста ӕмӕ цӕугӕдонмӕ ацыд. Уым фондз лӕгъз дуры ссардта ӕмӕ сӕ йӕ хызыны нывӕрдта. Уый фӕстӕ Голиафы ’рдӕм азгъордта. Голиаф ныхъхъӕр кодта: «Рауай, рауай, уӕртӕ лӕппу! Ӕз дӕ мӕргътӕн ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн бахӕрын кӕнон». Фӕлӕ Давид нӕ фӕтарст. Уый Голиафӕн загъта: «Ды мӕ ныхмӕ хъама ӕмӕ арцимӕ цӕуыс, ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын Йегъовӕйы номимӕ. Ды мах ныхмӕ нӕ рацыдтӕ, фӕлӕ Хуыцауы ныхмӕ. Ныртӕккӕ иууылдӕр фендзысты, Йегъовӕйӕ тыхджындӕр кӕй ничи ис ӕмӕ йӕ разы арц ӕмӕ хъама кӕй ницы сты. Абон уӕ уый нӕ къухмӕ ратдзӕн».

Давид дур йӕ дурӕхсӕнӕй йӕ тых йӕ бонӕй ныззыввытт кодта. Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ дур Голиафы тӕккӕ ныхыл сӕмбӕлд. Голиаф дзыхъмард фӕци. Филистимӕгтӕ уый куы федтой, уӕд фыртӕссӕй лидзынмӕ фесты. Ды дӕр Давидау Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ дарыс?

«Адӕймагӕн уый йӕ бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕй уый зӕгъӕн нӕй – уымӕн алцыдӕр у йӕ бон» (Марчы 10:27)