Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

45 СӔРГОНД

Паддзахад дыууӕ хайыл адих

Паддзахад дыууӕ хайыл адих

Цалынмӕ Соломон Йегъовӕйӕн лӕггад кодта, уӕдмӕ Израилы уыд сабыр цард. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Соломон ӕндӕр бӕстӕтӕй бирӕ устытӕ ракуырдта, ӕмӕ уыдон та куывтой мӕнгхуыцӕуттӕн. Сабыргай Соломонӕн йӕ зондахаст фӕивта, ӕмӕ уый дӕр райдыдта уыцы мӕнгхуыцӕуттӕн кувын. Йегъовӕ Соломонмӕ смӕсты ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Израилы паддзахад дӕуӕй ӕмӕ дӕ бинонтӕй байсдзынӕн ӕмӕ йӕ дыууӕ хайыл адих кӕндзынӕн. Стырдӕр хай ратдзынӕн дӕ лӕггадгӕнджытӕй иуӕн, дӕ бинонтӕн та ныууадздзынӕн къаддӕр хай».

Йегъовӕ афтӕ бакӕнынмӕ кӕй хъавыд, уый ма равдыста ӕндӕр хуызы дӕр. Соломоны лӕггадгӕнджытӕй иу, Йеровоам, кӕдӕмдӕр куы фӕцӕйцыд, уӕд ыл фӕндагыл фембӕлд пехуымпар Ахи. Ахи йӕ уӕлӕдарӕс дыууадӕс хайыл аскъуыдтӕ кодта ӕмӕ Йеровоамӕн загъта: «Йегъовӕ Израилы паддзахад Соломоны бинонтӕй байсдзӕн ӕмӕ йӕ дыууӕ хайыл адих кӕндзӕн. Айс дзы дӕс хайы, уымӕн ӕмӕ дӕс мыггагӕн ды уыдзынӕ паддзах». Соломон уый тыххӕй куы фехъуыста, уӕд Йеровоамы амарын сфӕнд кодта. Ӕмӕ Йеровоам дӕр Египетмӕ алыгъд. Цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд Соломон амард, ӕмӕ паддзах сси йӕ фырт Ровоам. Йеровоам Соломоны мӕлӕты тыххӕй куы фехъуыста, уӕд бамбӕрста, йӕ цардӕн тӕссаг кӕй нал у, ӕмӕ Израилмӕ ӕрыздӕхт.

Израилы хистӕр лӕгтӕ Ровоамӕн загътой: «Дӕ адӕмӕн хорз куы уай, уӕд дыл иузӕрдион уыдзысты». Фӕлӕ Ровоамӕн йе ’рыгон ӕмбӕлттӕ загътой: «Адӕмӕн ма тӕригъӕд кӕн! Фӕлтау сын сӕ куыст фӕуӕззаудӕр кӕн!» Ровоам йе ’мбӕлттӕм байхъуыста. Адӕмӕн сӕ цард фӕуӕззаудӕр кодта, ӕмӕ Израилы дӕс мыггаджы йӕ ныхмӕ рацыдысты. Уыдон сӕхицӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой Йеровоамы. Уыцы дӕс мыггаджы систы Израилы паддзахад. Иннӕ дыууӕ мыггаджы та систы Иудӕйы паддзахад, ӕмӕ уыдон та иузӕрдионӕй баззадысты Ровоамыл. Афтӕмӕй Израилы паддзахад дыууӕ хайыл адих.

Иерусалим уыд Ровоамы паддзахады, ӕмӕ Йеровоамы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм Хуыцауӕн кувынмӕ Иерусалиммӕ цыдаиккой. Цӕуылнӕ, уый зоныс? Уымӕн ӕмӕ тарсти, адӕм Ровоаммӕ куы аздӕхой ӕмӕ йӕ фарс куы слӕууой, уымӕй. Гъемӕ дыууӕ сызгъӕрин роды скодта ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Иерусалим ӕгӕр дард у. Мӕнӕ ам кувут Хуыцауӕн». Ӕмӕ адӕм дӕр райдыдтой уыцы дыууӕ сызгъӕрин родӕн кувын ӕмӕ та сабыргай Йегъовӕйӕ адард сты.

«Уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут, уый уӕззау ӕфсондз у. Цы иу кӕны рӕстдзинад фыддзинадимӕ?» (2 Коринфӕгтӕм 6:14)