Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

52 СӔРГОНД

Йегъовӕйы уӕларвон ӕфсад

Йегъовӕйы уӕларвон ӕфсад

Сирийы паддзах Венадад цалдӕр хатты Израилы ныхмӕ рацыд. Фӕлӕ-иу пехуымпар Елисей Израилы паддзахӕн фӕхабар кодта, сириӕгтӕ кӕм ӕрӕмбырд сты, уый, ӕмӕ-иу паддзах дӕр уырдӕм хӕстӕг нӕ цыд. Ӕмӕ уӕд Венадад сфӕнд кодта Елисейы ӕрцахсын. Елисей горӕт Дофаны кӕй ис, уый Венадад куы базыдта, уӕд уырдӕм йе ’фсӕддонты арвыста, цӕмӕй йӕ ӕрцахстаиккой.

Сириӕгтӕ Дофанмӕ ӕхсӕвыгон ӕрцыдысты. Елисейы лӕггадгӕнӕг райсомӕй раджы ӕддӕмӕ куы рацыд, уӕд кӕсы, ӕмӕ горӕты алыварс лӕууы стыр ӕфсад. Лӕггадгӕнӕг старст ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Елисей, цы бакӕнӕм?!» Елисей йын загъта: «Немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты, семӕ чи ис, уыдонӕй». Уӕд Йегъовӕ уыцы лӕггадгӕнӕгӕн иу диссаг фенын кодта: горӕты алыварс цы хӕхтӕ уыд, уыдоныл уыд дуне бӕхтӕ ӕмӕ, артау цӕхӕртӕ чи калдта, ахӕм хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ.

Сириаг ӕфсӕддонтӕ Елисейы ӕрцахсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд Елисей Хуыцаумӕ скуывта: «Йегъовӕ, курын дӕ, бакуырм сӕ кӕн». Ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ йӕ нал ӕмбӕрстой, кӕм сты, уый, кӕд ӕцӕгӕй нӕ бакуырм сты, уӕддӕр. Елисей сын загъта: «Ай уыцы горӕт нӕу. Цомут мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ ӕз акӕндзынӕн, кӕй агурут, уыцы адӕймагмӕ». Уыдон дӕр Елисейы фӕдыл араст сты, ӕмӕ сӕ уый ӕркодта Самаримӕ, Израилы паддзах кӕм цард, уыцы горӕтмӕ.

Кӕддӕр-кӕддӕр бамбӕрстой, кӕм сты, уый. Израилы паддзах Елисейы бафарста: «Амарон сӕ?» Цымӕ Елисей уыцы фадатӕй спайда кодта, цӕмӕй сириӕгтӕй йӕ маст райстаид? Нӕ. Уый загъта: «Ма сӕ амар. Уый бӕсты сын бахӕрын кӕн ӕмӕ сӕ стӕй арвит». Ӕмӕ сын паддзах дӕр стыр фынгтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сӕ стӕй фӕстӕмӕ сӕхимӕ арвыста.

«Мах ӕй фидарӕй зонӕм, ӕмӕ Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоанны 5:14)