Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

54 СӔРГОНД

Йегъовӕ Ионӕимӕ уыд фӕразон

Йегъовӕ Ионӕимӕ уыд фӕразон

Ассирийы горӕт Ниневийы цард тынг ӕвзӕр адӕм. Йегъовӕ йӕ пехуымпар Ионӕйӕн загъта, зӕгъгӕ, Ниневимӕ ацу ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхс, цӕмӕй се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой. Фӕлӕ Ионӕ бынтон ӕндӕрырдӕм алыгъд. Фарсисмӕ чи цыд, уыцы наутӕй иуыл сбадт ӕмӕ уырдӕм араст.

Иуафон денджызы тыхджын дымгӕ сыстад, ӕмӕ, науыл чи цыд, уыдон фӕтарстысты. Уӕд сӕ хуыцӕуттӕм кувын райдыдтой ӕмӕ дисгӕнгӕ дзырдтой, ахӕм хабар ныл цӕмӕн ӕрцыд, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын уӕд Ионӕ загъта: «Уый мӕ аххос у. Ӕз Йегъовӕйӕ алыгътӕн, цы мын бафӕдзӕхста, уый нӕ бакодтон. Денджызы мӕ ныппарут, ӕмӕ уӕд денджыз ӕрсабыр уыдзӕн». Уыдон нӕ разы кодтой, фӕлӕ сын Ионӕ уӕддӕр дзырдта, ныппарут мӕ денджызы, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕ куы ныппӕрстой, уӕд бӕстӕ ныссабыр.

Ионӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ амӕлдзӕн. Ӕмӕ ныгъуылын куы райдыдта, уӕд Йегъовӕмӕ скуывта. Уый фӕстӕ йӕ Йегъовӕ стыр кӕсагӕн аныхъуырын кодта. Фӕлӕ Ионӕ мӕлгӕ нӕ акодта. Кӕсаджы хуылфы Хуыцаумӕ скуывта: «Дзырд дын дӕттын, алкӕддӕр дӕм кӕй хъусдзынӕн». Ионӕ кӕсаджы хуылфы фӕци ӕртӕ боны, фӕлӕ йыл ницы ӕрцыди. Стӕй Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ йӕ кӕсаг сурзӕхмӕ раппӕрста.

Кӕд Йегъовӕ Ионӕйы удӕгасӕй ныууагъта, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ йӕ Ниневимӕ цӕуын нал хъуыди. Йегъовӕ та йын ногӕй загъта, цӕмӕй уырдӕм ацыдаид. Ӕмӕ йӕм ацы хатт Ионӕ байхъуыста. Уый ацыд ӕмӕ дзы цы ӕвзӕр адӕм цард, уыдонӕн загъта: «Цыппор боны фӕстӕ Ниневи пырхгонд ӕрцӕудзӕн». Уый фӕстӕ ӕрцыд, Ионӕ ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм хабар – ниневиӕгтӕ йӕм байхъуыстой ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътой. Ниневийы паддзах йӕ адӕмӕн загъта: «Хуыцаумӕ скувут ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕнут. Кӕд нӕ ӕцӕг Хуыцау нӕ фесафид». Адӕм кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый Йегъовӕ куы федта, уӕд Ниневийы цӕрджыты нал фесӕфта.

Ионӕ смӕсты, Хуыцау уыцы горӕт кӕй нӕ ныппырх кодта, уый тыххӕй. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ куыд фӕразон у, ууыл. Кӕд ӕм Ионӕ нӕ байхъуыста, уӕддӕр ын фӕтӕригъӕд кодта. Ионӕ та Ниневийы цӕрджытӕн ӕппындӕр нӕ тӕригъӕд кодта. Уый тӕргайхуызӕй горӕты ӕдде куысыфтӕджы аууоны сбадт. Гыццыл фӕстӕдӕр куысыфтӕг бахус, ӕмӕ Ионӕ смӕсты. Ӕмӕ йын уӕд Йегъовӕ загъта: «Дӕумӕ ацы куысыфтӕг ӕвгъау фӕкаст, Ниневийы цӕрджытӕ та дӕм тӕригъӕд нӕ кӕсынц. Ӕз сын фӕтӕригъӕд кодтон ӕмӕ сӕ уый тыххӕй удӕгасӕй ныууагътон». Уый цӕуыл дзурӕг уыд? Йегъовӕйӕн Ниневийы цӕрджытӕ цыфӕнды зайӕгойӕ дӕр бирӕ зынаргъдӕр уыдысты.

«Йегъовӕ... уын быхсы, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Петры 3:9)