Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

49 СӔРГОНД

Хуыцау ӕвзӕр ус-паддзахы бафхӕрдта

Хуыцау ӕвзӕр ус-паддзахы бафхӕрдта

Паддзах Ахав цард горӕт Изреелы ӕмӕ йӕ хӕдзары фарсмӕ уыд иу адӕймаджы сӕнӕфсирдон. Уыцы адӕймаг хуынди Навуфей. Ахавы фӕндыд, цӕмӕй уыцы сӕнӕфсирдон йӕхи бауыдаид, ӕмӕ Навуфейӕн загъта, цӕмӕй йын ӕй рауӕй кодтаид. Фӕлӕ Навуфей не сразы, уымӕн ӕмӕ-иу, адӕймагӕн йӕ фыдӕлтӕй бынӕн цы зӕххытӕ баззад, уыдон Йегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ уӕй кӕнӕн нӕ уыд. Цымӕ Навуфей Йегъовӕйы закъон кӕй нӕ фехӕлдта, уый Ахавы зӕрдӕмӕ фӕцыд? Нӕ. Ахав афтӕ тынг смӕсты, ӕмӕ йӕ уатӕй ӕддӕмӕ хизгӕ дӕр нал кодта ӕмӕ хӕрын дӕр нал куымдта.

Ахавӕн йӕ ус, Йезавел, уыд тынг ӕвзӕр адӕймаг. Уый йын загъта: «Ды Израилы паддзах дӕ, ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр бахъӕуа, уый дын уыдзӕн. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыцы сӕнӕфсирдон дӕу бауыдзӕн». Уый фӕстӕ Йезавел горӕты хистӕр лӕгтӕм писмотӕ арвыста. Фыст дзы уыди, цӕмӕй Навуфейӕ афтӕ загътаиккой, Хуыцауы ралгъыста, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ стӕй дуртӕй амардтаиккой. Ӕмӕ уыдон дӕр афтӕ бакодтой. Уӕд Йезавел Ахавӕн загъта: «Навуфей амард! Ныр йӕ сӕнӕфсирдон дӕу у».

Йезавел ӕрмӕст Навуфейы нӕ амарын кодта, фӕлӕ ма, Йегъовӕйы чи уарзта, бирӕ ахӕм ӕнаххос адӕмы дӕр. Йезавел куывта мӕнгхуыцӕуттӕн, стӕй ма арӕзта бирӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ алцыдӕр уыдта. Цымӕ куыд бакодта?

Ахав куы амард, уӕд цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иорам. Йегъовӕ иу лӕджы, Ииуйы, арвыста, цӕмӕй Йезавелы ӕмӕ йӕ бинонты бафхӕрдтаид.

Ииуй йӕ бӕхуӕрдоныл сбадт ӕмӕ Изреелмӕ Йезавелы хӕдзармӕ араст. Уырдӕм куыд фӕцӕйхӕццӕ кодта, афтӕ йӕм Иорам бӕхуӕрдоныл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Фарнимӕ цӕуыс?» Ииуй йын загъта: «Цалынмӕ дӕ мад Йезавел ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕны, уӕдмӕ цӕй фарны кой кӕныс?» Уӕд Иорам йӕ бӕхуӕрдон фӕзылдта, цӕмӕй алыгъдаид, фӕлӕ йӕ Ииуй фатӕй фехста, ӕмӕ Иорам амард.

Стӕй Ииуй Йезавелы хӕдзармӕ ацыд. Йезавел куы фехъуыста, Ииуй кӕй ӕрбацӕуы, уый, уӕд йӕ цӕстытӕ ацахуырста, йӕ дзыккутӕ рӕсугъд ныффаста ӕмӕ рудзынджы раз слӕууыд. Ииуй куы ’рбахӕццӕ, уӕд ӕм Йезавел мӕстыйӕ сдзырдта. Ииуй, Йезавелы фарсмӕ цы лӕггадгӕнджытӕ уыд, уыдонмӕ схъӕр кодта: «Уырдыгӕй йӕ раппарут!» Уыдон дӕр Йезавелы рудзынгӕй раппӕрстой, ӕмӕ Йезавел амард.

Уый фӕстӕ Ииуй амарын кодта Ахавы 70 фырты ӕмӕ, Ваалӕн чи куывта, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Уырны дӕ, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй уыны ӕмӕ, рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд ӕвзӕр адӕмы кӕй фесафдзӕн?

«Адӕймаг абон ӕнӕфсисӕй цы бынтӕ скӕна, уыдоны райсом арфӕдзинад нӕ уыдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 20:21)