Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

58 СӔРГОНД

Вавилойнӕгтӕ Иерусалим ныппырх кодтой

Вавилойнӕгтӕ Иерусалим ныппырх кодтой

Ногӕй ӕмӕ та-иу ногӕй Иудӕйы цӕрджытӕ Йегъовӕйы ныууагътой ӕмӕ та-иу мӕнгхуыцӕуттӕн кувын райдыдтой. Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид, ӕмӕ сӕм бирӕ азты дӕргъы йӕ пехуымпарты ӕрвыста. Фӕлӕ-иу сӕм израилӕгтӕ нӕ хъуыстой. Суанг ма-иу сӕ хынджылӕг дӕр кодтой. Цымӕ Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ адӕм мӕнгхуыцӕуттӕн мауал куывтаиккой?

Вавилоны паддзах Навуходоносор бацахста бирӕ бӕстӕтӕ. Иерусалим фыццаг хатт куы бацахста, уӕд паддзах Йехонийы, стӕй кънйӕзты, хӕстон лӕгты ӕмӕ, йӕхи къухӕй рӕсугъд дзауматӕ чи арӕзта, уыдоны Вавилонмӕ уацары акодта. Стӕй ма, Йегъовӕйы кувӕндоны цыдӕриддӕр хӕзнатӕ уыди, уыдон дӕр иууылдӕр рахаста. Навуходоносор Иудӕйы паддзахӕй сӕвӕрдта Седекийы.

Фыццаг рӕстӕг Седеки Навуходоносоры ныхасмӕ хъуыста. Фӕлӕ йын, сӕ алыварс бӕстӕты цы адӕм цард, уыдон, стӕй мӕнг пехуымпартӕ дӕр дзырдтой, цӕмӕй Вавилоны ныхмӕ рацыдаид. Йереми Седекийы бафӕдзӕхста: «Вавилоны ныхмӕ куы рацӕуай, уӕд Иудӕйы зӕххыл бирӕ адӕм хъамайӕ, ӕххормагдзинадӕй ӕмӕ фыднизӕй фӕцагъды уыдзысты».

Седеки аст азы куы уыд паддзах, уӕд Вавилоны ныхмӕ рацыд, ӕмӕ Египетӕй ӕххуыс ракуырдта. Навуходоносор йе ’фсад Иерусалиммӕ арвыста, ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ горӕты алыварс ӕрбынат кодтой. Йереми Седекийӕн загъта: «Йегъовӕ зӕгъы, уӕхи сӕ къухмӕ куы раттат, уӕд удӕгасӕй кӕй баззайдзыстут. Фӕлӕ афтӕ куы нӕ бакӕнат, уӕд вавилойнӕгтӕ Иерусалим басудздзысты, уӕхи та уын уацары акӕндзысты». Седеки йын загъта: «Ӕз мӕхи сӕ къухмӕ никуы ратдзынӕн!»

Афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг куы рацыд, уӕд вавилойнӕгтӕ Иерусалимы къул батыдтой ӕмӕ горӕтыл арт бандзӕрстой. Кувӕндон басыгътой, адӕмӕй бирӕты амардтой, минты та уацары акодтой.

Седеки Иерусалимӕй алыгъд, фӕлӕ йӕ вавилойнӕгтӕ фӕстейӕ асырдтой. Иерихонмӕ хӕстӕг куы уыд, уӕд ӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Навуходоносормӕ акодтой. Навуходоносор Седекийӕн йӕ фыртты йӕ цӕстыты раз амарын кодта. Стӕй йын йӕ цӕстытӕ скъахын кодта ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта. Ӕмӕ цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Седеки уым амард. Фӕлӕ Йегъовӕ Иудӕйы адӕмӕн загъта: «70 азы куы рацӕуа, уӕд уӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕркӕндзынӕн».

Вавилонмӕ уацары акодтой ӕрыгон лӕппуты ӕмӕ чызджыты дӕр. Цымӕ уыдон та цы баисты? Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадысты?

«О Йегъовӕ, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, дӕ тӕрхӕттӕ сты ӕцӕг ӕмӕ раст» (Раргомад 16:7)