Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

43 СӔРГОНД

Паддзах Давид тӕригъӕд сарӕзта

Паддзах Давид тӕригъӕд сарӕзта

Саул куы амард, уӕд Давид сси паддзах. Уӕд ыл цыди 30 азы. Цалдӕр азы куы рацыд, уӕд иухатт Давид йӕ хӕдзары сӕр рацу-бацу кодта ӕмӕ иу рӕсугъд сылгоймаджы ауыдта. Давид базыдта, йӕ ном Вирсави кӕй хуыйны ӕмӕ кӕй у иу ӕфсӕддон лӕджы ус. Уыцы лӕгӕн йӕ ном хуынди Ури. Давид Вирсавийы йӕ хӕдзармӕ ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ Вирсави басывӕрджын. Давиды нӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы хабар рахъӕр уыдаид. Ӕмӕ уӕд йе ’фсады хистӕрӕн загъта, цӕмӕй, хӕст тынгдӕр кӕм цыди, уым Урийы сӕвӕрдтаиккой ӕмӕ йӕ знӕгтимӕ иунӕгӕй фӕуагътаиккой. Ури уыцы тохы фӕмард, ӕмӕ уӕд Давид Вирсавийы ракуырдта.

Фӕлӕ Давид цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон Йегъовӕ федта. Цымӕ Йегъовӕ куыд бакодта? Йӕ пехуымпар Нафаны йӕм арвыста. Нафан Давидӕн загъта: «Иу хъӕздыг лӕгмӕ уыд бирӕ фыстӕ, иу мӕгуыр лӕгмӕ та иу гыццыл уӕрыкк йеддӕмӕ ницы уыд. Мӕгуыр лӕг йӕ уӕрыччы бирӕ уарзта. Фӕлӕ йын ӕй хъӕздыг лӕг байста». Уый фехъусгӕйӕ Давид тынг смӕсты ӕмӕ загъта: «Уыцы хъӕздыг лӕджы амарын хъӕуы!» Уӕд ын Нафан загъта: «Ды дӕ уыцы хъӕздыг лӕг!» Давидӕн йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст, ӕмӕ йӕ рӕдыдыл басаст: «Ӕз Йегъовӕйы ныхмӕ тӕригъӕд ракодтон». Давид ахӕм стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый тыххӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр стыр маст бавзӕрстой. Кӕд ӕй Йегъовӕ бафхӕрдта, уӕддӕр ӕй удӕгасӕй ныууагъта, уымӕн ӕмӕ сӕрныллӕг разынд ӕмӕ йӕ рӕдыдыл басаст.

Давиды фӕндыд Йегъовӕйӕн кувӕндон саразын, фӕлӕ уыцы хъуыддагӕн Йегъовӕ равзӕрста йӕ фырт Соломоны. Давид райдыдта, кувӕндон саразынӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уыдӕттӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ загъта: «Йегъовӕйы кувӕндон хъуамӕ уа стыр ӕмӕ рӕсугъд. Соломон нырма ӕрыгон у, фӕлӕ йын ӕз, кувӕндонӕн цыдӕриддӕр бахъӕудзӕн, уыдӕттӕ ӕрцӕттӕ кӕндзынӕн». Давид кувӕндон саразынӕн радта бирӕ ӕхца. Стӕй ма ссардта алыхуызон дӕсны кусджыты. Ӕрӕмбырд кодта бирӕ сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист, стӕй Тир ӕмӕ Сидонӕй ӕрбаласын кодта кедр бӕлӕстӕ. Давид куы базӕронд, уӕд Соломонӕн радта, кувӕндон цы нывмӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕрцыдаид арӕзт, уый. Давид Соломонӕн загъта: «Йегъовӕ мын ацы ныв дӕуӕн скӕнын кодта. Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн. Тӕрсгӕ мацӕмӕй кӕн ӕмӕ кувӕндон аразынмӕ бавнал».

«Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕхсы, уымӕн ницы бантысдзӕн, чи сӕ раргом кӕны ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уымӕ та уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 28:13)