Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

59 СӔРГОНД

Йегъовӕйы коммӕ чи каст, уыцы цыппар дзуттаг лӕппуйы

Йегъовӕйы коммӕ чи каст, уыцы цыппар дзуттаг лӕппуйы

Паддзах Навуходоносор Иудӕйы кънйӕзты Вавилонмӕ куы ’ркодта, уӕд йӕ хистӕр лӕггадгӕнджытӕй иуӕн, Асфеназӕн, бахӕс кодта, цӕмӕй сӕм йӕ хъус дардтаид. Паддзах ын загъта, цӕмӕй сын се ’хсӕнӕй равзӕрстаид, фидардӕр ӕмӕ сӕ зондджындӕр чи разындаид, ахӕм ӕрыгон лӕппуты. Уыцы лӕппуты хъуамӕ ӕртӕ азы ахуыр кодтаиккой, цӕмӕй уый фӕстӕ паддзахы хӕдзары стыр бынӕттӕ бацахстаиккой. Хъуамӕ сӕ ахуыр кодтаиккой аккадаг ӕвзагыл кӕсын, фыссын ӕмӕ дзурын. Вавилоны уыцы ӕвзагыл дзырдтой. Стӕй ма сын хъуамӕ лӕвӕрдтаиккой, паддзах ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй хордтой, ахӕм хӕринӕгтӕ. Уыцы лӕппутӕй цыппар уыдысты Данел, Анани, Мисаил ӕмӕ Азари. Фӕлӕ сын Асфеназ радта вавилойнаг нӕмттӕ: Валтасар, Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго. Цымӕ сӕ Вавилоны уыдӕттыл кӕй ахуыр кодтой, уый тыххӕй сӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нал фӕндыд?

Уыцы цыппар лӕппуйы сӕхицӕн фидарӕй загътой, Йегъовӕйы закъон кӕй нӕ фехалдзысты, цыфӕнды куы ’рцӕуа, уӕддӕр. Уыдон зыдтой, паддзах цы хӕринӕгтӕ хордта, уыдонӕй сын кӕцыдӕртӕ Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ хӕрӕн кӕй нӕ уыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Асфеназӕн загътой: «Дӕ хорзӕхӕй, паддзахы хӕринӕгтӕй нын ма хӕрын кӕн». Асфеназ сын загъта: «Куы нӕ хӕрат, уӕд рынчынхуыз уыдзыстут, ӕмӕ мӕ уӕд паддзах амардзӕн!»

Фӕлӕ Данелмӕ иу хъуыды фӕзынди, ӕмӕ хъахъхъӕнӕгӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, дӕс боны нӕ бафӕлвар: хӕрынӕн нын дӕтт халсартӕ, нуазынӕн та – дон, ӕмӕ-иу нӕ уӕд абар, паддзахы хӕринӕгтӕй чи хӕрдзӕн, уыдонимӕ». Ӕмӕ хъахъхъӕнӕг дӕр сразы.

Дӕс боны куы рацыд, уӕд Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы иннӕ лӕппутӕй се ’ппӕтӕй дӕр уыдысты бирӕ хӕрзхуыздӕр. Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон уыд, йӕ коммӕ кӕй кастысты, уый. Данелы та ахӕм зондӕй схайджын кодта, ӕмӕ йӕ бон уыд цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ фынтӕ халын.

Лӕппуты алцӕуыл дӕр куы сахуыр кодтой, уӕд сӕ Асфеназ паддзах Навуходоносормӕ ӕрбакодта. Паддзах семӕ куы аныхас кодта, уӕд федта, Данел, Анани, Мисаил ӕмӕ Азари иннӕ лӕппутӕй бирӕ зондджындӕр ӕмӕ ӕмбаргӕдӕр кӕй сты. Навуходоносор сӕ равзӕрста, цӕмӕй йын лӕггад кодтаиккой. Паддзахы-иу исты зын фарста алыг кӕнын куы хъуыди, уӕд-иу арӕх уыдонмӕ фӕдзырдта. Йегъовӕ сын ахӕм зонд радта, ӕмӕ паддзахы ӕппӕт уынаффӕгӕнджытӕй ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕй дӕр уыдысты бирӕ зондджындӕр.

Кӕд Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы ӕндӕр бӕстӕйы уыдысты, уӕддӕр никуы рох кодтой, Йегъовӕйы адӕмӕй кӕй сты, уый. Ды дӕр алкӕддӕр Йегъовӕйы дӕ зӕрдыл дардзынӕ, суанг дӕ ныййарджытӕ дӕ фарсмӕ куы нӕ уой, уӕд дӕр?

«Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 27:11)