Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

47 СӔРГОНД

Йегъовӕ Илийайы бафидар кодта

Йегъовӕ Илийайы бафидар кодта

Йезавел фехъуыста, Ваалы пехуымпартыл цы ’рцыд, уый тыххӕй, ӕмӕ мӕстӕй рафыхт. Ӕмӕ уӕд Илийамӕ арвыста ахӕм ныхас: «Райсом ды дӕр Ваалы пехуымпартау амӕлдзынӕ». Илийа тынг фӕтарст ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ алыгъд. Уым Хуыцаумӕ скуывта: «Йегъовӕ, мӕ бон нал у! Айс мын мӕ цард». Илийа уыд тынг фӕллад, ӕмӕ бӕласы бын бафынӕй.

Иуафон ӕй зӕд райхъал кодта ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Сыст ӕмӕ ахӕр». Илийа ракаст, ӕмӕ дын мӕнӕ тӕвд дуртыл – дзул, йӕ фарсмӕ та дурыны – дон. Илийа бахордта, банызта ӕмӕ та фӕстӕмӕ схуыссыд. Ӕмӕ та йӕ зӕд ногӕй райхъал кодта ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ бахӕр, кӕннод фӕндагыл нӕ бафӕраздзынӕ». Ӕмӕ та Илийа бахордта. Уый фӕстӕ араст ӕмӕ цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы фӕцыд Хоривы хохы онг. Уыцы ран лӕгӕтмӕ бацыд ӕмӕ ӕхсӕв уым баззад. Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Илийа, ам цы кусыс?» Уый йын загъта: «Израилӕгтӕ дын цы дзырд радтой, уый не ’ххӕст кӕнынц. Дӕ нывондхӕссӕнтӕ дын ныппырх кодтой ӕмӕ дын дӕ пехуымпарты амардтой. Ӕмӕ ныр мӕн дӕр марынмӕ хъавынц».

Йегъовӕ йын загъта: «Ӕддӕмӕ рацу ӕмӕ хохыл слӕуу». Фыццаг уал тыхдымгӕ сыстад. Тыхдымгӕйы фӕстӕ та уыд зӕххӕнкъуыст. Уый фӕстӕ та уыд арт. Фӕстагмӕ та фехъуыста фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕс. Илийа йӕ цӕсгом йӕ уӕлӕдарӕсӕй бамбӕрзта ӕмӕ лӕгӕты бахизӕны слӕууыд. Йегъовӕ йӕ бафарста, цӕмӕн алыгътӕ, зӕгъгӕ. Илийа йын загъта: «Дӕ лӕггадгӕнджытӕй ма ӕрмӕстдӕр ӕз баззадтӕн». Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ӕрмӕст ды нӕ баззадтӕ. Израилы ма ис авд мин адӕймаджы, ӕмӕ уыдон мӕнӕн кувынц. Ацу ӕмӕ дӕ бӕсты пехуымпарӕй сӕвӕр Елисейы». Илийа уайтагъд ацыд, цӕмӕй йын Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ бакодтаид. Куыд хъуыды кӕныс, Йегъовӕ дын цы дзуры, уый куы кӕнай, уӕд дӕуӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн? Куыннӕ. Ныр та базонӕм, Израилы хус рӕстӕг куы уыд, уӕд ма цавӕр хабар ӕрцыд, уый тыххӕй.

«Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый» (Филиппӕгтӕм 4:6)