Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

41 СӔРГОНД

Давид ӕмӕ Саул

Давид ӕмӕ Саул

Давид Голиафы куы амардта, уӕд ӕй Саул йе ’фсады хистӕрӕй сӕвӕрдта. Давид бирӕ хӕстыты фӕуӕлахиз, ӕмӕ сси тынг зындгонд. Давид-иу хӕстӕй куы ’рыздӕхт, уӕд-иу сылгоймӕгтӕ йӕ размӕ кафгӕ рацыдысты ӕмӕ-иу зарыдысты: «Саул амардта минтӕ, Давид та – дӕсгай минтӕ!» Саул ӕм хӕлӕг кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ сфӕнд кодта амарын.

Давид хорз цагъта дыууадӕстӕнон фӕндырыл. Иу бон паддзах Саулӕн куы цагъта, уӕд ыл уый йӕ арц фехста. Фӕлӕ Давид йӕхи фӕиуырдӕм кодта, ӕмӕ арц къулыл сӕмбӕлд. Уый фӕстӕ дӕр ма Саул бирӕ хӕттыты хъавыд Давиды амарынмӕ. Ӕппынфӕстаг Давид ӕдзӕрӕг быдырмӕ алыгъд ӕмӕ уым ӕмбӕхст.

Саул ӕмӕ ма йемӕ 3 000 ӕфсӕддоны Давиды агурӕг ацыдысты. Афтӕ рауад, ӕмӕ Саул бацыд, Давид ӕмӕ йӕ адӕм кӕм ӕмбӕхстысты, уыцы лӕгӕтмӕ. Давидӕн йе ’фсӕддонтӕ сусӕгӕй загътой: «Ай хорз фадат у Саулы амарынӕн». Давид Саулмӕ сусӕгӕй бацыд ӕмӕ йын йӕ уӕлӕдарӕсы кӕрон ралыг кодта. Фӕлӕ Саул уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта. Фӕстӕдӕр Давид фӕфӕсмон кодта, Йегъовӕйы ӕвӕрд паддзахӕн афтӕ кӕй бакодта, ууыл. Давид йе ’фсӕддонты Саулы амарын нӕ бауагъта. Саул лӕгӕтӕй куы рахызт, уӕд Давид дӕр рацыд ӕмӕ йӕм фӕхъӕр кодта, мӕ бон дӕ уыд амарын, фӕлӕ дын ницы кодтон, зӕгъгӕ. Цымӕ уый фӕстӕ Саул Давиды иу ран ныууагъта?

Нӕ, уӕддӕр йӕ фӕдыл зылди. Иу бон ӕхсӕвы Давид ӕмӕ йӕ хойы лӕппу Авессӕ сусӕгӕй бацыдысты, Саул ӕмӕ йе ’фсад кӕм уыдысты, уыцы бынатмӕ. Иууылдӕр фынӕй кодтой, суанг Саулы хъахъхъӕнӕг Авенир дӕр. Авессӕ Давидӕн загъта: «Ахӕм хорз фадат ма нын кӕд уыдзӕн? Амарӕм Саулы!» Давид ын загъта: «Йегъовӕйы бар ӕй уадз. Ӕрмӕстдӕр ын йӕ арц ӕмӕ йӕ дурын райсӕм ӕмӕ ацӕуӕм».

Давид ссыд, уым хӕстӕг цы хох уыд, уырдӕм. Уырдыгӕй хорз зынди, Саул ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ кӕм уыдысты, уыцы бынат. Давид ныхъхъӕр кодта: «Авенир, дӕ паддзахы цӕуылнӕ хъахъхъӕныс? Саулӕн йӕ дурын ӕмӕ йӕ арц кӕм сты?» Саул Давиды хъӕлӕс базыдта ӕмӕ загъта: «Дӕ бон мӕ уыд амарын, фӕлӕ мӕм дӕ къух нӕ систай. Ӕз ӕй зонын, мӕ фӕстӕ Израилы паддзах ды кӕй уыдзынӕ». Ӕмӕ Саул фӕстӕмӕ сӕхимӕ аздӕхт. Фӕлӕ Саулы бинонтӕ се ’ппӕт Давидмӕ ӕвзӕр зӕрдӕ нӕ дардтой.

«Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат. Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут» (Ромӕгтӕм 12:18, 19)